Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Осиа 1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Дунедарӕг фехъусын кодта Йӕ ныхас Беерийы фырт Осиайӕн. Уый уыди Иудейы паддзӕхтӕ Озиа, Иотам, Ахаз ӕмӕ Езекиайы заманты, стӕй Израилы паддзах Йеровоамы, Йоасы фырты, заман.

2 Дунедарӕг Осиайы уылты ныхас кӕнын куы райдыдта, уӕд ын ӕппӕты фыццаг загъта: «Бавдӕл, хъахбай сылгоймаджы ракур ӕмӕ хъахбай цот рауадз, уымӕн ӕмӕ ацы зӕхх Дунедарӕгыл йӕхи атигъ кодта ӕмӕ схъахбай ис».

3 Ӕмӕ Осиа бавдӕлд ӕмӕ Дивлаимы чызг Гомеры ӕрхаста. Гомер басывӕрджын ӕмӕ йын фырт ныййардта.

4 Дунедарӕг Осиайӕн загъта: «Сӕвӕр ыл ном Изреел. Чысыл рӕстӕджы фӕстӕ Мын Изреелы туг Йегу бафиддзӕни, ӕмӕ Ӕз йӕ бындур ныззилдзынӕн Израилы паддзахӕн.

5 Уыцы бон Ӕз Израилы ӕрдын ныссӕтдзынӕн Изреелы дӕлвӕзы».

6 Гомер та ногӕй басывӕрджын ӕмӕ чызг ныййардта. Дунедарӕг загъта Осиайӕн: «Сӕвӕр ыл ном Лорухамӕ, ома Ӕнӕхатыргонд, уымӕн ӕмӕ Ӕз нал ныббардзынӕн Израилы адӕмӕн, нал сын ныххатыр кӕндзынӕн.

7 Иудӕйы байзӕддаг та хатыргонд уыдзысты, ӕмӕ сӕ Ӕз фервӕзын кӕндзынӕн — кард, ӕрдын, хӕст, бӕхтӕ ӕмӕ барджыты фӕрцы нӕ, фӕлӕ Дунедарӕджы, сӕ Хуыцауы, хъаруйӕ».

8 Лорухамӕйы риуӕй куы фӕиртӕста, уӕд та Гомер басывӕрджын ис, ӕмӕ лӕппу ныййардта.

9 Уӕд Дунедарӕг загъта: «Сӕвӕр ыл ном Лоамми, уымӕн ӕмӕ сымах Мӕ адӕм не стут, ӕмӕ Ӕз нӕ уыдзынӕн уӕ Хуыцау».

10 Фӕлӕ израилӕгтӕ сбирӕ уыдзысты денджызы змисау — банымайӕн дӕр ӕмӕ сбарӕн дӕр кӕмӕн нӕй. Ӕмӕ сын афтӕ кӕм загъдӕуыд: «Сымах Мӕ адӕм не стут», зӕгъгӕ, уым сын дзурдзысты: «Сымах стут Цардӕгас Хуыцауы хъӕбултӕ».

11 Иудейӕгтӕ ӕмӕ израилӕгтӕ иумӕ ӕрбамбырд уыдзысты, сӕхицӕн иу фӕтӕджы сӕвӕрдзысты ӕмӕ уыцы бӕстӕй рацӕудзысты, уымӕн ӕмӕ Изреелмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы стыр фидӕн.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan