Осиа 5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Байхъусут, сауджынтӕ! Байхъусут, израилӕгтӕ! Уӕ хъус ӕрдарут, паддзахы галуаны чи цӕры, уыдон! Ӕнхъӕлмӕ уӕм кӕсы тӕрхон, уымӕн ӕмӕ Мицпайы уыдыстут къӕппӕгау, Фаворы та — кӕсагахсӕн хызау. 2 Змӕнтджытӕ сӕ хъахбай миты аныгъуылдысты, ӕмӕ Ӕз се ’ппӕты дӕр бафхӕрдзынӕн. 3 Ӕз зонын Ефремы, Израилы дӕр уынын: схъахбай дӕ, Ефрем; йӕхи фӕчъизи кодта Израил. 4 Се ’лгъаг митӕй сӕ не ’вдӕлы Хуыцаумӕ, уымӕн ӕмӕ хъахбайдзинад сӕ туджы ахызти, Дунедарӕджы нӕ базыдтой. 5 Израилы ныхмӕ ӕвдисӕн лӕууы йӕ хирвӕссондзинад. Израил ӕмӕ Ефремы сӕ тӕригъӕдтӕ бабын кӕндзысты, Иудӕ дӕр бабын уыдзӕни семӕ. 6 Сӕ фысвос ӕмӕ се стуртимӕ Дунедарӕджы агурӕг зилдзысты, фӕлӕ Йӕ не ссардзысты, уымӕн ӕмӕ сӕ Уый ныууадздзӕни. 7 Дунедарӕгыл сӕ зӕрдӕ сивтой, уымӕн ӕмӕ дзӕгъӕлзад цот ныййардтой. Сӕ мӕйногтӕ сӕ ныр ӕд зӕххытӕ аныхъуырдзысты. 8 Сыкъауадындзӕй ныууасут Гевӕйы, хӕтӕлӕй — Рамайы, ныффӕдис кӕнут Бет-Авены: «Дӕ фӕдыл, Бениамин!» 9 Мӕ азары бон Ефрем ӕдзӕрӕг быдыр фестдзӕн. Уый Израилы хӕдзарвӕндӕгты ’хсӕн хъусын кӕнын Ӕз. 10 Иудӕйы фӕтӕгтӕ искӕй ауӕдзыл фалдӕр кӕй ахӕцынц, уый тыххӕй сыл Ӕз Мӕ маст ныккалдзынӕн донау! 11 Ссӕст у Ефрем, ӕфхӕрд баййӕфта тӕрхонӕй — гуымирыты фӕдыл адзӕгъӕл ис. 12 Ӕз рӕмпӕг фестдзынӕн Ефремӕн, Иудӕйӕн йӕ хъӕдгӕмтты цъӕй миздзӕн. 13 Ефрем федта йӕ низ, Иудӕ — йӕ хъӕдгом. Уӕд Ефрем ацыдис Йаревмӕ, Ассирийы паддзахмӕ, фӕлӕ йын уымӕн ницы у йӕ бон, йӕ низӕй йӕ нӕ фервӕзын кӕндзӕни. 14 Уымӕн ӕмӕ Ӕз домбайау Мӕхи ныццӕвдзынӕн Ефремыл, домбайы лӕппынау — Иудӕйыл, фӕлӕбурдзынӕн сӕм, аскъуыдтӕ сӕ кӕндзынӕн ӕмӕ сӕ ничи фервӕзын кӕндзӕни. 15 Фӕстӕмӕ раздӕхдзынӕн Мӕ бынатмӕ, цалынмӕ сӕ азым ӕрӕмбарой ӕмӕ Мӕ ӕрцагурой, уӕдмӕ. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia