Псаломтӕ 123 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Уӕлвонг Кувӕндонмӕ цӕуджыты зарӕг. Сарӕзта йӕ Давид. Дунедарӕг немӕ куы нӕ уыдаид, — Израил йӕхӕдӕг зӕгъӕд, — 2 Дунедарӕг немӕ куы нӕ уыдаид, адӕм нӕ ныхмӕ куы сыстадысты — 3 удӕгасӕй нӕ аныхъуырдтаиккой сӕ судзгӕ масты пиллонӕй. 4 Фӕдӕлдон уыдаиккам, дӕттӕ цыдаиккой нӕ сӕрты, 5 доны знӕт уылӕнты бын фӕуыдаиккам. 6 Арфӕгонд у Дунедарӕг, сӕ дӕндӕгты амӕттаг нӕ Чи нӕ бакодта! 7 Маргъ ахсӕн хызӕй куыд аирвӕзы, уыйау мах дӕр аирвӕзтыстӕм. Ахсӕн хыз аскъуыд, ӕмӕ ссӕрибар стӕм. 8 Ауды ныл Дунедарӕг — арв ӕмӕ зӕхх Сфӕлдисӕг. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia