Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Псаломтӕ 117 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Арфӕ кӕнут Дунедарӕгӕн, уымӕн ӕмӕ Уый хӕрзаудӕг у, Йӕ хорзӕх мыггагмӕ у.

2 Зӕгъӕд Израил: «Йӕ хорзӕх мыггагмӕ у».

3 Зӕгъӕд Аароны хӕдзар: «Йӕ хорзӕх мыггагмӕ у».

4 Дунедарӕгӕн кад чи кӕны, уыдон зӕгъӕнт: «Йӕ хорзӕх мыггагмӕ у».

5 Мӕ тыхсты рӕстӕг Дунедарӕгмӕ сдзынӕзтон, ӕмӕ мӕ Уый ракодта тыгъдадмӕ.

6 Дунедарӕг мӕ фарс у, ӕмӕ ӕз нӕ фӕтӕрсдзынӕн: цы мын ракӕндзӕн адӕймаг?

7 Дунедарӕг мын ӕххуыс кӕны, ӕмӕ ме знӕгтӕм ӕдӕрсгӕйӕ кӕсдзынӕн.

8 Адӕймагӕй ныфс ӕвӕрыны бӕсты Дунедарӕгыл зӕрдӕ дарын — хуыздӕр.

9 Барджынтӕй ныфс ӕвӕрыны бӕсты Дунедарӕгыл зӕрдӕ дарын — хуыздӕр.

10 Ӕрӕмбырд мыл сты ӕппӕт адӕмтӕ, фӕлӕ сӕ Дунедарӕджы номӕй басастон;

11 ӕртыхстысты мыл, ӕрӕмбырд мыл сты, фӕлӕ сӕ Дунедарӕджы номӕй басастон.

12 Ӕртыхстысты мыл мыдыбындзытау, фӕлӕ сындзкъутӕры артау бамынӕг сты: Дунедарӕджы номӕй сӕ басастон.

13 Куыд ахауон, афтӕ мӕ фесхуыстой, фӕлӕ мӕ Дунедарӕг фӕцудын нӕ бауагъта.

14 Дунедарӕг — мӕ тых, мӕ зарӕг; мӕ ирвӕзынгӕнӕг Уый у.

15 Рӕстудты цатыртӕй хъуысынц цин ӕмӕ уӕлахизы хъӕртӕ, Дунедарӕг Йӕ рахиз къухы хъомыс равдыста!

16 Дунедарӕджы рахиз къух бӕрзонд у, Дунедарӕджы рахиз къух ӕвдисы Йӕ хъару!

17 Нӕ, ӕз нӕ амӕлдзынӕн, мӕ удӕгасӕй хъусын кӕндзынӕн Дунедарӕджы хъуыддӕгтӕ.

18 Карз мӕ бафхӕрдта Дунедарӕг, фӕлӕ мӕ мӕлӕты къухмӕ нӕ радта.

19 Рӕстады кулдуар мын бакӕнут — ӕз бацӕуон ӕмӕ Дунедарӕджы сыстауон.

20 Мӕнӕ Дунедарӕджы кулдуар, рӕстгӕнджытӕ йыл бахиздзысты.

21 Стауын Дӕ, уымӕн ӕмӕ мӕ фехъуыстай, мӕ ирвӕзынгӕнӕг сдӕ.

22 Аразджытӕ цы дурыл нӕ баввӕрсыдысты, уый сси фисыны сӕйраг дур:

23 уый Дунедарӕг сарӕзта, ӕмӕ уыцы диссаг мах нӕ цӕстӕй уынӕм.

24 Ацы бон Дунедарӕг сфӕлдыста: цин кӕнӕм, скӕнӕм бӕрӕгбон!

25 Дунедарӕг, фервӕзын нӕ кӕн! Дунедарӕг, баххуыс кӕн!

26 Арфӕгонд уӕд Дунедарӕджы номӕй ӕрцӕуӕг! Арфӕ уын кӕнӕм Дунедарӕджы хӕдзарӕй!

27 Хуыцау у Дунедарӕг, ӕмӕ нӕ Уый срухс кодта Йӕ рухсӕй. Сбӕттут бӕндӕнтӕй бӕрӕгбоны нывонды, ӕрбахӕссут ӕй нывондхӕссӕнмӕ.

28 Ды мӕ Хуыцау дӕ, ӕмӕ Дын кад кӕндзынӕн, Ды мӕ Хуыцау дӕ, ӕмӕ Дӕ стаудзынӕн.

29 Кад кӕнут Дунедарӕгӕн, уымӕн ӕмӕ Уый хӕларзӕрдӕ у, Йӕ хорзӕх ӕнусон у.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan