Псаломтӕ 121 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Уӕлвонг Кувӕндонмӕ цӕуджыты зарӕг. Сарӕзта йӕ Давид. Дунедарӕджы хӕдзармӕ цомут, зӕгъгӕ, куы фехъуыстон, уӕд ныццин кодтон. 2 Мӕнӕ бавӕрдтам нӕ къах дӕ кулдуарӕй, Йерусалим! 3 Йерусалим — адӕмы иумӕ ӕмбырдгӕнӕг сахар, 4 Израилы хӕдзарвӕндӕгтӕ Израилы ӕгъдаумӕ гӕсгӕ Дунедарӕджы ном стауынмӕ кӕдӕм ссӕуынц. 5 Уым — тӕрхоны бадӕнтӕ, Давиды хӕдзары паддзахы бадӕнтӕ. 6 Кувут Йерусалимы фарнӕн: «Чи дӕ уарзы, уыдон ӕвыдӕй цӕрӕнт! 7 Фарн уӕд дӕ систы ӕхсӕн, ӕнӕфыдбылыз уӕнт дӕ галуантӕ!» 8 Ме ’фсымӕрты, мӕ хиуӕтты сӕрвӕлтау дын зӕгъын: «Фарн дӕм уӕд!» 9 Дунедарӕджы, нӕ Хуыцауы, хӕдзары сӕраппонд дын зӕгъын: «Хорзӕй цӕр!» |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia