Нымӕцтӕ 8 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстЦырагъдарӕн 1 Дунедарӕг Моисейӕн загъта: 2 «Ааронӕн зӕгъ: цырӕгътӕ афтӕ равӕрӕд, авд цырагъы цырагъдарӕны раз куыд рухс кӕной». 3 Аарон афтӕ бакодта: цырагъдарӕныл цырӕгътӕ, Дунедарӕг Моисейӕн куыд загъта, афтӕ равӕрдта. 4 Цырагъдарӕн та ӕнӕхъӕнӕй дӕр сыгъзӕринӕй конд уыди, йӕ зӕнгӕй йӕ сыфты онг — сыгъзӕрин цагъд; Дунедарӕг ын цы хуызӕг фенын кодта, уый халдихӕн сарӕзта Моисей цырагъдарӕн. Левитты ныббаст 5 Дунедарӕг Моисейӕн загъта: 6 «Фӕхицӕн кӕн левитты израилӕгтӕй ӕмӕ сӕ ссыгъдӕг кӕн. 7 Цӕмӕй ссыгъдӕг уой, уый тыххӕй та сын бакӕн афтӕ: бапырх сыл кӕн тӕригъӕд сыгъдӕггӕнӕн дон, сӕрдасӕнӕй ӕрдасӕнт сӕ буар ӕнӕхъӕнӕй, сӕ дарӕс цӕхсӕнт, ӕмӕ уӕд ссыгъдӕг уыдзысты. 8 Ӕрбакӕнӕнт гал, йемӕ йын ӕрбахӕссӕнт сойхӕццӕ ӕвзаргӕ мӕнӕуы ссадӕй хойраджы хуын. Дыккаг гал та — тӕригъӕды нывондӕн. 9 Ӕрлӕууын кӕн левитты Фембӕлды Цатыры раз ӕмӕ Израилы дзыллӕйы ӕрбамбырд кӕн. 10 Левитты Дунедарӕджы раз куы ӕрлӕууын кӕнай, уӕд сыл израилӕгтӕ сӕ къухтӕ ӕрӕвӕрӕнт, 11 ӕмӕ, куыд израилӕгты лӕвар, афтӕ снывонд кӕнӕд левитты Дунедарӕгӕн Аарон. Уый фӕстӕ левиттӕн сӕ бон у Дунедарӕгӕн лӕггад кӕнын. 12 Левиттӕ та сӕ къухтӕ ӕрӕвӕрӕнт галты сӕртыл: сӕ иу ӕрхӕсдзысты тӕригъӕды нывондӕн, иннӕ — Дунедарӕгӕн иууылсудзинаг нывондӕн, цӕмӕй левиттӕ сӕ тӕригъӕдтӕй ссыгъдӕг уой. 13 Ӕрлӕууын кӕн левитты Аарон ӕмӕ йӕ фыртты раз ӕмӕ сын сӕ ратт Дунедарӕгӕн хаст нывондау. 14 Фӕхицӕн кӕн левитты израилӕгтӕй — левиттӕ Мӕн хъуамӕ уой. 15 Куы сӕ ссыгъдӕг кӕнай ӕмӕ сӕ Дунедарӕгӕн хаст нывондау куы раттай, уӕд левиттӕн сӕ бон у бацӕуын ӕмӕ Фембӕлды Цатыры лӕггад кӕнын. 16 Мӕнӕн лӕвӕрд сты уыдон иннӕ израилӕгты ’хсӕн. Мады гуыбыны фыццаг гуырдзы ныхмӕ, израилӕгты фыццаг зӕнӕджы ныхмӕ сӕ Ӕз райстон Мӕхицӕн. 17 Израилы фыццаг цӕуӕт — адӕмӕй, фосӕй — Мӕн сты. Мысыры фыццаг зӕнӕджы куы ныццагътон, уӕд сӕ Мӕхицӕн рахицӕн ӕмӕ срухс кодтон. 18 Ныр та израилӕгты фыццаг зӕнӕджы ныхмӕ Ӕз Мӕхицӕн левитты райстон. 19 Израилӕгты ’хсӕнӕй левитты рахицӕн кодтон ӕмӕ сӕ Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕн радтон. Ӕппӕт израилӕгты бӕсты хъуамӕ левиттӕ Фембӕлды Цатыры лӕггад кӕной. Израилӕгтӕн уыдон уыдзысты Фиддоны нывонды бӕсты. Израилӕгтӕ та Уаз Цӕрӕнмӕ ӕввахс нӕ цӕудзысты, цӕмӕй сыл мацы фыдбылыз ӕрцӕуа». 20 Моисей, Аарон ӕмӕ Израилы дзыллӕ иууылдӕр, Дунедарӕг Моисейӕн левитты тыххӕй куыд загъта, растдӕриддӕр афтӕ бакодтой. 21 Ссыгъдӕг сты левиттӕ ӕмӕ цӕхсадтой сӕ дарӕстӕ. Аарон сӕ нывондау Дунедарӕджы размӕ бакодта, ссыгъдӕг сӕ кодта Аарон, ӕмӕ уыйадыл сыгъдӕг уыдысты. 22 Уый фӕстӕ левиттӕ Фембӕлды Цатыры лӕггад кӕнын райдыдтой Аарон ӕмӕ йӕ фыртты разамындӕй. Дунедарӕг Моисейӕн левитты тыххӕй куыддӕриддӕр загъта, афтӕ бакодтой. 23 Дунедарӕг Моисейӕн загъта: 24 «Левиты хъуыддаг хъуамӕ уа афтӕ: фондз ӕмӕ ссӕдз азы йыл куы сӕххӕст уа, уӕдӕй фӕстӕмӕ левит лӕггад кӕнӕд Фембӕлды Цатыры. 25 Йӕ дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз азы йӕхи куы фӕуой, уӕд ныууадзӕд йӕ лӕггад — хъуамӕ мауал куса. 26 Фембӕлды Цатыр кӕй бӕрны ис, йӕ уыцы ӕфсымӕртӕн ӕххуыс кӕнӕд, фӕлӕ йӕхӕдӕг мауал кусӕд. Ахӕм уынаффӕтӕ хъуамӕ рахӕссай ды левитты лӕггады фӕдыл». |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia