Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Осиа 3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Дунедарӕг мын загъта: «Цу ӕмӕ бауарз, лӕгимӕ цӕргӕйӕ ма ӕндӕр лӕгтӕм дӕр йӕ хъус чи дары, ахӕм сылгоймаджы, раст мӕнӕ, Дунедарӕг израилӕгты куыд уарзы, фӕлӕ ма уыдон уӕддӕр ӕндӕр хуыцӕуттӕм сӕ хъус куыд дарынц ӕмӕ сын сӕ чисмисджын гуылтӕ куыд уарзынц, уыйау».

2 Ӕмӕ ӕз мӕхицӕн балхӕдтон сылгоймаджы, фынддӕс шекелы ӕвзист ӕмӕ йыл иу ӕмӕ ӕрдӕг хомеры хъӕбӕрхор радтон.

3 Загътон ын: «Бирӕ рӕстӕг цӕр мӕ хӕдзары. Дӕ хъахбай митӕ ныууадз, макӕимӕ хӕт, ӕмӕ дын ӕз дӕр афтӕ уыдзынӕн».

4 Уымӕн ӕмӕ израилӕгтӕ бирӕ рӕстӕг баззайдзысты ӕнӕ паддзахӕй, ӕнӕ ӕлдарӕй ӕмӕ ӕнӕ нывондӕй; ӕнӕ нывондхӕссӕнӕй, ӕнӕ ефодӕй, ӕнӕ хӕдзарон хуыцаугондӕй.

5 Уый фӕстӕ ӕрфӕсмон кӕндзысты ӕмӕ ӕрцагурдзысты Дунедарӕджы, сӕ Хуыцауы, стӕй сӕ паддзах Давиды. Фӕстаг заманы Дунедарӕджы раз аргъуыц кӕнын райдайдзысты ӕмӕ Йын Йӕ хорзӕх агурдзысты.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan