Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Псаломтӕ 108 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Зарӕггӕнджыты разамонӕгӕн. Давиды псалом. О мӕ Хуыцау, ӕз Дӕу стауын! Ма у ӕнӕдзуапп!

2 Уымӕн ӕмӕ ӕнаккӕгтӕ ӕмӕ мӕнгӕрдтӕ сӕ дзыхтӕ схӕлиу кодтой мӕ ныхмӕ, сӕ мӕнгард ӕвзӕгтӕ суагътой.

3 Ӕртыхстысты мыл се ’фхӕрӕн ныхӕстӕ, лӕбурынц мӕм ӕнӕ ’фсонӕй.

4 Мӕ уарзты тыххӕй сын ӕнӕуынон сдӕн, ӕз та кувын.

5 Мӕ хорз мын фидынц ӕвзӕрӕй, мӕ уарзт — ӕнӕуынондзинадӕй.

6 Ӕнӕхуыцауы амӕттаг фӕуӕд фыдгул, зылынгӕнӕг йӕ рахизфарс ӕрлӕууӕд,

7 тӕрхоны рӕстӕг азымджын разынӕд, тӕригъӕдыл нымад ӕрцӕуӕд йӕ куывд;

8 йӕ царды бонтӕ фӕцыбыр уӕнт, йӕ бынат та йын бацахсӕд ӕндӕр;

9 йӕ сабитӕ сидзӕрӕй баззайӕнт, йӕ ус та — идӕдзӕй;

10 йӕ хъӕбултӕ суӕнт мӕгуыргуртӕ, сӕ быууаты дӕр сын ӕрлӕууӕн ма уӕд;

11 йӕ исбон йӕ хӕсты ныхмӕ фиддонӕн бахъӕуӕд, йӕ фӕллой хӕлӕттаг фӕуӕд;

12 мачи йын баххуыс кӕнӕд, йӕ сидзӕртӕн рӕвдауӕг ма разынӕд;

13 йӕ хъӕстӕ ӕлгъыстаг фӕуӕд, дыккаг фӕлтӕры йӕ кой мауал фӕзынӕд;

14 йӕ фыдӕлты тӕригъӕдтӕ йын Дунедарӕг ӕрымысӕд, йӕ мады тӕригъӕдтӕ йын ма ферох кӕнӕд.

15 Дунедарӕг сын макуы ныббарӕд, сӕ кой дӕр сын фесафӕд зӕххыл!

16 Уымӕн ӕмӕ хорздзинад никуы ракодта, мӕгуыр ӕмӕ гӕвзыччы фӕдыл зылди, ӕфхӕрд адӕймаджы фесафынмӕ бӕллыд.

17 Искӕй ӕлгъитынӕй ӕфсис нӕ зыдта, ӕмӕ йе ’лгъыстытӕ йӕхи сӕрыл ӕрцӕуӕнт; арфӕ кӕнын нӕ уарзта, ӕмӕ арфӕ макуы фенӕд!

18 Ӕлгъыст йӕ дарӕс суӕд, донау йӕ хуылфы ацӕуӕд, сойау йе стджыты ахъарӕд,

19 йе ’рвылбоны дарӕс фестӕд ӕмӕ, йӕ астӕуыл цы рон ӕрбабӕтты, уый йын басгуыхӕд.

20 Ахӕм арфӕ ракӕнӕд Дунедарӕг мӕ фыдгултӕн, мӕ ныхмӕ фыдвӕндтӕ чи кӕны, уыдонӕн!

21 Мӕнӕн та, Дунедарӕг, баххуыс кӕн Дӕ номы сӕраппонд; Дӕ хорзӕхы фӕрцы мӕ фервӕзын кӕн!

22 Мӕгуыр ӕмӕ гӕвзыкк дӕн ӕз, риссы мӕ зӕрдӕ мӕ риуы.

23 Тайын изӕры ӕндӕргтау, сурынц мӕ мӕтыхтау.

24 Ком дарынӕй мӕ уӕрджытӕ мӕ быны фӕдыдагъ вӕййынц, мӕ царм ме стджытыл бандӕгъди.

25 Хъазӕнхъул фестадтӕн адӕмӕн, мӕн фенгӕйӕ, сӕ сӕртӕ банкъусынц.

26 Баххуыс мын кӕн, Дунедарӕг, ме Скӕнӕг, Дӕ хорзӕх у фарн хӕссӕг — фервӕзын мӕ кӕн.

27 Уадз, базоной: уый мӕ Ды фервӕзын кодтай, уый мын Дӕ хорзӕх уыди, Дунедарӕг.

28 Уыдон мӕ ӕлгъитынц — Ды арфӕ ракӕн, уыдон мӕм лӕбурынц — Ды сӕ худинаджы бын фӕкӕн, ӕмӕ ныццин кӕндзӕни Дӕ цагъар.

29 Мӕ хахуыргӕнджытӕн худинаг суӕд сӕ дарӕс, ӕгады гакк — сӕ уӕлӕфтау.

30 Ӕз та хъӕрӕй арфӕ кӕндзынӕн Дунедарӕгӕн ӕмӕ Йӕ стаудзынӕн дзыллӕты ӕхсӕн.

31 Уымӕн ӕмӕ Уый мӕгуыр лӕджы рахизфарс ӕрлӕууыд, цӕмӕй йӕ фервӕзын кӕна, азымджын ӕй чи кӕны, уыдонӕй.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan