Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Осиа 13 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Ефремӕн-иу йӕ ныхас куы райхъуыст, уӕд-иу адӕмыл ризӕг бахӕцыд. Стыр кад ын уыд Израилы, фӕлӕ Баалы тыххӕй азымджын фӕци ӕмӕ бабын ис.

2 Сӕ тӕригъӕдтӕ фӕфылдӕр сты ныр: се ’взистӕй сӕхи хъуыдымӕ гӕсгӕ саразынц гуымирытӕ, иууылдӕр — ӕрмдӕсныйы къухвӕллой. Ӕмӕ, нывӕндтӕ чи хӕссы, уыдонӕн фӕзӕгъынц, гуымирыйӕн аба кӕн, зӕгъгӕ.

3 Уымӕ гӕсгӕ уыдон райсомы мигъӕй, ӕртӕхӕй уӕлдай нал уыдзысты; мусы зыгуымау, тохынайы фӕздӕгау ӕрбайсӕфдзысты.

4 Фӕлӕ Ӕз дӕн Дунедарӕг, Мысырӕй ардӕм — уӕ Хуыцау. Мӕн йеддӕмӕ уын ӕндӕр хуыцау ӕмӕ ирвӕзынгӕнӕг нӕй.

5 Ӕз уыл аудыдтон ӕдзӕрӕг быдыры, хурсыгъд зӕххыл.

6 Уыгӕрдӕн сӕ къухы куы бафтыд ӕмӕ куы бафсӕстысты, уӕд схъал сты. Рох дӕр Мӕ уымӕн фӕкодтой.

7 Уӕдӕ сын Ӕз суыдзынӕн домбайау, сӕ размӕ бабаддзынӕн фыранкау.

8 Мӕхи-иу сыл ныццӕвдзынӕн, Йӕ лӕппынты кӕмӕн байсынц, уыцы мадӕл арсау, сӕ риутӕ сын рӕдувдзынӕн фӕйнӕрдӕм, ныхъуырдзынӕн сӕ мадӕл домбайау, хъӕддаг сырдтӕ сӕ аскъуындзысты.

9 Дӕхи бабын кодтай, Израил, уымӕн ӕмӕ Мӕ ныхмӕ, дӕ иунӕг ӕххуысгӕнӕджы ныхмӕ, рацыдтӕ.

10 Кӕм ис ныр уӕ паддзах, цӕуылнӕ уӕ фервӕзын кӕны уӕ алы сахары дӕр? Кӕм сты уӕ тӕрхоны лӕгтӕ, афтӕ кӕй тыххӕй дзырдтат: «Ратт нын паддзах ӕмӕ фӕтӕгтӕ».

11 Мӕ маст уӕм куы рафыхт, уӕд уын паддзахы радтон ӕмӕ, куы смӕсты дӕн, уӕд уын ӕй фӕстӕмӕ айстон.

12 Рох нӕу Ефремы фыдракӕнд, йӕ тӕригъӕд нӕ ферох ис.

13 Йӕ арын афон ӕрхӕццӕ кӕны, фӕлӕ ӕнӕмбаргӕ сывӕллон у, ӕмӕ йын не ’нтысы ныййарын.

14 Ӕз сӕ бахиздзынӕн зындонӕй, мӕлӕтӕй сӕ фервӕзын кӕндзынӕн. Мӕлӕт, кӕм ис дӕ маргӕвзаг? Зындон, кӕм ис дӕ уӕлахиз? Тӕригъӕд нӕ зондзынӕн Ӕз.

15 Йе ’фсымӕртӕй уал амондджындӕр зынӕд, фӕлӕ ӕдзӕрӕг быдырӕй фӕзындзӕн скӕсӕйнаг дымгӕ, Дунедарӕджы дымгӕ, ӕмӕ йӕ суадоны цӕст бахус уыдзӕн, йӕ донгуырӕн ӕрбайсӕфдзӕн; йӕ хӕзнадоны йын иунӕг хӕзна дӕр нал ныууадздзӕн.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan