Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Псаломтӕ 115 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Мӕ уырнындзинад фидар уыд, ӕмӕ ӕз уымӕ гӕсгӕ дзырдтон: «Бастадтӕн бынтондӕр».

2 Мӕ фыр тыхстӕй загътон: «Иу адӕймагыл дӕр ӕууӕнк нӕй».

3 Дунедарӕджы хӕрзтӕ цӕмӕй бафиддзынӕн ӕз?

4 Ирвӕзындзинады кӕхц райсдзынӕн ӕмӕ Дунедарӕджы ном ссардзынӕн.

5 Йӕ разы цӕмӕйдӕриддӕр басомы кодтон — иууылдӕр сӕ сӕххӕст кӕндзынӕн Йе ’ппӕт адӕмы раз.

6 Дунедарӕджы цӕсты зынаргъ у Йӕ сыгъдӕджыты мӕлӕт.

7 О Дунедарӕг, ӕз Дӕ цагъар дӕн, Дӕ цагъар, Дӕ цагъар сылгоймаджы хъӕбул; Ды мӕ суӕгъд кодтай мӕ рӕхыстӕй.

8 Бузныджы нывонд Дын ӕрхӕсдзынӕн ӕмӕ Дунедарӕджы ном ссардзынӕн.

9 Йӕ разы цӕмӕйдӕриддӕр басомы кодтон — иууылдӕр сӕ сӕххӕст кӕндзынӕн Йе ’ппӕт адӕмы раз,

10 Дунедарӕджы Аргъуаны кӕрты, дӕ астӕу, Йерусалим! Алелуйа!

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan