Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Осиа 10 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Израил — зад сӕнӕфсиры зӕнг, гагаты бынӕй нал зыны. Йӕ дыргътӕ цас фылдӕр кӕнынц, уыйас фылдӕр нывондхӕссӕнтӕ аразы. Йӕ зӕхх цас сойджындӕр кӕны, уыйас фылдӕр — йӕ табуйаг дуртӕ.

2 Фыдӕнхъӕл фесты ӕмӕ ныр ӕфхӕрд баййафдзысты. Дунедарӕг сын сӕ нывондхӕссӕнтӕ ныппырх кӕндзӕн, сӕ табуйаг дуртӕ сын фесафдзӕн.

3 Нырма уал зӕгъынц: «Паддзах нын нӕй, уымӕн ӕмӕ мах Дунедарӕгӕй нӕ тӕрсӕм. Ӕниу ма нын паддзах дӕр цы сараздзӕн?»

4 Ӕнӕпайда ныхӕстӕ кӕнынц; мӕнг сомытӕ кӕнгӕйӕ, сфидар кӕнынц сӕ бадзырдтӕ. Фӕлӕ, гутонвӕды маргджын хӕмпӕлгӕрдӕг куыд ӕрзайы, уыйау талатӕ суадздзӕни сӕ раст тӕрхон.

5 Нырриздзысты Самарийы цӕрджытӕ Бет-Авены гуымирыйы тыххӕй. Йӕ кувджытӕ ӕмӕ йӕ дзуарылӕгтӕ йыл хъынцъым кӕндзысты, йӕ кад куы ӕрбайсӕфа, уӕд.

6 Гуымирыйӕн йӕхи та аласдзысты Ассиримӕ — стыр паддзахӕн лӕварӕн. Ефрем худинаджы бын фӕуыдзӕн, Израил йӕ фыдвӕндты тыххӕй къӕмдзӕстыгӕй баззайдзӕн.

7 Самари ӕмӕ йӕ паддзах фесӕфдзысты, доны сӕрмӕ доны фынк куыд ӕрбайсӕфы, уыйау.

8 Израилӕгты тӕригъӕдӕн ӕвдисӕн цы уаз къуыппытӕ сты, уыдон ӕрцӕудзысты дӕрӕнгонд, какон сындз ӕмӕ хӕмпӕлгӕрдӕгӕй нал зындзысты сӕ нывондхӕссӕнтӕ. Хӕхтӕм дзурдзысты: «Ӕрӕмбӕрзут нӕ!», къуыбыртӕм: «Ӕркӕлут ныл!»

9 Гевӕйы заман цы тӕригъӕд ракодтай, уымӕй ныр стырдӕр тӕригъӕды бацыдтӕ, Израил! Фервӕзтысты уым, ӕнӕхуыцӕутты ныхмӕ хӕст куы цыди, уӕд баззадысты ӕвыдӕй.

10 Ӕз сӕ Мӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ бафхӕрдзынӕн: сӕ ныхмӕ хӕцынмӕ адӕмтӕ ӕрбамбырд уыдзысты ӕмӕ сыл хъадамантӕ бакӕндзысты — дывӕрӕй тӕригъӕды кӕй бацыдысты, уый тыххӕй.

11 Ефрем — ӕрмахуыр гал, най кӕныныл ахуыр у. Ӕз ын Мӕхӕдӕг йӕ нард бӕрзӕйыл ӕфсондз сӕвӕрдзынӕн ӕмӕ йӕ баифтындздзынӕн. Иудӕ хуым кӕндзӕни, Йаков та похци ласдзӕн.

12 Рӕстдзинад таут ӕмӕ уӕхицӕн хорзӕх ӕркӕрдат. Ӕгайнӕг зӕхх афӕлдахут, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы ӕрцагурынӕн афон у, цӕмӕй, куы ’рцӕуа, уӕд уыл рӕстады къӕвда ӕруадза.

13 Сымах бахуым кодтат тӕригъӕд ӕмӕ ӕркарстат фыддзинад, мӕнгдзинады дыргътӕ хордтат. Уымӕн ӕмӕ уӕхи фӕндыл, уӕ бирӕ хӕстонтыл дардтат уӕ зӕрдӕ.

14 Уымӕ гӕсгӕ уӕ адӕм сызмӕнтдзысты, уӕ фидӕрттӕ иууылдӕр ныппырх уыдзысты, Шалман Бет-Арвел куы ныддӕрӕн кодта ӕмӕ мадӕлты сӕ цотимӕ куы мардтой, уӕд куыд уыдис, афтӕ.

15 Уый уын фӕпайда уыдзӕн Вефил уе стыр фыдракӕндты тыххӕй. Куыддӕр хур скӕса, афтӕ Израилы паддзах бабын уыдзӕн.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan