Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Осиа 2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Уе ’фсымӕртӕм дзурут «Мӕ адӕм», уӕ хотӕм — «Хатыргонд».

2 Дзуапп ӕрдомут уӕ ныййарӕг мадӕй, уымӕн ӕмӕ уый Мӕ бинойнаг нӕу, Ӕз та нӕ дӕн йӕ сӕрыхицау. Йӕ хъахбай митӕ ныууадзӕд, хъазинаг ма аразӕд йӕ риуӕй.

3 Науӕд ӕй Ӕз, йӕ райгуырды бон куыд уыди, афтӕ мадард бӕгънӕг скӕндзынӕн ӕмӕ йӕ ӕдзӕрӕг быдыр фестын кӕндзынӕн, доны ’ртах ӕм нал ӕруадздзынӕн, ӕмӕ дойныйӕ мӕлдзӕни.

4 Йӕ цотӕн дӕр хатыр нӕ уыдзӕн, уымӕн ӕмӕ хъахбайы цот сты.

5 Ӕддӕкъах уыди сӕ мад ӕмӕ сӕ афтӕмӕй ныййардта. Дзырдта, зӕгъгӕ, мӕ хӕзгулты фӕстӕ цӕудзынӕн: уыдон мын дӕттынц дзул ӕмӕ дон, къуымбил ӕмӕ гӕн, оливӕйы сой ӕмӕ нозт.

6 Йӕ развӕндаг ын Ӕз сындз къутӕр фестын кӕндзынӕн, йӕ алыварс ын самайдзынӕн быру, ӕмӕ йӕ фӕндаг ныссуйтӕ уыдзӕн.

7 Йӕ хӕзгулты фӕдыл азгъордзӕн, фӕлӕ сӕ нал аййафдзӕн, агурдзӕн сӕ, фӕлӕ сӕ не ссардзӕн. Ӕмӕ уӕд зӕгъдзӕни: «Цӕуон, мӕ фыццаг лӕгмӕ раздӕхон — уӕд мӕ цард абонӕй хуыздӕр уыд».

8 Уый нӕ зыдта, Ӕз ын кӕй лӕвӕрдтон хӕринаг, сӕн ӕмӕ сой, ӕнӕнымӕц ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕрин, уый та Баалы гуымиры сарӕзта.

9 Уый тыххӕй Ӕз тыллӕг афон фӕстӕмӕ байсдзынӕн мӕ хор, куы сцӕттӕ уа, уӕд — Мӕ сӕн; фӕстӕмӕ байсдзынӕн Мӕ къуымбил ӕмӕ гӕн, йӕ бӕгънӕг буар кӕмӕй ӕрӕмбӕрзы, уыдон.

10 Ӕз ын ныр йӕ худинаг йӕ хӕзгулты раз раргом кӕндзынӕн, ӕмӕ Мын ӕй Мӕ къухӕй ничиуал байсдзӕн.

11 Ӕз ын кӕрон скӕндзынӕн йӕ хъӕлдзӕгдзинӕдтӕн, мӕйногтӕ ӕмӕ сабӕттӕн — алы бӕрӕгбонӕн.

12 Ӕз ын сафтид кӕндзынӕн йӕ сӕнӕфсиры талатӕ ӕмӕ йӕ легъуи бӕлӕстӕ, йӕ хӕзгулты лӕвӕрттӕ кӕй хуыдта, уыдон. Хъӕды пыхсбынтӕ сӕ фестын кӕндзынӕн, ӕмӕ сӕ хъӕддаг сырдтӕ аныхъуырдзысты.

13 Баалы гуымирытӕн буд кӕй сыгъта, уый тыххӕй йӕ Ӕз бафхӕрдзынӕн. Йӕхи-иу хъусцӕджытӕ ӕмӕ фӕрдгуытӕй сфӕлыста, ӕмӕ афтӕмӕй йӕ хӕзгулты фӕдыл зылди, Мӕн та-иу рохуаты ныууагъта, — зӕгъы Дунедарӕг.

14 Уымӕ гӕсгӕ йӕ Ӕз ныр Мӕхӕдӕг ӕдзӕрӕг быдырмӕ ахондзынӕн, фӕлмӕн ныхас кӕндзынӕн йемӕ.

15 Уым ын Ӕз фӕстӕмӕ ратдзынӕн йӕ сӕндӕттӕ, Ахоры дӕлвӕз фестдзӕни ныфсы дуар. Ӕмӕ уым райхъуысдзӕни йӕ зарӕг, ӕвзонг ма куы уыд ӕмӕ Мысыры зӕххӕй куы рацыд, уӕд куыд уыдис, афтӕ.

16 Уыцы бон, — зӕгъы Дунедарӕг, — ды Мӕн схондзынӕ дӕ сӕрыхицау, мӕ Хицау, зӕгъгӕ, нал дзурдзынӕ Мӕнмӕ.

17 Баалы нӕмттӕ дын дӕ былалгъӕй фесафдзынӕн, ӕмӕ сӕ кой нал фехъуысдзӕн.

18 Уыцы бон Ӕз быдыры цӕрӕгойтӕ, уӕларвон мӕргътӕ ӕмӕ зӕххон хилӕгойты адӕмимӕ бафидауын кӕндзынӕн; уыцы зӕххыл кард, ӕрдын ӕмӕ хӕстӕн сӕ кой дӕр фесафдзынӕн, ӕмӕ цӕрдзысты ӕдасӕй.

19 Мӕхицӕн дӕ усаг зӕгъдзынӕн мыггагмӕ — рӕстад ӕмӕ рӕстдзинады, уарзондзинад ӕмӕ хорзӕхы бындурыл.

20 Иузӕрдионӕй дӕ усаг зӕгъдзынӕн Мӕхицӕн, ӕмӕ ды базондзынӕ Дунедарӕджы.

21 Уыцы бон Ӕз ратдзынӕн дзуапп, — зӕгъы Дунедарӕг, — арвӕн зӕгъдзынӕн, ӕмӕ зӕххыл къӕвда ӕруадздзӕни.

22 Зӕхх ратдзӕнис хор, сӕн ӕмӕ оливӕйы сой. Ӕмӕ афтӕмӕй дзуапп ратдзынӕн Изреелӕн.

23 Мӕхицӕн ӕй байтаудзынӕн зӕххы, ӕмӕ уӕд Ӕнӕхатыргондӕн ныббардзынӕн. Мӕн чи нӕу, уыцы адӕмӕй Ӕз зӕгъдзынӕн «Мӕ адӕм», уыдон та Мын зӕгъдзысты: «Ды — нӕ Хуыцау».

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan