Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Псаломтӕ 127 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Уӕлвонг Кувӕндонмӕ цӕуджыты зарӕг. Тӕхудиаг сты, Дунедарӕгӕй чи тӕрсы, Йӕ фӕндӕгтыл Ын чи цӕуы, уыдон!

2 Дӕ къухвӕллойӕ цы бакусай, уымӕй цӕрдзынӕ. Тӕхудиаг дӕ, ӕмӕ фӕрнӕйдзаг уыдзынӕ!

3 Дӕ бинойнаг дӕ хӕдзары мидӕг зад сӕнӕфсир бӕласау — зӕнӕгджын, дӕ фынджы алыварс дӕ фырттӕ — оливӕ бӕласы ӕвзартау.

4 Дунедарӕгӕй чи тӕрсы, ууыл ахӕм арфӕ ӕрцӕудзӕн!

5 Сионы хохы сӕрӕй дыл Дунедарӕг Йӕ арфӕ ӕруадздзӕн! Цӕрӕнбонты цин кӕндзынӕ Йерусалимы амондыл!

6 Дӕ цоты цоты дӕр ма ӕрӕййафдзынӕ! Израилы адӕм фӕрнджын уӕнт!

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan