Нымӕцтӕ 7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Моисей Уаз Цӕрӕн куы сӕвӕрдта, уӕд ӕй байсӕрста ӕмӕ срухс кодта йе ’ппӕт мигӕнӕнтимӕ, стӕй нывондхӕссӕн ӕмӕ нывондхӕссӕны ӕппӕт мигӕнӕнтӕ дӕр. Иууылдӕр сӕ байсӕрста ӕмӕ сӕ срухс кодта. 2 Уый фӕстӕ израилӕгты фӕтӕгтӕ, сфыст кӕй бӕрны уыд, хӕдзарвӕндӕгты уыцы хистӕртӕ ӕрбацыдысты 3 ӕмӕ Дунедарӕджы размӕ сӕмбӕлын кодтой сӕ хуын: ӕхсӕз ӕмбӕрзт уӕрдоны ӕмӕ дыууадӕс стуры; иу уӕрдон алы дыууӕ фӕтӕгӕй ӕмӕ фӕйнӕ галы алы фӕтӕгӕй дӕр. Галтӕ ӕмӕ уӕрдӕттӕ Уаз Цӕрӕны размӕ ӕрбацыдысты. 4 Дунедарӕг Моисейӕн загъта: 5 «Райс сӕ Фембӕлды Цатыры куыстытӕн ӕмӕ сӕ левитты ’хсӕн адих кӕн, кӕй дзы цы хъӕуы йӕ куысты, уымӕ гӕсгӕ». 6 Моисей уӕрдӕттӕ ӕмӕ галты левиттӕн байуӕрста. 7 Дыууӕ уӕрдоны ӕмӕ цыппар галы Гершоны байзӕддӕгтӕн радта сӕ куысты ӕууӕлтӕм гӕсгӕ, 8 цыппар уӕрдоны ӕмӕ аст галы та — Мерарийы байзӕддӕгтӕн, цӕмӕй сауджын Аароны фырт Итамары разамындӕй кусой. 9 Кехаты байзӕддӕгтӕн та ницы радта, уымӕн ӕмӕ уыдонӕн сӕ лӕггад уаз дзауматимӕ баст уыди — сӕ уӕхсчытыл сӕ хъуамӕ хастаиккой. 10 Нывондхӕссӕн срухс кӕныны кадӕн йӕ байсӕрдыны бон фӕтӕгтӕ нывӕндтӕ ӕрхастой. Сӕ хуынтимӕ нывондхӕссӕны раз ӕрлӕууыдысты, 11 ӕмӕ Дунедарӕг Моисейӕн загъта: «Фӕтӕгтӕ радыгай, алчи йӕ боны, хӕссӕнт сӕ хуынтӕ нывондхӕссӕн срухс кӕныны кадӕн». 12 Фыццаг бон йӕ хуынимӕ ӕрбалӕууыди Нахшон, Аминадавы фырт, Иудӕйы мыггагӕй. 13 Йӕ хуын: дӕс ӕмӕ ӕхсӕзыссӕдз шекелы уӕзӕн ӕвзист тӕбӕгъ ӕмӕ дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз шекелы уӕзӕн ӕвзист хъалац, кувӕндоны шекелтӕй баргӕйӕ; дыууӕ дӕр — сойхӕццӕ мӕнӕуы ссадӕй семыдзаг, хойраджы хуынӕн; 14 дӕс шекелы уӕзӕн сыгъзӕрин куыси, будӕй йемыдзаг; 15 гал, фыр ӕмӕ фыргуист — иууылсудзинаг нывондӕн; 16 цӕу — тӕригъӕды нывондӕн; 17 дыууӕ галы, фондз фыры, фондз цӕуы, фондз фыргуисты — фидыды нывондӕн; уый — Нахшоны, Аминадавы фырты, хуын. 18 Дыккаг бон йӕ хуын сӕмбӕлын кодта Нетанел, Цуары фырт, Иссахары мыггаджы фӕтӕг. 19 Йӕ хуын: дӕс ӕмӕ ӕхсӕзыссӕдз шекелы уӕзӕн ӕвзист тӕбӕгъ ӕмӕ дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз шекелы уӕзӕн ӕвзист хъалац, кувӕндоны шекелтӕй баргӕйӕ, дыууӕ дӕр — сойхӕццӕ мӕнӕуы ссадӕй семыдзаг, хойраджы хуынӕн; 20 дӕс шекелы уӕзӕн сыгъзӕрин куыси, будӕй йемыдзаг; 21 гал, фыр ӕмӕ фыргуист — иууылсудзинаг нывондӕн; 22 цӕу — тӕригъӕды нывондӕн; 23 дыууӕ галы, фондз фыры, фондз цӕуы, фондз фыргуисты — фидыды нывондӕн; уый — Нетанелы, Цуары фырты, хуын. 24 Ӕртыккаг бон йӕ хуын сӕмбӕлын кодта Зевулоны байзӕддӕгты фӕтӕг Елиав, Хелоны фырт. 25 Йӕ хуын: дӕс ӕмӕ ӕхсӕзыссӕдз шекелы уӕзӕн ӕвзист тӕбӕгъ ӕмӕ дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз шекелы уӕзӕн ӕвзист хъалац, кувӕндоны шекелтӕй баргӕйӕ, дыууӕ дӕр — сойхӕццӕ мӕнӕуы ссадӕй семыдзаг, хойраджы хуынӕн; 26 дӕс шекелы уӕзӕн сыгъзӕрин куыси, будӕй йемыдзаг; 27 гал, фыр, фыргуист — иууылсудзинаг нывондӕн; 28 цӕу — тӕригъӕды нывондӕн; 29 дыууӕ галы, фондз фыры, фондз цӕуы, фондз фыргуисты — фидыды нывондӕн; уый — Елиавы, Хелоны фырты, хуын. 30 Цыппӕрӕм бон йӕ хуын сӕмбӕлын кодта Рувимы байзӕддӕгты фӕтӕг Елицур, Шедеуры фырт. 31 Йӕ хуын: дӕс ӕмӕ ӕхсӕзыссӕдз шекелы уӕзӕн ӕвзист тӕбӕгъ ӕмӕ дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз шекелы уӕзӕн ӕвзист хъалац, кувӕндоны шекелтӕй баргӕйӕ, дыууӕ дӕр — сойхӕццӕ мӕнӕуы ссадӕй семыдзаг, хойраджы хуынӕн; 32 дӕс шекелы уӕзӕн сыгъзӕрин куыси, будӕй йемыдзаг; 33 гал, фыр, фыргуист — иууылсудзинаг нывондӕн; 34 цӕу — тӕригъӕды нывондӕн; 35 дыууӕ галы, фондз фыры, фондз цӕуы, фондз фыргуисты — фидыды нывондӕн; уый — Елицуры, Шедеуры фырты, хуын. 36 Фӕндзӕм бон йӕ хуын сӕмбӕлын кодта Симеоны байзӕддӕгты фӕтӕг Шелумиел, Цуришаддайы фырт. 37 Йӕ хуын: дӕс ӕмӕ ӕхсӕзыссӕдз шекелы уӕзӕн ӕвзист тӕбӕгъ ӕмӕ дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз шекелы уӕзӕн ӕвзист хъалац, кувӕндоны шекелтӕй баргӕйӕ, дыууӕ дӕр — сойхӕццӕ мӕнӕуы ссадӕй семыдзаг, хойраджы хуынӕн; 38 дӕс шекелы уӕзӕн сыгъзӕрин куыси, будӕй йемыдзаг; 39 гал, фыр, фыргуист — иууылсудзинаг нывондӕн; 40 цӕу — тӕригъӕды нывондӕн; 41 дыууӕ галы, фондз фыры, фондз цӕуы, фондз фыргуисты — фидыды нывондӕн; уый — Шелумиелы, Цуришаддайы фырты, хуын. 42 Ӕхсӕзӕм бон йӕ хуын сӕмбӕлын кодта Гады байзӕддӕгты фӕтӕг Елйасаф, Деуелы фырт. 43 Йӕ хуын: дӕс ӕмӕ ӕхсӕзыссӕдз шекелы уӕзӕн ӕвзист тӕбӕгъ ӕмӕ дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз шекелы уӕзӕн ӕвзист хъалац, кувӕндоны шекелтӕй баргӕйӕ, дыууӕ дӕр — сойхӕццӕ мӕнӕуы ссадӕй семыдзаг, хойраджы хуынӕн; 44 дӕс шекелы уӕзӕн сыгъзӕрин куыси, будӕй йемыдзаг; 45 гал, фыр, фыргуист — иууылсудзинаг нывондӕн; 46 цӕу — тӕригъӕды нывондӕн; 47 дыууӕ галы, фондз фыры, фондз цӕуы, фондз фыргуисты — фидыды нывондӕн; уый — Елйасафы, Деуелы фырты, хуын. 48 Ӕвдӕм бон йӕ хуын сӕмбӕлын кодта Ефремы байзӕддӕгты фӕтӕг Елишама, Аммиуды фырт. 49 Йӕ хуын: дӕс ӕмӕ ӕхсӕзыссӕдз шекелы уӕзӕн ӕвзист тӕбӕгъ ӕмӕ дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз шекелы уӕзӕн ӕвзист хъалац, кувӕндоны шекелтӕй баргӕйӕ, дыууӕ дӕр — сойхӕццӕ мӕнӕуы ссадӕй семыдзаг, хойраджы хуынӕн; 50 дӕс шекелы уӕзӕн сыгъзӕрин куыси, будӕй йемыдзаг; 51 гал, фыр, фыргуист — иууылсудзинаг нывондӕн; 52 цӕу — тӕригъӕды нывондӕн; 53 дыууӕ галы, фондз фыры, фондз цӕуы, фондз фыргуисты — фидыды нывондӕн; уый — Елишамайы, Аммиуды фырты, хуын. 54 Ӕстӕм бон йӕ хуын сӕмбӕлын кодта Менассиайы байзӕддӕгты фӕтӕг Гамлиел, Педацуры фырт. 55 Йӕ хуын: дӕс ӕмӕ ӕхсӕзыссӕдз шекелы уӕзӕн ӕвзист тӕбӕгъ ӕмӕ дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз шекелы уӕзӕн ӕвзист хъалац, кувӕндоны шекелтӕй баргӕйӕ, дыууӕ дӕр — сойхӕццӕ мӕнӕуы ссадӕй семыдзаг, хойраджы хуынӕн; 56 дӕс шекелы уӕзӕн сыгъзӕрин куыси, будӕй йемыдзаг; 57 гал, фыр, фыргуист — иууылсудзинаг нывондӕн; 58 цӕу — тӕригъӕды нывондӕн; 59 дыууӕ галы, фондз фыры, фондз цӕуы, фондз фыргуисты — фидыды нывондӕн; уый — Гамлиелы, Педацуры фырты, хуын. 60 Фарӕстӕм бон йӕ хуын сӕмбӕлын кодта Бениамины байзӕддӕгты фӕтӕг Авидан, Гидеонийы фырт. 61 Йӕ хуын: дӕс ӕмӕ ӕхсӕзыссӕдз шекелы уӕзӕн ӕвзист тӕбӕгъ ӕмӕ дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз шекелы уӕзӕн ӕвзист хъалац, кувӕндоны шекелтӕй баргӕйӕ, дыууӕ дӕр — сойхӕццӕ мӕнӕуы ссадӕй семыдзаг, хойраджы хуынӕн; 62 дӕс шекелы уӕзӕн сыгъзӕрин куыси, будӕй йемыдзаг; 63 гал, фыр, фыргуист — иууылсудзинаг нывондӕн; 64 цӕу — тӕригъӕды нывондӕн; 65 дыууӕ стуры, фондз фыры, фондз цӕуы, фондз фыргуисты — фидыды нывондӕн; уый — Авиданы, Гидеонийы фырты, хуын. 66 Дӕсӕм бон йӕ хуын сӕмбӕлын кодта Даны байзӕддӕгты фӕтӕг Ахиезер, Амишаддайы фырт. 67 Йӕ хуын: дӕс ӕмӕ ӕхсӕзыссӕдз шекелы уӕзӕн ӕвзист тӕбӕгъ ӕмӕ дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз шекелы уӕзӕн ӕвзист хъалац, кувӕндоны шекелтӕй баргӕйӕ, дыууӕ дӕр — сойхӕццӕ мӕнӕуы ссадӕй семыдзаг, хойраджы хуынӕн; 68 дӕс шекелы уӕзӕн сыгъзӕрин куыси, будӕй йемыдзаг; 69 гал, фыр, фыргуист — иууылсудзинаг нывондӕн; 70 цӕу — тӕригъӕды нывондӕн; 71 дыууӕ галы, фондз фыры, фондз цӕуы, фондз фыргуисты — фидыды нывондӕн; уый — Ахиезеры, Амишаддайы фырты, хуын. 72 Иуӕндӕсӕм бон йӕ хуын сӕмбӕлын кодта Асиры байзӕддӕгты фӕтӕг Пагиел, Охраны фырт. 73 Йӕ хуын: дӕс ӕмӕ ӕхсӕзыссӕдз шекелы уӕзӕн ӕвзист тӕбӕгъ ӕмӕ дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз шекелы уӕзӕн ӕвзист хъалац, кувӕндоны шекелтӕй баргӕйӕ, дыууӕ дӕр — сойхӕццӕ мӕнӕуы ссадӕй семыдзаг, хойраджы хуынӕн; 74 дӕс шекелы уӕзӕн сыгъзӕрин куыси, будӕй йемыдзаг; 75 гал, фыр, фыргуист — иууылсудзинаг нывондӕн; 76 цӕу — тӕригъӕды нывондӕн; 77 дыууӕ галы, фондз фыры, фондз цӕуы, фондз фыргуисты — фидыды нывондӕн; уый — Пагиелы, Охраны фырты, хуын. 78 Дыууадӕсӕм бон йӕ хуын сӕмбӕлын кодта Неффалимы байзӕддӕгты фӕтӕг Ахира, Енаны фырт. 79 Йӕ хуын: дӕс ӕмӕ ӕхсӕзыссӕдз шекелы уӕзӕн ӕвзист тӕбӕгъ ӕмӕ дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз шекелы уӕзӕн ӕвзист хъалац, кувӕндоны шекелтӕй баргӕйӕ, дыууӕ дӕр — сойхӕццӕ мӕнӕуы ссадӕй семыдзаг, хойраджы хуынӕн; 80 дӕс шекелы уӕзӕн сыгъзӕрин куыси, будӕй йемыдзаг; 81 гал, фыр, фыргуист — иууылсудзинаг нывондӕн; 82 цӕу — тӕригъӕды нывондӕн; 83 дыууӕ галы, фондз фыры, фондз цӕуы, фондз фыргуисты — фидыды нывондӕн; уый — Ахирайы, Енаны фырты, хуын. 84 Мӕнӕ, нывондхӕссӕн срухс кӕныны кадӕн Израилы фӕтӕгтӕ йӕ байсӕрдыны бон цы лӕвӕрттӕ ӕрбахастой, уыдон: дыууадӕс ӕвзист тӕбӕгъы, дыууадӕс ӕвзист хъалацы, дыууадӕс сыгъзӕрин куысийы; 85 дӕс ӕмӕ ӕхсӕзыссӕдз шекелы уӕзӕн — алы тӕбӕгъ дӕр, дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз шекелы уӕзӕн — алы хъалац дӕр; уыцы мигӕнӕнты ӕвзист ӕдӕппӕтӕй, кувӕндоны шекелтӕй баргӕйӕ, ӕрласта дыууӕ мин цыппарсӕдӕ шекелы. 86 Хӕрздӕфгӕнӕнтӕй семыдзаг дыууадӕс сыгъзӕрин куысийы уӕз (алы куыси дӕр — кувӕндоны дӕс шекелы уӕзӕн) иумӕ уыди сӕдӕ дыууын сыгъзӕрин шекелы; 87 иууылсудзинаг нывӕндтӕ ӕдӕппӕтӕй — дыууадӕс галы, дыууадӕс фыры, дыууадӕс фыргуисты; дыууадӕс цӕуы — тӕригъӕды нывондӕн; 88 цыппар ӕмӕ ссӕдз галы, ӕртиссӕдз фыры, ӕртиссӕдз цӕуы, ӕртиссӕдз фыргуисты — фидыды нывӕндтӕ. Ахӕм хуынтӕ ӕрбахастой нывондхӕссӕн срухс кӕныны кадӕн йӕ байсӕрсты фӕстӕ. 89 Моисей-иу куы бацыди Фембӕлды цатырмӕ, Дунедарӕгимӕ дзурынмӕ, уӕд-иу Фидыды Чырыны сӕрмӕ дыууӕ херувимы астӕуӕй хъуыста хъӕлӕс. Ахӕм хуызы дзырдта Дунедарӕг йемӕ. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia