Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Псаломтӕ 105 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Алелуйа! Сыстаут Дунедарӕджы, уымӕн ӕмӕ ныл ауды, Йӕ хорзӕх мыггагмӕ у.

2 Кӕй бон бауыдзӕни Дунедарӕджы хъомыс дзыхы ныхасӕй равдисын? Чи ракӕндзӕни Йе ’ппӕт кады кой?

3 Тӕхудиаг у, Хуыцауы амындтытӕ сӕйраг кӕмӕн сты ӕмӕ ӕдзух рӕстӕй чи цӕры, уый!

4 О Дунедарӕг, Дӕ адӕмӕн хӕрзаудӕн куы кӕнай, уӕд-иу мӕн дӕр ӕрымыс! Исты бӕллӕхӕй сӕ куы хизай — мӕн дӕр-иу ма ферох кӕн,

5 цӕмӕй уынон де ’взӕрстыты фӕрныг цард, Дӕ адӕмимӕ цин кӕнон ӕмӕ Дын кад кӕнон семӕ — Дӕ исбонимӕ.

6 Нӕ фыдӕлтау мах дӕр фӕтӕригъӕдджын стӕм, фӕцалх стӕм ӕнаккаг митӕ, фыдракӕндтӕ аразыныл.

7 Хуыцау Мысыры нӕ фыдӕлтӕн цы диссӕгтӕ равдыста, уыдон сӕ ницӕуыл сахуыр кодтой, цы бирӕ хӕрзты сын бацыди, уыдон сӕ ферох сты, ӕмӕ Сырх денджызы былгӕрон сыстадысты Йӕ ныхмӕ.

8 Фӕлӕ сӕ Хуыцау уӕддӕр фервӕзын кодта Йӕ номы сӕраппонд, цӕмӕй Йӕ хъомыс равдиса.

9 Сырх денджызӕн бардзырд радта, ӕмӕ уый байсысти, раст цыма адӕм сур зӕххыл цыдысты, уыйау сӕ хуыдымы ’хсӕнты ракодта.

10 Се знӕгты къухтӕй сӕ фервӕзын кодта, фыдгулты къухтӕй сӕ бахызта.

11 Се знӕгтӕ фӕдӕлдон сты, иу дӕр дзы нӕ аирвӕзт.

12 Уӕд Ын адӕм баууӕндыдысты Йӕ ныхӕстыл ӕмӕ Йын кады зарӕг систой.

13 Фӕлӕ та сӕ рӕхджы ферох сты Йӕ хъуыддӕгтӕ, Йӕ уынаффӕйы сӕххӕстмӕ Йын нал банхъӕлмӕ кастысты.

14 Ӕдзӕрӕг быдыры сӕ монцты уацары бахаудысты, ӕдзӕрӕг ран Хуыцауы фӕлвӕрдтой,

15 ӕмӕ сын Уый сӕххӕст кодта сӕ курдиат, фӕлӕ сыл рын бафтыдта.

16 Рӕсӕнуаты адӕм хӕлӕг кӕнын байдыдтой Моисеймӕ ӕмӕ Дунедарӕджы уаз лӕггадгӕнӕг Ааронмӕ.

17 Уӕд зӕхх фӕйнӕрдӕм фӕцыди, ӕмӕ зӕххы скъуыды аирвӕзтысты Датан ӕмӕ Авирам йӕ балимӕ.

18 Цӕлхӕмбырдӕй куыд уыдысты, афтӕ сыл арт сирвӕзти, ӕмӕ ӕнаккӕгтӕ арты амӕттаг баисты.

19 Хоревы хохы бын уыдон уӕныджы згъӕрсурӕт джиппы рауагътой ӕмӕ йӕм бакуывтой.

20 Сӕ Хуыцауы — сӕ Кад — баивтой, кӕрдӕг чи хӕры, уыцы галы халдихыл.

21 Ферох кодтой Хуыцауы, сӕ Ирвӕзынгӕнӕджы, Мысыры сын стыр хъуыддӕгтӕ Чи равдыста,

22 Хамы байзӕддаджы зӕххыл — диссӕгтӕ, Сырх денджызы цур — тасӕфтауӕг хабӕрттӕ.

23 Ӕмӕ Хуыцау загъта: «Фесафдзынӕн сӕ!» Фӕлӕ Йе ’взӕрст адӕймаг Моисей къӕдзӕхы скъуыды ’рлӕууыди Йӕ размӕ, цӕмӕй Йын аздаха Йӕ маст, цӕмӕй сӕ Уый ма бабын кӕна.

24 Адӕм сӕ къух ауыгътой бӕллиццаг зӕххыл, нӕ баууӕндыдысты Хуыцауы ныхасыл.

25 Сӕ цатырты хъуыр-хъуыр кодтой, Хуыцаумӕ нал хъуыстой.

26 Ӕмӕ сӕм уӕд Уый дӕр Йӕ къух систа, цӕмӕй сӕ ӕдзӕрӕг быдыры бабын кӕна,

27 цӕмӕй сӕ байзӕддагӕн сӕ хал, сӕ бӕндӕн фӕхауа, алы адӕмтӕ, алы бӕстӕтыл ныххӕлиу уой.

28 Уыдон райдыдтой кувын Пеоры хохы мӕнгхуыцау Баалӕн, мӕрдтӕн хаст нывӕндты фыд хордтой.

29 Хуыцауы мӕсты кодтой сӕ митӕй, ӕмӕ сыл рын сыстади.

30 Уӕд сын Пинхас тӕрхон кӕнын райдыдта, ӕмӕ сӕ рын ныууагъта.

31 Уый тыххӕй Пинхас рӕстгӕнӕгыл нымад ӕрцыди фӕлтӕрӕй фӕлтӕрмӕ, ӕнусмӕ.

32 Фӕлӕ та адӕм Меривайы доны цур Хуыцауы зӕрдӕхудты бацыдысты, уыдоны тыххӕй Моисей ӕфхӕрд баййӕфта:

33 афтӕ сӕм смӕсты ис, ӕмӕ тӕригъӕды бацыди йе ’взагӕй.

34 Дунедарӕджы дзырдмӕ нӕ байхъуыстой Йӕ адӕм — кӕмӕй сын загъта, уыцы адӕмты нӕ ныццагътой,

35 фӕлӕ схӕццӕ сты семӕ, суанг ма сын се ’гъдӕуттыл дӕр сахуыр сты.

36 Сӕ гуымирытӕн сын лӕггад кӕнын райдыдтой, ӕмӕ афтӕмӕй цъысымы бахаудтой.

37 Дӕлимонтӕн нывондӕн хастой сӕ лӕппутӕ ӕмӕ сӕ чызджыты;

38 ныккалдтой-иу ӕнаххос туг — сӕ лӕппутӕ ӕмӕ сӕ чызджыты туг. Нывондӕн сӕ хастой Ханааны мӕнгхуыцӕуттӕн, ӕмӕ зӕхх фӕчъизи кодтой тугӕй.

39 Се ’наккаг митӕй фегад кодтой сӕхи, сӕ хъуыддӕгтӕ иууылдӕр — хъахбай митӕ.

40 Ӕмӕ Дунедарӕг смӕсты ис Йӕ адӕммӕ, ӕлгъ кӕнын райдыдта Йӕ исбоныл.

41 Ӕмӕ сӕ радта ӕцӕгӕлон адӕмты къухтӕм, фыдгултӕ сын хицӕуттӕ систы.

42 Се знӕгтӕ сӕ ссӕстой, цагъартӕ сӕ фестын кодтой.

43 Дунедарӕг сӕ цал хатты бахызта фыдбылызӕй! Фӕлӕ Йӕ уыдон мӕсты кодтой сӕ хиваст митӕй, сӕ тӕригъӕдты аххосӕй ӕгады бынатмӕ ’рхаудысты.

44 Фӕлӕ та-иу сын сӕ хъизӕмармӕ куы ’ркасти, се ’рдиаг-иу Йӕ хъустыл куы ауад,

45 уӕд та-иу Йӕ зӕрдыл ӕрӕфтыди, кӕддӕр семӕ цы фидыд сарӕзта, уый ӕмӕ, бирӕбараг кӕй у, уый фӕрцы та-иу сын фӕтӕригъӕд кодта.

46 Уацары-иу кӕмӕ бахаудтой, уыдоны зӕрдӕ-иу сӕм фӕфӕлмӕн кодта.

47 О Дунедарӕг, нӕ Хуыцау, фервӕзын нӕ кӕн! Ӕрӕмбырд нӕ кӕн адӕмты ’хсӕнӕй, цӕмӕй та Дын кад кӕнӕм Дӕ уаз номӕн, Дӕ кадӕй Дын ӕппӕлӕм!

48 Кад уӕд Дунедарӕгӕн, Израилы Хуыцауӕн, мыггагӕй-мыггагмӕ! Дзыллӕ иууылдӕр зӕгъӕнт: «Аммен! Алелуйа!»

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan