Псаломтӕ 128 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Уӕлвонг Кувӕндонмӕ цӕуджыты зарӕг. Ме ’взонджы бонтӕй мӕ бирӕтӕ ссӕстой, — зӕгъӕд Израил, — 2 ме ме ’взонджы бонтӕй мӕ бирӕтӕ ссӕстой, фӕлӕ мыл нӕ фӕтых сты. 3 Ме рагъыл мын хуым кодтой хуымгӕнджытӕ, ауагътой-иу ыл даргъ ауӕдзтӕ. 4 Фӕлӕ Дунедарӕг рӕстаг у: ӕнӕхуыцӕутты хъадамантӕ ныссаста. 5 Сионы хох ӕнӕуынон кӕмӕн у, уыдон фидиссаг фӕуӕнт ӕмӕ сӕ фӕд-фӕд фӕстӕмӕ аздӕхӕнт! 6 Уӕлхӕдзӕрттыл цы кӕрдӕг фӕзыны, уый хуызӕн суӕнт: нӕма сырӕзы, афтӕмӕй бахус вӕййы. 7 Тыллӕгӕфснайӕг дзы йӕ къух нӕ байдзаг кӕндзӕн, куырисбӕттӕг — йӕ арм. 8 Сӕ цурты-иу чи рацӕйцӕуа, уыдон сын нӕ зӕгъдзысты: «Дунедарӕг уын раарфӕ кӕнӕд! Мах дӕр уын арфӕ кӕнӕм Йӕ номӕй!» |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia