Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Осиа 9 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Израил, иннӕ адӕмтау цин ма кӕн, уымӕн ӕмӕ ды ферох кодтай дӕ Хуыцауы, хъахбай митыл бафтыдтӕ ӕмӕ хӕтаг сылау алы мусы хъахбайты мызд ӕмбырд кӕныс.

2 Фӕлӕ мус ӕмӕ сӕндуцӕн фыдӕнхъӕл фӕкӕндзысты адӕмы, ног сӕн сӕ фӕсайдзӕни.

3 Уыдон Дунедарӕджы зӕххыл нал цӕрдзысты. Ефрем раздӕхдзӕни Мысырмӕ, ӕмӕ Ассирийы чъизи хойраг хӕрдзысты.

4 Дунедарӕджы номыл нал ӕркалдзысты сӕн, сӕ нывӕндтӕ Йын нал уыдзысты ӕхцон, хӕрнӕджы хойрагау суыдзысты — чи дзы фӕхъӕстӕ уа, уый фӕчъизи уыдзӕн. Сӕ хойраг ӕрмӕст — сӕхи бафсадынӕн, Дунедарӕджы размӕ йын хӕссӕн нӕй.

5 Цы ми кӕндзыстут уӕ бӕрӕгбӕтты, Дунедарӕджы бӕрӕгбон куы ’рхӕццӕ уа, уӕд?

6 Фыдбылызӕй куы аирвӕзат, уӕд уӕ Мысыр суазӕг кӕндзӕн, Мемфис та уӕ ингӕны хай бакӕндзӕн. Уе ’взист дзауматӕ пысырайы бын фӕуыдзысты, уӕ цӕрӕнтӕ какон сындзӕй нал зындзысты.

7 Тӕрхоны бонтӕ ӕрхӕццӕ сты, тӕригъӕдтӕ фидыны рӕстӕг ӕрцыд — уадз ӕмӕ уый базона Израил! Сымах пехуымпары ӕдылыйыл нымайут, Хуыцауы Удӕй хайджын чи у, уый та — ӕнӕзондыл, тӕригъӕдджын кӕй стут ӕмӕ уе ’нӕуынондзинад стыр кӕй у, уый тыххӕй.

8 Мӕ Хуыцауы пехуымпар Ефремӕн у йӕ хъахъхъӕнӕг, фӕлӕ йӕ алы фӕндагыл дӕр — ахсӕн хызтӕ, йӕ Хуыцауы хӕдзары — ӕнӕуынондзинад.

9 Фехӕлдысты бынтондӕр, раст Гевӕйы куыд уыд, афтӕ. Хуыцау сын се ’нӕхуыцау митӕ ӕрхъуыды кӕндзӕн, сӕ тӕригъӕдты тыххӕй сӕ бафхӕрдзӕн.

10 «Ӕдзӕрӕг быдыры сӕнӕфсирау Ӕз ссардтон Израилы, сӕ фыдӕлтӕ Мын уыдысты легъуи бӕласы фыццаг дыргъау. Фӕлӕ Баал-Пеормӕ куы ацыдысты ӕмӕ сӕхи уыцы ӕлгъаг гуымирыйӕн куы снывонд кодтой, уӕд сӕхӕдӕг дӕр сӕлгъаг сты уыйау.

11 Ефремӕн йӕ цотамонд атӕхдзӕни маргъау: сылгоймаг нал аргӕ ныккӕндзӕн, нал сывӕрджын бауыдзӕн ӕмӕ йӕм нал гуырдз фӕзындзӕн.

12 Сабитӕ куы схӕссой, уӕд дӕр сын се ’ппӕты дӕр байсдзынӕн. Додой сӕ къона, Ӕз сыл Мӕхи куы атигъ кӕнон, уӕд!

13 Фыццаг ӕй куы федтон, уӕд Ефрем уыди тыгъд быдыры сагъд бӕласау, фӕлӕ ныр йӕ зӕнӕджы марынмӕ ратдзӕни».

14 О, ратт сын, Дунедарӕг, — цы Дӕ ракурон ӕз уыдонӕн? — ӕнӕзӕнӕг сӕ скӕн, мады ӕхсыр ма фенӕд сӕ хъӕстӕ!

15 «Гилгалы райдыдтой сӕ фыдмитӕ. Уым Мын фенӕуынон сты. Сӕ тӕригъӕдты тыххӕй сӕ Ӕз Мӕ Хӕдзарӕй фӕсурдзынӕн, нал сӕ уарздзынӕн — сӕ фӕтӕгтӕ мыл атигъ кодтой сӕхи.

16 Афӕлдӕхтой Ефремы! Йӕ уидаг бахус, ӕмӕ дыргъ нал ратдзӕн. Цот ма куы рауадзой, уӕд дӕр сын Ӕз сӕ уарзон хъӕбулты мӕлӕты амӕттаг бакӕндзынӕн».

17 Мӕ Хуыцау Йе ’ргом аздахдзӕни уыдонӕй, уымӕн ӕмӕ Йӕм нӕ хъуыстой. Адӕмты ’хсӕн ныххӕлиу уыдзысты.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan