Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Псаломтӕ 102 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Давиды псалом. Арфӕ кӕн, мӕ уд, Дунедарӕгӕн, арфӕ кӕн, мӕ зӕрдӕ, Йӕ уаз номӕн!

2 Арфӕ кӕн, мӕ уд, Дунедарӕгӕн, ма Йын рох кӕн Йӕ бирӕ хорзӕхтӕ:

3 Уый дын хатыр кӕны де ’ппӕт азымтӕ, дзӕбӕх дын кӕны де ’ппӕт низтӕ.

4 Ирвӕзын дӕ кӕны ингӕнӕй, кады худау дӕуӕн — Йӕ хорзӕх ӕмӕ Йӕ бирӕ хӕрзтӕ.

5 Йӕ лӕвӕрттӕй дӕ ӕфсады, ӕмӕ цӕргӕсау раздӕхы де ’взонгад.

6 Рӕстаг сты Дунедарӕджы хъуыддӕгтӕ, — ӕфхӕрды сӕрыл раст тӕрхон рахӕссы.

7 Уый Моисейӕн раргом кодта Йӕ фӕндӕгтӕ, Израилы байзӕддӕгтӕн — Йӕ хъуыддӕгтӕ.

8 Дунедарӕг рӕдау ӕмӕ хатыргӕнаг у, бирӕ быхсы, ӕгӕрон у Йӕ хорзӕх.

9 Йӕ маст нӕ судздзӕни мыггагмӕ, ӕнустӕм маст Йӕ зӕрдӕйы нӕ хӕссы.

10 Нӕ тӕригъӕдтӕм гӕсгӕ нын нӕ фӕвӕййы, нӕ азымтӕм гӕсгӕ нын нӕ бафиды.

11 Арв зӕххӕй цас бӕрзонддӕр у, уыйас ӕгӕрон у Йӕ хорзӕх, Хуыцауы тас кӕмӕ ис, уыдонмӕ.

12 Скӕсӕн ныгуылӕнӕй цас дард у, уыйас махӕй адард кодта нӕ фыдракӕндтӕ.

13 Фыд йӕ хъӕбултыл куыд ауды, афтӕ ауды Дунедарӕг, Хуыцауы тас кӕмӕ ис, уыдоныл.

14 Уымӕн ӕмӕ нын зоны не сконд, сыджыт кӕй стӕм, уый Дзы нӕ рох кӕны.

15 Адӕймаджы цард у кӕрдӕджы фӕзындау, быдираг дидинӕгау бирӕ нӕ ахӕссы.

16 Радымы йыл дымгӕ, ӕмӕ цыдӕр ӕрбавӕййы, ӕмӕ, кӕм уыд, уыцы бынат дӕр ничиуал ӕрымысдзӕн.

17 Хуыцауы тас кӕмӕ ис, уыдон та Дунедарӕджы хорзӕхӕй хайджын уыдзысты мыггагмӕ.

18 Хуыцауы фидыд кӕй зӕрдыл лӕууы, Йӕ фӕдзӕхстытӕ Йын чи нӕ рох кӕны ӕмӕ сӕ чи ӕххӕст кӕны, уыдонӕн сӕ байзӕддаг хайджын уыдзысты Йӕ хорзӕхӕй.

19 Дунедарӕг Йӕ паддзахы бадӕн ӕрӕвӕрдта уӕлӕрвты ӕмӕ паддзахиуӕг кӕны дун-дунейы.

20 Арфӕ кӕнут Дунедарӕгӕн, Йӕ хъомысджын зӕдтӕ, Йӕ дзырд ӕххӕстгӕнджытӕ, Йӕ ныхасмӕ хъусджытӕ.

21 Арфӕ кӕнут Дунедарӕгӕн, Йе ’ппӕт уӕларвон ӕфсӕдтӕ, Йӕ фӕндон ӕххӕстгӕнӕг лӕггадгӕнджытӕ.

22 Арфӕ кӕнут Дунедарӕгӕн Йе ’ппӕт фӕлдисӕндтӕ — Йӕ паддзахады кӕмдӕриддӕр. Арфӕ ракӕн, мӕ уд, Хуыцауӕн.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan