Псаломтӕ 12 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. Давиды псалом. 2 Дунедарӕг, кӕдмӕ уыдзынӕн рох Дӕуӕй, кӕдмӕ мӕ ’мбӕхсдзынӕ Дӕ цӕсгом? 3 Ӕнӕхъуаджы фӕндтӕ кӕдмӕ кӕндзынӕн, бон-сауизӕрмӕ кӕдмӕ рисдзӕн мӕ зӕрдӕ? Ме знаг мӕм уӕлейӕ дӕлӕмӕ кӕдмӕ кӕсдзӕни? 4 Ӕркӕс мӕм, дзуапп мын ратт, о Дунедарӕг, мӕ Хуыцау! Рухс фенын кӕн мӕ цӕстытӕн, цӕмӕй мӕрдон фынӕй ма бауон, 5 цӕмӕй ме знаг ма зӕгъа: «Фӕуӕлахиз ыл дӕн». Цӕмӕй фыдгултӕ ма ныццин кӕной, мӕнӕйуый нал ис, зӕгъгӕ. 6 Дӕ хорзӕхыл мӕ зӕрдӕ дарын, куы мӕ фервӕзын кӕнай, уӕд цин кӕндзынӕн. Зардзынӕн Дунедарӕгыл, — стыр хорзӕх мын Чи ракодта, ууыл. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia