Псаломтӕ 100 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Давиды псалом. Иузӕрдиондзинад ӕмӕ раст тӕрхон стауын мӕ зарӕджы, Дӕуӕн зарын, Дунедарӕг! 2 Раст фӕндагыл у мӕ сагъӕс ӕдзух, кӕд мӕм ӕрцӕудзынӕ? Сыгъдӕгзӕрдӕйӕ ӕз цӕрын мӕ хӕдзары, 3 ӕлгъаг цы у, ахӕмӕй ницы сӕвӕрдзынӕн мӕ цӕстыты раз. Хуыцауыл йӕ зӕрдӕ сивӕг ӕнӕуынон у мӕнӕн, ӕмгӕрон ӕм не ’рцӕудзынӕн. 4 Мӕнгардӕй мӕм ницы ис, фыддзинадӕй мӕхи хизын. 5 Фӕсвӕд искӕуыл цъыф чи калы, уыдоны дзыхтӕ сӕхгӕнын, сӕрхызт ӕмӕ ӕнӕввӕрсонӕн нӕ барын. 6 Мӕ цӕстӕнгас сарӕзтон бӕстӕйы иузӕрдионтӕм, мӕхимӕ сӕ ӕрбахӕстӕг кӕнын. Раст фӕндагыл чи цӕуы, уый мын лӕггад кӕндзӕни. 7 Мӕнгардӕн мӕ хӕдзары бынат нӕй, мӕнг дзурӕгӕн мӕ цӕсты раз бынат нӕ разындзӕн. 8 Ӕрвылрайсом ӕнаккӕгты цӕгъдын зӕххыл, Дунедарӕджы сахарӕй фесафдзынӕн фыдгӕнджыты. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia