Нымӕцтӕ 6 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Дунедарӕг Моисейӕн загъта: 2 «Зӕгъ израилӕгтӕн: нӕлгоймаг уа ӕви сылгоймаг, назир суӕвыны тыххӕй сӕ исчи куы басомы кӕна, мӕхи Дунедарӕгӕн нывонд кӕнын, зӕгъгӕ, 3 уӕд хъуамӕ сӕн ӕмӕ махсымӕйӕ йӕхи хиза, сӕны дзмари ӕмӕ махсымӕйы дзмаримӕ хӕстӕг ма цӕуа, сӕнӕфсирӕй конд нозтытӕй макӕцы нуаза, сӕнӕфсир ӕмӕ сӕнӕфсиры хус йӕ дзыхмӕ ма хӕсса. 4 Йӕ назир-бонты дӕргъы йын, сӕнӕфсирӕй конд цыдӕриддӕр хӕринаг ис, аппӕй цъары онг, уыдонӕй хӕрӕн ницы ис. 5 Йӕ назир-бонты дӕргъы сӕрдасӕн хъуамӕ ма андзӕва йӕ сӕрыл. Цалынмӕ, Дунедарӕгӕн йӕхи цы бонты ӕмгъуыдмӕ снывонд кодта, уыдон аивгъуыйой, уӕдмӕ уаз у: хъуамӕ йӕ сӕрыхъуынтӕ рауадза. 6 Йӕхи Дунедарӕгӕн цы рӕстӕгмӕ снывонд кодта, уыцы бонты йын мардмӕ хӕстӕг бацӕуӕн нӕй. 7 Нӕй йын суанг йӕ фыд, йӕ мад, йе ’фсымӕр кӕнӕ йӕ хойы мардыл андзӕвӕн ӕмӕ уымӕй йӕхи фӕчъизи кӕнӕн дӕр: Хуыцауӕн нывондгонд кӕй у, уыцы нысан ис йӕ сӕрыл. 8 Йӕ назир-бонты дӕргъы Дунедарӕгӕн нывондгонд у. 9 Йӕ цуры ӕнӕнхъӕлӕджы исчи куы амӕла, ӕмӕ афтӕмӕй ӕнӕбары йӕ назиры сӕр куы фӕчъизи кӕна, уӕд, цы бон ссыгъдӕг ис, уыцы бон йӕ сӕрыхъуынтӕ хъуамӕ алвына — йӕ фӕчъизийы фӕстӕ сӕ ӕвдӕм бон алвынӕд. 10 Ӕстӕм бон та дыууӕ ӕхсинӕджы кӕнӕ дыууӕ бӕдул бӕлоны хъуамӕ ратта сауджынмӕ Фембӕлды Цатыры къӕсӕрыл. 11 Уыцы мӕргътӕй иу сауджын ӕрхӕссӕд тӕригъӕды нывондӕн, иннӕ — иууылсудзинаг нывондӕн, ӕмӕ йӕ марды буарыл андзӕвыны тӕригъӕдӕй ссыгъдӕг кӕнӕд. Назир тӕккӕ уыцы бон йӕ сӕр срухс кӕнӕд, 12 ногӕй басомы кӕнӕд Дунедарӕджы раз ӕмӕ фиддоны нывондӕн фыргуист ӕрбакӕнӕд. Уымӕй размӕйы назир-бонтӕ та йын сӕфт сты, уымӕн ӕмӕ йӕхи фӕчъизи кодта. 13 Назиры ӕгъдау ахӕм у. Йе ’мгъуыды фӕстаг бон ӕй ӕрбакӕнӕнт Фембӕлды Цатыры къӕсӕрмӕ. 14 Хъуамӕ уыцы ранмӕ Дунедарӕгӕн сӕмбӕлын кӕна: иу ӕнӕсахъат фыргуист — иууылсудзинаг нывондӕн, иу ӕнӕсахъат далыс — тӕригъӕды нывондӕн, иу ӕнӕсахъат фыр — фидыды нывондӕн; 15 чыргъӕды — сойхӕццӕ ӕвзаргӕ мӕнӕуы ссадӕй донгонд гуылтӕ, оливӕйы сойӕ сӕрст донгонд тӕнджытӕ, семӕ ма ноджы хойраджы хуын ӕмӕ сӕн. 16 Сауджын сӕ хъуамӕ равӕра Дунедарӕджы раз ӕмӕ акусарт кӕна тӕригъӕд сыгъдӕггӕнӕн нывонд ӕмӕ иууылсудзинаг нывонд, 17 фыр та фидыды нывондӕн ӕрхӕссӕд Дунедарӕгӕн донгонд гуылты чыргъӕдимӕ; сауджын-иу хойраджы хуын ӕмӕ сӕнӕй дӕр скувӕд. 18 Фембӕлды Цатыры раз алвынӕд назир йӕ сӕры хил — йӕ сомыйы нысан — ӕмӕ йӕ, фидыды нывонд цы артыл фӕсудзынц, уым баппарӕд. 19 Назир йӕ сӕры хил куы алвына, уӕд сауджын хъуамӕ сиса фыры фых базыг, иу донгонд гуыл ӕмӕ иу донгонд тӕнӕг ӕмӕ сӕ назиры ӕрмттыл ӕрӕвӕра. 20 Ӕмӕ сӕ сауджын хъуамӕ хӕрдмӕ сиса Дунедарӕджы раз. Уыдон сты уаз — сауджыны хай, нывонды кӕразимаг ӕмӕ сгуыйӕн уӕлӕмхасӕн. Уый фӕстӕ назирӕн сӕн нуазыны бар ис. 21 Уый — сомы ракӕнӕг назиры ӕгъдау. Назир Дунедарӕгӕн нывонд хӕссы, ӕгъдау куыд домы, афтӕ ӕмӕ ма уымӕй уӕлдай — йӕ бон цы у, уый. Цы сомы ракодта, уый йын, назиры ӕгъдаумӕ гӕсгӕ, афтӕ ӕххӕстгӕнгӕ у». 22 Дунедарӕг Моисейӕн загъта: 23 «Фехъусын кӕн Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕн: афтӕ-иу арфӕ кӕнут израилӕгтӕн: 24 „Арфӕ дын ракӕнӕд Дунедарӕг ӕмӕ дӕ бахъахъхъӕнӕд! 25 Дунедарӕг дӕм рухс цӕстӕй ракӕсӕд ӕмӕ дын батӕригъӕд кӕнӕд! 26 Йе ’ргом дӕм раздахӕд Дунедарӕг ӕмӕ дӕ Йӕ фарнӕй схайджын кӕнӕд!“ 27 Афтӕ Мын арӕнт Мӕ ном израилӕгты сӕраппонд, ӕмӕ сыл Ӕз Мӕ арфӕ ӕруадздзынӕн». |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia