Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Осиа 11 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 «Израил ма саби уыди, афтӕ йӕ бауарзтон Ӕз, Мысырӕй рахуыдтон Мӕ фырты.

2 Цас фылдӕр сидтӕн израилӕгтӕм, уыйас мӕ сӕхи дарддӕр ластой, нывӕндтӕ хастой Баалтӕн ӕмӕ буд сыгътой гуымирытӕн.

3 Ӕз къахӕй цӕуын сахуыр кодтон Ефремы, Мӕ къухтыл ӕй хастон, уый та ӕмбаргӕ дӕр нӕ кодта, Ӕз ӕй кӕй дзӕбӕх кӕнын, уый.

4 Зӕрдӕхӕларӕй, уарзгӕйӕ сӕ размӕ кодтон. Сӕ бӕрзӕйӕ сын се ’фсондз систон, ӕргуыбыр сӕм кодтон, цӕмӕй сӕ бафсадон, уый тыххӕй.

5 Мысырмӕ сын аздӕхӕн нал ис, фӕлӕ Ассири суыдзӕни сӕ паддзах, уымӕн ӕмӕ сӕхи атигъ кодтой Мӕныл.

6 Сӕ сахартӕ карды амӕттаг бауыдзысты, сӕ кулдуӕртты ӕвдузӕнтӕ сын ныппырх кӕндзысты, сӕ фыдвӕндтӕн кӕрон ӕрцӕудзӕни.

7 Се ’ргом Мӕ аздӕхтой мӕ адӕм, фӕстӕмӕ раздӕхын сӕ хъуыдыйы дӕр нӕй. Цӕмӕй Иууылбӕрзондмӕ се ’ргом раздахой, уый тыххӕй сӕм пехуымпартӕ сидынц, фӕлӕ Йын кад ничи кӕны.

8 Куыд дӕ ныууадзон, Ефрем? Гадзрахатӕй дыл куыд рацӕуон, Израил? Адмӕйӕн ци ми бакодтон, ахӕм ми уын куыд бакӕнон? Цевоимӕн цытӕ бакодтон, уыдӕттӕ уын куыд бавзарын кӕнон? Мӕ зӕрдӕ фӕйнӕрдӕм тоны, тынг уын тӕригъӕд кӕнын.

9 Мӕ судзгӕ масты фӕдыл нӕ ацӕудзынӕн, нӕ фесафдзынӕн Ефремы. Уымӕн ӕмӕ Ӕз уе ’хсӕн адӕймаг нӕ, фӕлӕ Хуыцау дӕн. Ӕз дӕн Уаз ӕмӕ сахармӕ, фыр мӕстӕй судзгӕйӕ, нӕ бацӕудзынӕн».

10 Дунедарӕг домбайау куы ныррыха, уӕд рацӕудзысты Йӕ фӕдыл, Йӕ рыхын куы райхъуыса, уӕд Ӕм Йӕ фырттӕ ныгуылӕнӕй фӕзындзысты.

11 Ӕрбатӕхдзысты йӕм мӕргътау Мысырӕй, бӕлӕттау — Ассирийӕ, ӕмӕ сӕ Ӕз сӕ хӕдзӕртты ӕрцӕрын кӕндзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг.

12 Ефрем Мыл хинӕй цӕуы, Израил — сайдӕй, фӕлӕ Иудӕ Хуыцауимӕ ис, Уаз Хуыцауыл йӕ зӕрдӕ нӕ ивы.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan