Псаломтӕ 110 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Алелуйа! Стауын Дӕ, Дунедарӕг, ӕппӕт зӕрдӕйӕ рӕстудты ӕмбырды ӕмӕ дзыллӕйы ’хсӕн. 2 Стыр сты Дунедарӕджы хъуыддӕгтӕ, уарзон кӕмӕн сты, уыдонӕн — бӕллиццаг. 3 Йӕ хъуыддӕгтӕ — стыр ӕмӕ рӕсугъд, Йӕ рӕстад у ӕнусон. 4 Йӕ диссӕгтӕн ферохгӕнӕн нӕй, фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ рӕдау у Дунедарӕг. 5 Чи Йӕ нымайы, уыдонӕн дӕтты хойраг, ӕнусмӕ Дзы нӕ рох кӕны Йӕ фӕдзӕхст. 6 Йӕ хъуыддӕгты Йӕ адӕмӕн равдыста Йӕ хъару — муртаттӕгты бӕстӕ сын сӕ хай бакодта. 7 Раст тӕрхон ӕмӕ ӕцӕгад — Йӕ хъуыддӕгты, Йӕ уынаффӕтӕн фехалӕн нӕй, 8 мыггагмӕ фидаргонд сты уыдон, сӕ бындуры — ӕцӕгад ӕмӕ рӕстад. 9 Уый фервӕзын кодта Йӕ адӕмы, ӕнусон фидыд сарӕзта семӕ. Уаз ӕмӕ тасӕфтауӕг — Йӕ ном! 10 Уӕлзонды райдиан — Дунедарӕгӕй тас; Йӕ фӕдзӕхстытӕ Йын чи ӕххӕст кӕны, уыдонӕн ис ӕмбаргӕ зонд. Дунедарӕджы стаудзысты ӕнустӕм! |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia