Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Осиа 4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Байхъусут Дунедарӕджы ныхасмӕ, израилӕгтӕ! Уый ацы бӕстӕйы цӕрджытӕн тӕрхон кӕны, уымӕн ӕмӕ сӕ зӕххыл нал ис рӕстдзинад ӕмӕ хӕлардзинад, ничиуал зоны Хуыцауы.

2 Сӕ сомытӕ фӕсайынц, марынц, давынц, хъахбай митӕ кӕнынц, тугныккалдӕн кӕрон нӕй.

3 Уый тыххӕй бахус уыдзӕни зӕхх, ӕмӕ фырвӕллад бауыдзысты йе ’ппӕт цӕрджытӕ — быдыры цӕрӕгойтӕ, уӕларвон мӕргътӕ ӕмӕ суанг денджызы кӕсӕгтӕ дӕр бабын уыдзысты.

4 Фӕлӕ быцӕу мачи кӕнӕд, мачи макӕй дарӕд азымы. Сауджынтӕ, Ӕз азымджын кӕнын сымах!

5 Боныгон фӕкӕлдзыстут уӕхӕдӕг, ӕхсӕвы та — уӕ пехуымпартӕ. Ӕз уын уӕ ныййарӕг мады дӕр бабын кӕндзынӕн.

6 Бындзагъд фӕуыдзысты Мӕ адӕм, фаг кӕй не ’мбарынц, уый тыххӕй. Сауджынтӕ, исты бамбарын уӕ кӕй нӕ бафӕндыд, уый тыххӕй уыл Ӕз мӕхи атигъ кӕндзынӕн. Сымах уӕ Хуыцауы Ӕгъдау куыд ферох кодтат, афтӕ уын Ӕз дӕр уӕ цоты рохуаты ныууадздзынӕн.

7 Сӕ нымӕц цас фылдӕр кӕны, уыйас Мӕ ныхмӕ фылдӕр тӕригъӕдтӕ кӕнынц. Ӕз сын сӕ кад баивдзынӕн ӕгадӕй.

8 Мӕ адӕмы тӕригъӕдтӕй ӕфсӕдынц, сӕ фыдракӕндтӕм сын бӕллынц.

9 Адӕммӕ цы кӕса, сауджынмӕ дӕр — уый. Алкӕй дӕр йӕ фӕндӕгтӕм гӕсгӕ бафхӕрдзынӕн, алкӕмӕн дӕр йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ бафиддзынӕн.

10 Хӕрдзысты, фӕлӕ не ’фсӕддзысты; хъахбай митӕ кӕндзысты, фӕлӕ сын цот нӕ рацӕудзӕн, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕгыл сӕ зӕрдӕ сивтой.

11 Хӕлд митӕ, зӕронд ӕмӕ ног сӕн сӕ царды сӕйраг систы.

12 Мӕ адӕм сӕ бӕласы фӕрсынц, ӕмӕ сын уый дзуапп ратты. Сӕ хъахбайдзинад сын сӕ фӕндаг ныссуйтӕ кодта ӕмӕ, ӕнӕуаг митӕ кӕнгӕйӕ, сӕ Хуыцауӕй адард сты.

13 Хӕхты цъуппытыл нывӕндтӕ хӕссынц ӕмӕ къуыбыртыл судзынц буд — тулдз бӕласы, гӕды бӕласы ӕмӕ теревинфы бын, уымӕн ӕмӕ уыдон хорз аууон дарынц. Уӕ чызджытӕ ӕмӕ уӕ чындзытӕ дӕр уый тыххӕй схъахбай сты.

14 Ӕз уын уӕ чызджыты сӕ хъахбай миты тыххӕй нӕ бафхӕрдзынӕн, стӕй уӕ чындзыты дӕр се ’нӕуаг миты тыххӕй Мӕ азары хай нӕ бакӕндзынӕн, уымӕн ӕмӕ уӕхӕдӕг дӕр хъахбайтӕ стут ӕмӕ нывӕндтӕ дӕр хъахбайтимӕ хӕссут, ницызонӕг адӕм та сӕфынц.

15 Кӕд ды хӕтгӕ кӕныс, Израил, уӕд Иудӕ тӕригъӕдӕй йӕхи бахизӕд! Ма цӕут Гилгал кӕнӕ Бет-Авенмӕ ӕмӕ Дунедарӕгӕй сомы ма кӕнут.

16 Къӕйных дыгӕрдыгӕй уӕлдай коммӕ куынӕуал кӕсы Израил, уӕд ма сӕ Дунедарӕг уӕрыччытау парахат уыгӕрдӕны куыд хиза?

17 Гуымирытыл баст у Ефрем — йӕхи уагыл ӕй уадз!

18 Нуазын ӕмӕ хӕтын йеддӕмӕ сын мацы ратт, сӕ фӕтӕгтӕ фидиссаг митыл бафтыдысты.

19 Дымгӕ сӕ куы ныффӕйлауа, уӕд сӕ нывӕндтӕй фефсӕрмы уыдзысты.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan