Псаломтӕ 122 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Уӕлвонг Кувӕндонмӕ цӕуджыты зарӕг. Ме скаст Дӕумӕ у, уӕлӕрвты Цӕрӕг! 2 Цагъартӕ се ’лдары къухмӕ куыд кӕсынц, унӕут — йе ’хсины къухмӕ, афтӕ махӕн дӕр нӕ каст Дунедарӕгмӕ, нӕ Хуыцаумӕ, у, Йӕ хорзӕхмӕ Йын ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм. 3 Батӕригъӕд нын кӕн, Дунедарӕг, батӕригъӕд нын кӕн! Фаг нын фӕуӕд не ’фхӕрд, 4 нӕ уд йӕ хъуырмӕ у хъалты хынджылӕг, ӕнӕввӕрсонты фидистӕй. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia