Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Осиа 7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Израилы йӕ низӕй куы дзӕбӕх кодтон, уӕд рабӕрӕг сты Ефремы тӕригъӕдтӕ, Самарийы фыдракӕндтӕ, уымӕн ӕмӕ мӕнгард митӕ кӕнынц; хӕдзӕрттӕм лӕбурынц ӕмӕ уынгты адӕмы стигъынц.

2 Уыдонӕн сӕ хъуыдыйы дӕр нӕй, сӕ фыдракӕндтӕ Мӕ рох кӕй не сты, уый. Сӕ хъуыддӕгтӕ сӕ алыварс ӕртыхстысты, нӕ бамбӕхсдзысты Мӕнӕй!

3 Сӕ фыдракӕндтӕй паддзахы зӕрдӕ бахъӕлдзӕг кӕнынц, сӕ фӕливӕнтӕй ирхӕфсынц сӕ фӕтӕгты.

4 Се ’ппӕт дӕр схъахбай сты, хыссӕ цалынмӕ хӕрдмӕ цӕуы, уӕдмӕ кӕрдзынгӕнӕг цы зынг пец фӕуадзы, уыйау — арт цырен кӕнын нал хъӕуы!

5 Нӕ паддзахы бӕрӕгбоны ӕлдӕрттӕ уый бӕрц сӕн бануӕзтой, ӕмӕ рынчынты хуызӕн систы, паддзах та уыцы цъаммартӕм йӕ къух бадардта.

6 Уымӕн ӕмӕ уыдон цъӕх арт уадзынц кӕрдзынгӕнӕджы пецау, мӕнгарддзинадӕй семыдзаг сты: ӕхсӕвыгон сӕхи ӕвдисынц зӕрдӕхӕларӕй, райсомӕй та сӕ фыдӕх пецау ссудзы.

7 Се ’ппӕт дӕр пецау сзынг сты ӕмӕ сӕ тӕрхонгӕнджыты ныхъуырынц. Паддзӕхтӕ сӕ амӕттаг фесты, фӕлӕ сӕ иу дӕр Мӕн нӕ агуры.

8 Ефрем иннӕ адӕмтимӕ йӕхи сбаста. Ефрем сси, ӕрфӕлдахын кӕй ферох кодтой, уыцы кӕрдзынау.

9 Ӕцӕгӕлӕттӕ йын йӕ хъару басастой, уый та йӕ ӕмбаргӕ дӕр нӕ кӕны. Йӕ сӕрыхъуынтӕ сурс сты, уый та йӕ нӕ фиппайы.

10 Израилӕгтӕн сӕ хирвӕссондзинад сӕ ныхмӕ ӕвдисӕн лӕууы, фӕлӕ уӕддӕр Дунедарӕгмӕ, сӕ Хуыцаумӕ, нӕ раздӕхтысты ӕмӕ Йӕ не ’рцагуырдтой.

11 Ефрем ӕдылы ӕхсинӕгӕй уӕлдай нӕу: куы Мысырмӕ сиды, куы та Ассиримӕ фӕцӕйцӕуы.

12 Куы араст уой, уӕд сыл Ӕз Мӕ ахсӕн хыз баппардзынӕн, уӕларвон мӕргътау сӕ расхойдзынӕн дӕлӕмӕ; бафхӕрдзынӕн сӕ, дзыллӕйы раз сын куыд загъдӕуыди, афтӕ.

13 Додой сӕ къона, кӕй Мӕ ныууагътой, уый тыххӕй! Мӕ ныхмӕ кӕй сыстадысты, уый аххосӕй бабын уыдзысты! Ӕз-иу сӕ фервӕзын кодтон, уыдон та Мӕн тыххӕй мӕнг ныхӕстӕ дзырдтой!

14 Зӕрдиагӕй Мӕм кувыны бӕсты сӕ хуыссӕнуӕтты ӕрдиаг кодтой; къӕбӕр ӕмӕ сӕны тыххӕй ӕрӕмбырд вӕййынц, Мӕнӕй та се ’ргом аздӕхтой.

15 Ӕз сын зонд амыдтон ӕмӕ архайдтон, цӕмӕй фӕфидардӕр уой, ууыл, уыдон та фыдвӕндтӕ арӕзтой Мӕ ныхмӕ.

16 Се ’ргом здахынц, фӕлӕ Иууылбӕрзондмӕ нӕ! Чи ныззылын ӕмӕ йӕ мысаныл чи нӕ сӕмбӕлы, ахӕм фаты хуызӕн систы. Сӕ къӕйных ныхӕсты тыххӕй се ’лдӕрттӕ карды амӕттаг бауыдзысты, ӕмӕ сыл мысырӕгтӕ сӕхи худӕгӕй хӕсдзысты.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan