Псаломтӕ 112 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Алелуйа! Ӕппӕлут Дунедарӕгӕй, Йӕ цагъартӕ, Дунедарӕджы номӕй ӕппӕлут. 2 Арфӕгонд уӕд Дунедарӕджы ном ныр дӕр ӕмӕ мыггагмӕ дӕр! 3 Дунедарӕджы ном кадджын уӕд скӕсӕнӕй ныгуылӕнмӕ! 4 Бӕрзонд у Дунедарӕг ӕппӕт адӕмты сӕрмӕ, арвӕй уӕлдӕр — Йӕ кад. 5 Дунедарӕгӕн, нӕ Хуыцауӕн, ӕмбал кӕм ис? Йӕ паддзахы бадӕн бӕрзонд у, 6 фӕлӕ ӕркӕсы, арв ӕмӕ зӕххыл цытӕ цӕуы, уымӕ. 7 Уый зӕххы рыгӕй сисы мӕгуыры, фӕныкӕй сисы гӕвзыччы, 8 цӕмӕй йӕ ӕрбадын кӕна ӕлдӕрттимӕ, йӕ адӕмы уӕздӕттимӕ; 9 ӕнӕзӕнӕг сылгоймагӕн хъӕбулы амонд ратты. Алелуйа! |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia