Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Псаломтӕ 104 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Сыстаут Дунедарӕджы, арут Ын Йӕ ном, адӕмты ’хсӕн Ын хъусын кӕнут Йӕ хъуыддӕгтӕ.

2 Зарут Ын, зарджыты Йӕ сыстаут, хъусын Ын кӕнут Йӕ диссӕгтӕ.

3 Раппӕлут Ын Йӕ уаз номӕй, Дунедарӕджы чи агуры, уыдон цинӕй райӕнт!

4 Агурут Дунедарӕджы, агурут Ын Йӕ хъомыс, кӕддӕриддӕр тырнут Йӕ размӕ.

5 Ма рох кӕнут Йӕ диссӕгтӕ, Йе ’вдисӕйнӕгтӕ, Йӕ тӕрхӕттӕ.

6 Сымах — Йӕ цагъар Авраамы байзӕддӕгтӕ, Йаковы фӕдонтӕ, Йе ’взӕрстытӕ.

7 Уый махӕн у нӕ Дунедарӕг Хуыцау, ӕгас зӕххы тӕрхонгӕнӕг.

8 Мыггагмӕ дӕр нӕ рох кӕны Йӕ фидыд, мин фӕлтӕрӕн кӕй бафӕдзӕхста,

9 Авраамӕн ныстуанӕн кӕй ныууагъта, Исаакӕн сомы кӕмӕй ракодта.

10 Йӕ сомы уагӕвӕрдау радта Йаковӕн, ӕнусон фидыдау — Израилӕн.

11 Уый загъта: «Ханааны зӕхх уын фыдӕй-фыртмӕйы исбонӕн ратдзынӕн».

12 Сӕ нымӕц чысыл куы уыд нырма, ӕрцӕуӕггӕтӕ куы уыдысты уыцы ран,

13 уӕд хӕтӕнхуагӕй иу бӕстӕйӕ иннӕмӕ, иу паддзахадӕй иннӕмӕ цыдысты.

14 Фӕлӕ сӕ Уый никӕмӕн уагъта ӕфхӕрын, паддзӕхтӕн-иу бардзырд радта:

15 «Ма хъыгдарут Мӕ байсӕрстыты, мӕ пехуымпартӕн ӕвзӕрӕй мацы ракӕнут».

16 Стонг заман ӕруагъта зӕххыл, иу ӕфсир нӕ ныууагъта бӕстыл.

17 Уӕд сын сӕ разӕй Йе ’взӕрст лӕджы арвыста: цагъары номыл уӕй ӕрцыд Йосеф.

18 Йӕ къӕхтыл ын хъадамантӕ скодтой, йӕ хъуыр ын ӕфсӕйнагӕй ӕрбалвӕстой,

19 цалынмӕ Хуыцауы ныхас сӕххӕст ис, уӕдмӕ. Дунедарӕг ӕй бафӕлвӕрдта Йӕ ныхасӕй.

20 Паддзах радта суӕгъд кӕныны бардзырд, адӕмты хицау ын радта сӕрибар.

21 Сӕвӕрдта йӕ хицауӕй йӕ хӕдзары, йе ’ппӕт исбон бакодта йӕ бар,

22 йӕ барджынтӕн сси сӕ хицау, йӕ хистӕртӕн ын зонд амонын райдыдта.

23 Ӕмӕ Мысырмӕ ’рбацыдис Израил, ӕрбынат кодта Хамы зӕххыл Йаков.

24 Ӕмӕ Хуыцау сбирӕ кодта Йӕ адӕмы, ӕмӕ йӕ скодта йе знӕгтӕй тыхджындӕр.

25 Ӕнӕуынон сын фестын кодта Йӕ адӕмы, Йӕ цагъарты ныхмӕ Йын сарӕзтой фыдвӕнд.

26 Уый арвыста Йӕ цагъар Моисейы, стӕй Йе ’взӕрст Аароны.

27 Хамы зӕххыл сын равдыстой Йе ’вдисӕйнӕгтӕ, Йӕ диссӕгтӕ,

28 Уый радта бардзырд талынг ӕмӕ тарӕн, ӕмӕ йын байхъуыстой Йӕ ныхасмӕ.

29 Сӕ дон сын фестын кодта туг, сӕ кӕсӕгтӕ сын амардта.

30 Галхӕфсытӕй нал зынди сӕ зӕхх, байдзаг сӕ ис паддзахӕн йӕ уат.

31 Уый загъта, ӕмӕ сасчытӕ фӕзындысты, сӕ зӕхх ӕгасӕй байдзаг ис дзынгатӕй.

32 Ныууарыд сыл къӕвдайы бӕсты их, пиллон арт сӕ зӕххыл ацыди.

33 Ныссаста их сӕ сӕнӕфсиртӕ, легъуи бӕлӕстӕ, ӕгас зӕххыл дӕр бӕлӕстӕ ныццагъта.

34 Уый загъта, ӕмӕ фӕзындысты мӕтыхтӕ, ӕнӕнымӕцӕй апырх ис къуыдыргалм;

35 кӕрдӕджы мур дӕр нал ныууагътой зӕххыл, сӕ быдырты дӕр нал баззади халсар.

36 Сӕ фыццаггуырдты иууылдӕр ныццагъта, ӕмӕ сын басаста сӕ хъару.

37 Сыгъзӕрин ӕмӕ ’взистимӕ ракодта Израилы, сӕ мыггӕгты ’хсӕн алчидӕр — сӕрӕгас.

38 Ныццин кодта Мысыры зӕхх сӕ рацыдыл: стыр тас бауагътой мысырӕгты.

39 Уый мигъӕй бамбӕрзта Йӕ адӕмы, ӕхсӕв сын рухсӕн арты цӕджындз дардта.

40 Лӕгъстӕ Йын кодтой — рарвыста уӕрццытӕ, уӕларвон хойрагӕй сӕ ӕфсӕста,

41 Уый акъӕртт кодта айнӕг — ракалд дон, ӕнӕдон зӕххыл анхъӕвзта цӕугӕдон:

42 нӕ Дзы ферох Йӕ уаз дзырд, Йӕ зӕрдӕвӕрд Йӕ цагъар Авраамӕн.

43 Райгондӕй ракодта Йӕ адӕмы, Йе ’взӕрст адӕмы рацӕуын кодта хъӕлдзӕгӕй.

44 Ӕмӕ сын радта адӕмты зӕххытӕ, ӕндӕр адӕмты фӕллӕйтӕ сӕ исбон баисты,

45 цӕмӕй Йын ӕххӕст кӕной Йӕ уагӕвӕрдтӕ, Йе ’гъдӕуттӕ Йын хъахъхъӕной. Алелуйа!

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan