Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Псаломтӕ 107 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Зарӕг. Давиды псалом.

2 О Хуыцау, мӕ зӕрдӕ фӕфидар ис, зардзӕни мӕ уд ӕмӕ Дӕ стаудзӕни зарӕджы зӕлтӕй!

3 Райхъал ут, дыууадӕстӕнон ӕмӕ хъисфӕндыр! Ӕз райхъал кӕндзынӕн сӕуӕхсид!

4 Ӕппӕт адӕмтӕн Дӕ стаудзынӕн, о Дунедарӕг, зардзынӕн Дын алы знӕмты ’хсӕн!

5 Арвӕй уӕлдӕр у Дӕ хорзӕх, ӕврӕгъты онг — Дӕ иузӕрдиондзинад!

6 Арвӕй бӕрзонддӕр уӕд Дӕ кад, Хуыцау, тӕмӕнтӕ калӕд ӕгас зӕххы сӕрмӕ!

7 Цӕмӕй Дӕ уарзон адӕм сӕрӕгасӕй баззайой, уый тыххӕй сӕ фервӕзын кӕн Дӕ рахиз къухы хъомысӕй! Ратт мын дзуапп!

8 Хуыцау загъта Йӕ рухс Кувӕндоны: «Цинӕй райдзынӕн Мӕ уӕлахизыл ӕмӕ Мӕ адӕмыл байуардзынӕн Шехемы зӕхх, абардзынӕн сын Суккоты дӕлвӕз дӕр.

9 Мӕн у Галаад, Менассиа дӕр — Мӕн, Ефрем у Ме згъӕрхуд, Иудей — Мӕ паддзахы лӕдзӕг,

10 Моав — Мӕ хихсӕн тас. Мӕ дзабыр аппардзынӕн Едомыл, уӕлахизы хъӕр ныккӕндзынӕн Филистимы сӕрмӕ!»

11 Чи мӕ бакӕндзӕни бырухгӕд сахармӕ? Едомы ныхмӕ мӕ хӕстон балцы чи акӕндзӕн?

12 Ды ныл, Хуыцау, куы атигъ кодтай Дӕхи! Не ’фсӕдты сӕргъы куынӕуал цӕуыс хӕстмӕ!

13 Ахъаз нын бакӕн, цӕмӕй не знагыл фӕуӕлахиз уӕм, уымӕн ӕмӕ адӕймагыл зӕрдӕдарӕн нӕй.

14 Хуыцауы фӕрцы фӕтых уыдзыстӕм не знӕгтыл, фӕуӕлахиз сыл уыдзӕн Уый.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan