Псаломтӕ 11 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн: хъисфӕндырты цагъдимӕ; ныллӕг хъӕлӕсӕй. Давиды псалом. 2 Дунедарӕг, фервӕзын мӕ кӕн, уымӕн ӕмӕ раст адӕймаг нал ис! Адӕмы ’хсӕн никӕуылуал ис ӕууӕнк. 3 Иууылдӕр сайынц кӕрӕдзи, козбау ныхас, ӕфсоны дзырд кӕнынц. 4 Дунедарӕг фесафдзӕн алы козбау ӕвзаджы хицауы, хиппӕлой ӕвзаг акъуырдзӕн. 5 Уадз ӕмӕ афтӕ ма хъуыды кӕной: «Мах дзурынмӕ дӕсны стӕм. Не ’взаг нӕ бар у — чи нын у хицау?» 6 «Мӕгуыртӕ удхар кӕнынц, ӕнӕбонтӕ дзыназынц, — ныр Ӕз сӕ фарс рахӕцдзынӕн, йӕ фӕдыл кӕмӕн зилынц, уый фервӕзын кӕндзынӕн», — зӕгъы Дунедарӕг. 7 Дунедарӕджы ныхӕстӕ сыгъдӕг сты, куынцгомы кӕй бахсыстӕуыд ӕмӕ авд хатты кӕй батайын чындӕуыд, ахӕм ӕвзистау. 8 Дунедарӕг, Ды нӕ хъахъхъӕндзынӕ, ацы мыггагӕй нӕ бахиздзынӕ ӕнустӕм. 9 Нӕ алыварс ӕнӕхуыцӕуттӕ зилынц, уымӕн ӕмӕ скадджын сты ницӕйӕгтӕ. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia