Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Осиа 14 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Самари баййафдзӕнис ӕфхӕрд, уымӕн ӕмӕ йӕ Хуыцауы ныхмӕ сыстади. Йӕ адӕм карды амӕттаг фӕуыдзысты, сӕ сабиты сын уӕнггай скӕндзысты, сывӕрджын сылгоймӕгтӕн сӕ гуыбынтӕ акъӕртт кӕндзысты.

2 Израил, раздӕх дӕ Хуыцаумӕ, уымӕн ӕмӕ дӕ тӕригъӕдты тыххӕй сӕфыс.

3 Скувут Дунедарӕгмӕ ӕмӕ Йын зӕгъут: «Ныббар нын нӕ тӕригъӕдтӕ ӕмӕ нын айс нӕ куывд, нӕ дзыхы ныхас Дын ӕрхӕсдзыстӕм нывондӕн.

4 Ассири мах нӕ фервӕзын кӕндзӕни, нал сбаддзыстӕм бӕхтыл ӕмӕ, нӕхи къухӕй кӕй сарӕзтам, уыдоны нӕ хуыцӕуттӕ нал схондзыстӕм. Сидзӕртӕ Дӕ хорзӕхӕй схайджын вӕййынц».

5 «Сӕ гадзрахатӕй сӕ Ӕз сӕнӕниз кӕндзынӕн ӕмӕ сӕ Мӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ бауарздзынӕн, уымӕн ӕмӕ сӕм нал мӕсты кӕнын.

6 Ӕз Израилӕн суыдзынӕн ӕртӕхау, ӕмӕ дидинӕг скалдзӕни кӕркусӕгау, ливайнаг кедрау йӕ уидӕгтӕ ауадздзӕни зӕххы.

7 Алы ран сзайдзысты йӕ талатӕ, срӕсугъд уыдзӕн оливӕ бӕласау, Ливаны бӕлӕстау йӕ хӕрздӕф уӕлдӕфы хъардзӕн.

8 Йӕ быны чи царди, уыдон раздӕхдзысты фӕстӕмӕ, хорарӕхӕн суыдзӕни сӕ цард, сӕнӕфсиры зӕнгау дидинӕг скалдзысты, Ливаны сӕнау сӕ кой айхъуысдзӕни дардыл.

9 Ефрем, гуымирытимӕ Мӕнӕн иумӕйагӕй цы ис? Сымах тыххӕй дзуапп дӕр Ӕз дӕттын ӕмӕ уыл мӕт дӕр Ӕз кӕнын. Ӕз дӕн, ӕдзух цъӕх чи дары, уыцы кипарисау, уӕ бӕркад рацӕуы Мӕнӕй».

10 Куырыхон чи у, уый уыдӕттӕ бамбарӕд, ӕмбаргӕ чи у, уый сӕ базонӕд. Дунедарӕгӕн раст сты Йӕ фӕндӕгтӕ, ӕмӕ сыл рӕстудтӕ цӕудзысты, ӕнӕхуыцӕуттӕ та сыл фӕкӕлдзысты.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan