Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Осиа 8 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Сыкъауадындзӕй ныууас! Хъӕрццыгъайау йӕхи ныццӕвдзӕн знаг Дунедарӕджы адӕмыл, уымӕн ӕмӕ Мӕ Фидыды сӕрты ахызтысты, Ме ’Гъдауы ныхмӕ сыстадысты.

2 Дзыназдзысты Мӕм: «О нӕ Хуыцау! Мах израилӕгтӕ стӕм. Мах базыдтам Дӕу».

3 Израилӕн хорздзинад бӕсты нӕ цӕуы, ӕмӕ знаг зилдзӕни йӕ фӕдыл.

4 Ме ’вастӕй сӕхицӕн паддзӕхтӕ сӕвӕрдтой, ӕнӕ Мӕн бафӕрсгӕйӕ равзӕрстой фӕтӕгтӕ. Се ’взист ӕмӕ сӕ сыгъзӕринӕй сарӕзтой гуымирытӕ — се сӕфт уырдыгӕй рацыди.

5 Самари, Ӕз дын дӕ гуымирыйы нӕ айстон! Мӕ маст уӕм судзы: кӕд ссыгъдӕг уыдзыстут?

6 Уый дӕр та Израилы хъуыддаг у: хуыцау нӕу — ӕрмдӕсныйы конд; базгъӕлӕн уыдзӕн Самарийы гуымиры.

7 Дымгӕ кӕм байтыдтой, уым уад ӕркӕрддзысты. Сӕ хуымы ӕфсиртыл иу нӕмыг дӕр куынӕ уа, уӕд ӕнӕ хорӕй баззайдзысты. Куы уа, уӕд та — ӕцӕгӕлӕттӕн хӕринаг.

8 Аныхъуырдтой Израилы, ӕмӕ ныр ӕндӕр адӕмты ’хсӕн израилӕгтӕ ӕнӕпайда мигӕнӕнау суыдзысты.

9 Иунӕгӕй чи хъеллау кӕны, уыцы хъӕддаг хӕрӕгау ацыдысты Ассиримӕ, ӕмӕ Ефрем зӕрдӕлхӕнӕн лӕвӕрттӕ кодта.

10 Фӕлӕ адӕмтӕн цыфӕнды лӕвӕрттӕ куы уарой, уӕддӕр сӕ Ӕз ӕрӕмбырд кӕндзынӕн тӕрхонмӕ, ӕмӕ хъомысджын паддзахы ӕфсондзы бын хъизӕмарӕй мӕлдзысты.

11 Уымӕн ӕмӕ бирӕ нывондхӕссӕнтӕ сарӕзта Ефрем, фӕлӕ йын уыдон фӕахъаз сты ӕрмӕст тӕригъӕды бацӕуынӕн.

12 Ӕз ын ныффыстон Мӕ ахсджиаг ӕгъдӕуттӕ, фӕлӕ сӕ уый ӕнӕхъӕугӕйыл банымадта.

13 Нывӕндтӕ мын ӕрхӕссынц ӕмӕ сын сӕ дзидза хӕрынц, фӕлӕ сын сӕ Дунедарӕг нӕ айсы. Уый сын ӕрхъуыды кӕндзӕн сӕ тӕригъӕдтӕ, бафхӕрдзӕн сӕ, ӕмӕ Мысырмӕ раздӕхдзысты.

14 Израил йе Сфӕлдисӕджы ферох кодта ӕмӕ галуантӕ фӕцарӕзта. Иудӕ дӕр бырутӕй ӕхгӕд сахартӕ бирӕ сарӕзта, фӕлӕ сӕ Ӕз арты хай бакӕндзынӕн, ӕмӕ сын уыцы арт аныхъуырдзӕн сӕ галуантӕ.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan