Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Псаломтӕ 114 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Ӕз цин кӕнын, Дунедарӕг мын мӕ дзыназын, мӕ куывд кӕй фехъуыста, ууыл.

2 Йӕ хъус мӕм ӕрдардта, ӕмӕ Йын Ӕз ардзынӕн Йӕ ном, цалынмӕ удӕгас уон, уӕдмӕ.

3 Мӕлыны къахыл ныллӕууыдтӕн, мӕрдтыбӕсты хъизӕмӕрттӕ мӕ баййӕфтой, сӕргой ӕмӕ додойаг фӕдӕн.

4 Уӕд ӕз Дунедарӕгмӕ сдзынӕзтон: «О Дунедарӕг, бахиз мын мӕ уд!»

5 Дунедарӕг фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ рӕстаг у, барон у нӕ Хуыцау.

6 Ӕнӕхинтыл Йӕ арм дары Дунедарӕг, ӕз бастадтӕн, ӕмӕ мӕ Уый фервӕзын кодта.

7 О мӕ уд, дӕхимӕ ӕрцу ӕмӕ ӕрсабыр у — Дунедарӕг дӕ схайджын кодта Йӕ хорзӕхӕй!

8 Ды мын мӕ уд бахызтай мӕлӕтӕй, мӕ цӕстытӕ — цӕссыгӕй, мӕ къӕхтӕ — фӕкӕлынӕй!

9 Ӕмӕ удӕгӕсты дунейы ӕз Дунедарӕджы раз мӕ царды бонтӕ ӕрвитдзынӕн.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan