Псаломтӕ 113 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Израил Мысырӕй куы рацыдысты, Йаковы байзӕддӕгтӕ — ӕцӕгӕлӕтты ’хсӕнӕй, 2 уӕд Иудӕ Дунедарӕджы уаз цӕрӕн сси, Израил баци Йӕ исбон. 3 Денджыз сӕ уындӕй фӕлыгъди, Иорданы цӕугӕдон фӕстӕрдӕм фӕцыди. 4 Хӕхтӕ схъиудтытӕ кодтой фырытау, къуылдымтӕ — уӕрыччытау. 5 Цы кӕныс, денджыз, кӕдӕм лидзыс? Цы кӕныс, Иордан, фӕстӕмӕ цӕмӕн раздӕхтӕ? 6 Цы схъиут, хӕхтӕ, фырытау, къуылдымтӕ — уӕрыччытау? 7 Нырриз, зӕхх, Дунедарӕджы, Йаковы Хуыцауы раз! 8 Уый айнӕг фестын кӕны цад, дур — донгуырӕн. 9 Мах нӕ, Дунедарӕг, мах нӕ, фӕлӕ Дӕ ном скадджын кӕн, Дӕ хорзӕхы, Дӕ ӕцӕгады сӕраппонд! 10 Цӕмӕн хъуамӕ дзурой муртаттӕгтӕ: «Кӕм ис уӕдӕ сӕ Хуыцау?» 11 Нӕ Хуыцау уӕлӕрвты ис, Уый цы бафӕнда, ӕмӕ цы нӕ бакӕндзӕн! 12 Уыдонӕн та сӕ гуымирытӕ — ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕринӕй, адӕймаджы къухтӕй конд: 13 дзых ис, фӕлӕ нӕ дзурынц, цӕстытӕ ис, фӕлӕ нӕ уынынц; 14 хъустӕ ис, фӕлӕ нӕ хъусынц, ӕмбудӕнтӕ ис, фӕлӕ не ’мбудынц; 15 къухтӕ ис, фӕлӕ не ’нкъарынц, къӕхтӕ ис, фӕлӕ нӕ цӕуынц; сӕ хъӕлӕсӕй иунӕг мыр дӕр нӕ сыхъуысы. 16 Чи сӕ аразы ӕмӕ сӕ ныфс кӕмӕн сты, уыдон дӕр уыдоны хуызӕн суӕнт! 17 Израил, уӕ зӕрдӕ дарут Дунедарӕгыл! — Уый у махӕн не ’ххуысгӕнӕг, нӕ уарт. 18 Аароны байзӕддӕгтӕ, уӕ зӕрдӕ дарут Дунедарӕгыл! — Уый у махӕн не ’ххуысгӕнӕг, нӕ уарт. 19 Дунедарӕджы тас кӕй ис, уыдон! Уӕ зӕрдӕ дарут Дунедарӕгыл! — Уый у махӕн не ’ххуысгӕнӕг, нӕ уарт. 20 Дунедарӕг нӕ рох кӕны мах ӕмӕ нын арфӕ кӕны: арфӕ кӕны Израилы байзӕддагӕн, арфӕ кӕны Аароны фӕдонтӕн. 21 Арфӕ кӕны Уый, Дунедарӕджы тас кӕй ис, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр — стырӕй, чысылӕй. 22 Дунедарӕг уын сбирӕ кӕнӕд уӕ мыггаг — уӕхицӕн дӕр ӕмӕ уӕ цотӕн дӕр. 23 Арфӕгонд стут сымах Дунедарӕгӕй, арв ӕмӕ зӕхх Сфӕлдисӕгӕй. 24 Арв Дунедарӕджы у, зӕхх та Уый адӕмӕн саккаг кодта. 25 Дунедарӕджы мӕрдтӕ не стауынц, ингӕнмӕ ныххизджытӕ Йын кады зарӕг нӕ сисынц, 26 фӕлӕ мах арфӕ кӕндзыстӕм Дунедарӕгӕн, абон дӕр ӕмӕ мыггагмӕ дӕр. Алелуйа! |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia