Псаломтӕ 13 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. Давиды псалом. Ӕнӕзонд йӕ мидзӕрдӕйы загъта: «Хуыцау нӕй!» Фехӕлдысты адӕм, ӕлгъаг митӕ кӕнынц, хорз хъуыддаг аразӕг нал ис. 2 Дунедарӕг уӕларвӕй фӕлгӕсы адӕммӕ, кӕсы: цымӕ се ’хсӕн, Хуыцауы чи агуры, иу ахӕм ӕмбаргӕ адӕймаг ис? 3 Се ’ппӕт дӕр адзӕгъӕл сты, се ’ппӕт дӕр фехӕлдысты, хорздзинад ничи кӕны, иунӕг адӕймаг дӕр. 4 Ау, не ’рӕмбардзысты фыдгӕнджытӕ, мӕ адӕмы мын дзулы хӕрд чи кӕны ӕмӕ Дунедарӕджы чи нӕ агуры, уыдон? 5 Фыр тӕссӕй риздзысты, уымӕн ӕмӕ Хуыцау рӕстгӕнджытимӕ ис. 6 Сымах худтыстут мӕгуырыл, фӕлӕ йӕ Дунедарӕг хъахъхъӕны. 7 Тӕхуды ӕмӕ Израилӕн ирвӕзындзинад лӕвӕрд куы ’рцӕуид Сионӕй! Дунедарӕг Йӕ адӕмы уацарӕй куы раздаха, уӕд ныццин кӕндзӕни Йаков, уӕд Израил фыр цинӕй райдзӕн! |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia