Осиа 6 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Хъизӕмар куы кӕной, уӕд Мӕ сӕумӕйӕ агурдзысты: «Цомут, Дунедарӕгмӕ раздӕхӕм — Уый ныл низ бафтыдта, ӕмӕ нӕ Уый Йӕхӕдӕг сӕнӕниз скӕндзӕни, Уый нӕ ӕрцавта, ӕмӕ нын нӕ хъӕдгӕмттӕм дӕр Уый базилдзӕн. 2 Дыууӕ бонмӕ нӕ царды тых бауадздзӕн, ӕртыккаг бон нӕ слӕууын кӕндзӕн нӕ къӕхтыл, ӕмӕ цӕрдзыстӕм Йӕ разы. 3 Уӕдӕ нӕ уд хъарӕм, Дунедарӕджы базонынмӕ тырнӕм: Уый нӕм раргом уыдзӕн сӕуӕхсидау, фӕзындзӕн нӕм къӕвдайау, зӕххӕн йӕ дойны суадздзӕни тӕрккъӕвдайау». 4 Цы дын бакӕнон, Ефрем? Цы дын бакӕнон, Иудӕ? Райсомы мигъ ӕваст куыд фӕцыдӕр вӕййы ӕмӕ сӕууон ӕртӕх куыд тагъд ӕрбайсӕфы, уый ӕнгӕс у уӕ рӕстад. 5 Уый аххосӕй уӕ Ӕз Мӕ пехуымпарты дзыхӕй цавтон, Мӕ дзыхы дзырдӕй уӕ мардтон. Хурыскастау ссыгъди уӕ сӕрмӕ Мӕ тӕрхон. 6 Уымӕн ӕмӕ Мӕ нывонд нӕ хъӕуы, фӕлӕ уарзӕгой зӕрдӕ, иууылсудзинаг нӕ, фӕлӕ — Хуыцауы базонын. 7 Уыдон та Адамау фехӕлдтой фидыд, сивтой Мыл сӕ зӕрдӕ. 8 Галаад — ӕнӕхуыцӕутты сахар, тугамӕст. 9 Абырджытӕ искӕй размӕ куыд бабадынц, афтӕ Шехеммӕ фӕндагыл сауджынтӕ адӕмы марынц ӕмӕ ӕлгъаг митӕ кӕнынц. 10 Израилы хӕдзары стыр диссӕгтӕ уынын: фехӕлди Ефрем, фӕчъизи ис Израил. 11 Дӕуӕн дӕр, Иудӕ, сар дӕ сӕр кӕны, Ӕз Мӕ адӕмы уацарӕй фӕстӕмӕ куы раздахон, уӕд. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia