Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Псаломтӕ 111 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Алелуйа! Тӕхудиаг у, Дунедарӕгӕн аргъуыц чи кӕны, Йӕ фӕдзӕхстытӕ ӕхцон кӕмӕн сты.

2 Тыхджын уыдзӕни уымӕн зӕххыл йӕ хъӕстӕ, рӕстудты мыггаг арфӕгонд уыдзӕни.

3 Мыды къусау — йӕ нӕргӕ хӕдзар, йӕ рӕстад уыдзӕни ӕнусон.

4 Рӕстгӕнджытӕн сӕудары дӕр рухс скӕсы, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг хатыргӕнаг, рӕдау ӕмӕ рӕстаг у.

5 Фӕрнджын у фӕлмӕнзӕрдӕ адӕймаг, рӕдауӕй ӕфстау чи дӕтты ӕмӕ йӕ хъуыддӕгтӕ рӕстӕй чи аразы, уый.

6 Мыггагмӕ дӕр нӕ фӕцуддзӕн, рӕстгӕнӕг мыггагмӕ дӕр рох нӕ уыдзӕн.

7 Нӕ фӕтӕрсдзӕни уый фыд уацӕй, фидарӕй йӕ зӕрдӕ дары Дунедарӕгыл.

8 Сабыр у йӕ зӕрдӕ, нӕ фӕтӕрсдзӕни, йе знӕгтӕм кӕсгӕйӕ.

9 Цы йӕм уыд, уый рӕдауӕй байуӕрста мӕгуыртӕн; йӕ рӕстад уыдзӕни ӕнусон, йӕ кад уыдзӕни бӕрзонд.

10 Ӕнӕхуыцау ӕм хӕлӕгӕй мӕлдзӕн, йӕ дӕндӕгты къӕс-къӕс цӕудзӕн ӕмӕ баруайдзӕн. Ӕнаккӕгты фӕндиӕгтӕ нӕ сӕххӕст уыдзысты!

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan