Псаломтӕ 101 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Рыст адӕймаджы куывд, Дунедарӕджы раз йӕ зӕрдӕйы хъыгтӕ куы раргом кӕны, уӕд. 2 О Дунедарӕг! Фехъус мын мӕ куывд, мӕ дзыназын Дӕм сыхъуысӕд. 3 Ды Де ’ргом ма аздах мӕнӕй, мӕ хъыджы бон мӕм Дӕ хъус ӕрдар, куы Дӕм дзыназон — дзуапп мын ратт ӕвӕстиатӕй. 4 Фӕздӕгау фӕивгъуыйынц мӕ бонтӕ, судзынц ме стджытӕ ӕхсидавау. 5 Мӕ зӕрдӕ — цӕф, бахус ис кӕрдӕгау, хӕрды мӕт дӕр мӕ ферох ис. 6 Мӕ фыр рыстӕй ӕз царм ӕмӕ стджытӕ фестадтӕн, 7 ӕдзӕрӕг быдыры цӕрӕг уыгау сдӕн, мӕ рӕстӕг уыйау хӕлддзӕгтыл ӕрвитын. 8 Уӕлхӕдзары иунӕгӕй фӕбады цъиу, ӕз уыйау ныр фынӕй нӕ кӕнын, бадын. 9 Фауынц мӕ ӕрвылбон ме знӕгтӕ, кӕнынц хынджылӕг, ӕлгъитынц искӕй мӕ номӕй. 10 Хӕрын фӕнык ӕз дзулау, мӕ дон цӕссыгтимӕ схӕццӕ. 11 Дӕ маст у уый, ӕз бавзӕрстон Дӕ азар, бӕрзонд мӕ систай, стӕй мӕ фехстай зӕхмӕ. 12 Мӕ царды бонтӕ ивгъуыйынц аууонау, ӕз баруадтӕн кӕрдӕгау. 13 Дунедарӕг, Ды ӕнусон дӕ, ӕмӕ Дӕ кой фӕлтӕрӕй фӕлтӕрмӕ нӕ фесӕфдзӕн. 14 Ды растдзынӕ ӕмӕ Сионӕн фӕтӕригъӕд кӕндзынӕ, ныххатыр кӕнын афон ын ӕрцыд, ӕрхӕццӕ ис йӕ рӕстӕг. 15 Суанг йӕ дуртӕ дӕр ын бауарзтой Дӕ цагъартӕ, йӕ рыг дӕр нын сси зынаргъ. 16 Дунедарӕджы номӕй адӕмтӕ тӕрсдзысты, ӕппӕт зӕххон паддзӕхтӕ риздзысты Дӕ кады раз. 17 Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг рацараздзӕни Сион, Йӕ кадимӕ нӕм равдисдзӕни Йӕхи. 18 Ӕнӕбонты куывд фехъусдзӕни Уый, нӕ атигъ кӕндзӕни Йӕхи сӕ куывдтытыл. 19 Ног фӕлтӕртӕн уыдӕттӕ ныффысдзысты, фидӕны фӕлтӕр Дунедарӕджы стаудзысты. 20 Уымӕн ӕмӕ Уый Йӕ уаз бӕрзӕндӕй ракасти, Дунедарӕг зӕхмӕ ’ркасти уӕларвӕй — 21 ахст адӕмӕн фехъуыста сӕ куывд, мӕлинӕгтӕн сӕрибар радта, 22 цӕмӕй Сионы Дунедарӕджы ном хъусын кӕной, цӕмӕй Йын скад кӕной Йерусалимы — 23 адӕмтӕ ’мӕ паддзахӕдтӕ куы ’рӕмбырд уой Дунедарӕгӕн лӕггад кӕнынмӕ, уӕд. 24 Мӕ тых мын басаста Дунедарӕг мӕ фӕндагыл, фӕкъаддӕр мын кодта мӕ царды бонтӕ. 25 Ӕз загътон: «О мӕ Хуыцау! Мӕ цард мын ма аскъуыйын кӕн ӕрдӕгыл, Дӕ азтӕ Дӕуӕн — фӕлтӕрӕй фӕлтӕрмӕ. 26 Ды незаманты зӕххӕн ӕрӕвӕрдтай бындур, Дӕ къухӕй конд у арв дӕр. 27 Уыдонӕн ӕрцӕудзӕнис кӕрон, Ды та уыдзынӕ мыггагмӕ; уыдон алӕзӕрдзысты дарӕсау, пӕлӕзау сӕ раивдзынӕ Ды, ӕмӕ нал уыдзӕни сӕ кой дӕр. 28 Ды та ӕнӕивгӕ уыдзынӕ, Дӕ азтӕн нӕй кӕрон. 29 Дӕ цагъарты цот цӕрдзысты, ӕмӕ сӕ мыггаг нӕ сыскъуыйдзӕн Дӕ цӕсгомы раз». |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia