Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Нымӕцтӕ 9 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Куадзӕн

1 Ӕмӕ загъта Дунедарӕг Моисейӕн Синайы ӕдзӕрӕг быдыры, Мысырӕй куы рацыдысты, уымӕн йӕ дыккаг азы фыццаг мӕйноджы:

2 «Йӕ афоныл кӕнӕнт израилӕгтӕ Куадзӕн.

3 Йӕ афоныл ӕй кӕнут, ацы мӕйӕн ӕй йӕ цыппӕрдӕсӕм бон, изӕрмилты, фӕтк ӕмӕ ӕгъдау куыддӕриддӕр домынц, афтӕ скӕнут».

4 Моисей загъта израилӕгтӕн, цӕмӕй Куадзӕн скӕной,

5 ӕмӕ Синайы ӕдзӕрӕг быдыры фыццаг мӕйы цыппӕрдӕсӕм бон изӕрмилты скодтой Куадзӕн. Алцыдӕр, Дунедарӕг Моисейӕн куыд бафӕдзӕхста, растдӕриддӕр афтӕ бакодтой израилӕгтӕ.

6 Ахӕмтӕ уыди, марды буарыл чи андзӕвыд ӕмӕ чи фӕчъизи ис. Уыдонӕн уыцы бон Куадзӕны бӕрӕгбон скӕнӕн нӕ уыди, ӕмӕ тӕккӕ уыцы бон бацыдысты Моисей ӕмӕ Ааронмӕ

7 ӕмӕ загътой: «Мах марды буарыл андзӕвыдыстӕм ӕмӕ сыгъдӕг не стӕм. Ау, иннӕ израилӕгтимӕ нын йӕ афоныл Дунедарӕгӕн нывонд ӕрхӕссыны бар нӕй?»

8 Моисей загъта: «Фӕлӕуут мӕм ам, ӕмӕ ӕз байхъусон, Дунедарӕг уын цы зӕгъдзӕн, уымӕ».

9 Дунедарӕг Моисейӕн загъта:

10 «Фехъусын кӕн израилӕгтӕн: уӕхицӕй кӕнӕ уӕ байзӕддагӕй исчи, марды буармӕ февналгӕйӕ, куы фӕчъизи уа кӕнӕ дард фӕндагыл куы уа, уӕддӕр хъуамӕ Дунедарӕджы Куадзӕн скӕна.

11 Дыккаг мӕйы цыппӕрдӕсӕм бон ӕй изӕрмилты скӕнӕд, донгонд гуылтӕ ӕмӕ маст зайӕгхӕлттимӕ бахӕрӕд йӕ Куадзӕны уӕрыкк.

12 Райсоммӕ дзы мацыуал ныууадзӕд ӕмӕ йын йе стджытӕй мацы асӕттӕд: Куадзӕны фӕтк хъуамӕ мацӕмӕй фехала.

13 Сыгъдӕг чи у, фӕндагыл чи нӕ уыд ӕмӕ афтӕмӕй Куадзӕны нывонд чи не ’рхаста, уый йӕ адӕмӕй фӕхъӕудзӕн, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕгӕн йӕ афоныл нывонд не ’рхаста; тӕригъӕды азар баййафдзӕн уыцы адӕймаджы.

14 Уе ’хсӕн цӕрӕг ӕрцӕуӕггаджы куы фӕнда Дунедарӕджы Куадзӕн скӕнын, уӕд ӕй хъуамӕ Куадзӕны фӕтк ӕмӕ ӕгъдаумӕ гӕсгӕ скӕна — уыцы иу уагӕвӕрдтӕ уӕм хъуамӕ уа ӕцӕгӕлонӕн дӕр ӕмӕ бынӕттон цӕрӕгӕн дӕр».


Ӕврагъ Цатыры сӕрмӕ

15 Цы бон ӕвӕрд ӕрцыди, уыцы бон Уаз Цӕрӕн иууылдӕр мигъы аныгъуылд, изӕрӕй райсоммӕ та, цыма йӕ сӕрмӕ арт судзы, афтӕ зынди.

16 Уӕдӕй фӕстӕмӕ афтӕ уыди кӕддӕриддӕр: Уаз Цӕрӕн-иу мигъ ӕрбамбӕрзта, ӕхсӕвыгон та, цыма йӕ сӕрмӕ арт судзы, афтӕ зынди.

17 Мигъ-иу йӕхи куы систа Уаз Цӕрӕнӕй, уӕд-иу израилӕгтӕ сӕ фӕндаг адардтой, мигъ-иу кӕм ӕрбадт, уым та-иу рӕсӕнуат скодтой.

18 Дунедарӕджы амындӕй-иу ацыдысты сӕ фӕндагыл израилӕгтӕ ӕмӕ-иу Дунедарӕджы амындӕй ӕрлӕууыдысты: цалынмӕ-иу Уаз Цӕрӕны сӕрмӕ мигъ бадти, уӕдмӕ сӕ бынатӕй не змӕлыдысты.

19 Мигъ-иу дӕргъвӕтин рӕстӕг йӕхи куы нӕ иста Уаз Цӕрӕнӕй, уӕд-иу израилӕгтӕ ӕнцад лӕууыдысты — ӕххӕст кодтой Дунедарӕджы фӕндон.

20 Мигъ-иу цалдӕр боны куы бадти Уаз Цӕрӕны сӕрмӕ, уӕд-иу израилӕгтӕ, Дунедарӕджы амындӕй, сӕ бынаты лӕууыдысты ӕмӕ-иу стӕй, Дунедарӕджы амындӕй, сӕ фӕндаг дарддӕр кодтой.

21 Мигъ-иу йӕ бынаты ӕрмӕстдӕр изӕрӕй райсоммӕ куы лӕууыди, уӕд-иу уыдон дӕр, райсомӕй-иу куыддӕр йӕхи систа, афтӕ цӕуынмӕ фесты. Мигъ-иу йӕ бынаты иунӕг бон ӕмӕ иунӕг ӕхсӕв куы лӕууыд ӕмӕ-иу стӕй йӕхи куы систа, уӕд-иу уыдон дӕр уайсахат цӕуынмӕ фесты.

22 Дыууӕ боны, мӕй ӕви фылдӕр, цасфӕнды лӕууӕд мигъ Уаз Цӕрӕны сӕрмӕ — сӕ бынаты лӕууыдысты израилӕгтӕ ӕмӕ фӕндаджы кой нӕ кодтой, фӕлӕ-иу мигъ йӕхи куы систа, уӕд-иу уайтагъд цӕуынмӕ фесты.

23 Дунедарӕджы амындӕй-иу ӕрлӕууыдысты ӕмӕ-иу Дунедарӕджы амындӕй дарддӕр сӕ фӕндаг кодтой. Дунедарӕг Моисейӕн куыд бафӕдзӕхста, афтӕ кодтой.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan