Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Псаломтӕ 120 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Уӕлвонг Кувӕндонмӕ цӕуджыты зарӕг. Мӕ цӕстӕнгас сарӕзтон хӕхтӕм: кӕцӕй мӕм ӕрцӕудзӕн ӕххуыс?

2 Баххуыс мын кӕндзӕни Дунедарӕг — арв ӕмӕ зӕхх сфӕлдисӕг.

3 Дӕ къах дын Уый нӕ бауадздзӕни фӕцудын, дӕ хъахъхъӕнӕг рӕдзӕ-мӕдзӕ нӕ кӕны.

4 Рӕхцгӕ ӕмӕ фынӕй нӕ кӕны Израилы хъахъхъӕнӕг.

5 Дӕуыл ауды Дунедарӕг, Йӕ дӕлбазыр дӕ бакӕндзӕн, Уый лӕууы дӕ рахизфарс.

6 Боныгон дӕ хур нӕ ныццӕвдзӕн, ӕхсӕвыгон дӕ мӕй нӕ бахъыгдардзӕн.

7 Дунедарӕг дӕ бахиздзӕн алы фыдбылызӕй, бахиздзӕн дын дӕ уд.

8 Дунедарӕг дын хъахъхъӕндзӕн дӕ ацыд ӕмӕ де ’рбацыд ныр дӕр ӕмӕ мыггагмӕ дӕр.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan