Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Псаломтӕ 124 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Уӕлвонг Кувӕндонмӕ цӕуджыты зарӕг. Дунедарӕг йӕ ныфс кӕмӕн у, уый Сионы хохау нӕ фенкъуысдзӕни мыггагмӕ.

2 Йерусалимы алыварс хӕхтӕ куыд лӕууынц, афтӕ Дунедарӕг дӕр Йӕ адӕмыл ӕртыхсти — ныр дӕр ӕмӕ мыггагмӕ дӕр.

3 Ӕнӕхуыцӕуттӕ нӕ бацахсдзысты рӕстгӕнджыты бӕстӕ, цӕмӕй рӕстудтӕн дӕр сӕ къух ма фӕтаса фыдмимӕ.

4 О Дунедарӕг, ахъаз бакӕн хӕларзӕрдӕтӕн ӕмӕ рӕстудтӕн!

5 Галиу фӕндӕгтыл чи ныллӕууыд, уыдоны та фыдгӕнджытимӕ бафхӕр! Фӕрнӕйдзаг уӕд Израил!

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan