Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Нымӕцтӕ 5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Ӕнӕсыгъдӕджыты арвыстӕуыд рӕсӕнуатӕй

1 Дунедарӕг загъта Моисейӕн:

2 «Израилӕгтӕн зӕгъ, ӕмӕ рӕсӕнуатӕй арвитой, хъотыр кӕуыл ис, йӕ цъӕй кӕмӕн мизы, марды буарыл бандзӕвгӕйӕ чи фӕчъизи ис, уыдоны се ’ппӕты дӕр.

3 Нӕлгоймагӕй, сылгоймагӕй сӕ арвитут, цӕмӕй ма чъизи кӕной рӕсӕнуат, уымӕн ӕмӕ Ӕз семӕ дӕн рӕсӕнуаты».

4 Ӕмӕ израилӕгтӕ афтӕ бакодтой: ахӕм адӕймӕгты рӕсӕнуатӕй арвыстой. Дунедарӕг Моисейӕн куыд загъта, афтӕ бакодтой израилӕгтӕ.

5 Дунедарӕг Моисейӕн загъта:

6 «Зӕгъ израилӕгтӕн: нӕлгоймаг кӕнӕ сылгоймаг искӕй тӕригъӕды куы бацӕуа ӕмӕ афтӕмӕй Дунедарӕджы ныхмӕ фыддзинад куы ракӕна ӕмӕ куы фӕазымджын уа,

7 уӕд йӕ тӕригъӕдыл басӕттӕд ӕмӕ, кӕй бахъыгдардта, уымӕн ӕххӕстӕй бафидӕд, цы йын фӕзиан кодта, уый, уыцы фиддонӕн ма йӕм ноджы йӕ фӕндзӕм хай бафтауӕд, афтӕмӕй.

8 Кӕд ӕмӕ, фиддон чи айса, хъыгдард баййафӕгӕн ахӕм ӕввахс хион нӕй, уӕд азым ныббарӕггаг Дунедарӕджы у ӕмӕ сауджынӕн лӕвӕрд цӕуы — тӕригъӕд ссыгъдӕг кӕныны тыххӕй нывондӕн кӕй ӕрхӕссынц, уыцы фыримӕ.

9 Израилӕгты мысайнӕгтӕ, сӕ уаз лӕвӕрттӕ, иууылдӕр сауджынты сты.

10 Алы сауджын дӕр, цы уаз лӕвӕрттӕ йӕм ӕрбахӕссынц, уыдон йӕхицӕн ныууадзы: сауджынӕн цы рардӕуы, уый йӕ хай у».


Ӕнӕууӕнчы ӕгъдау

11 Дунедарӕг Моисейӕн загъта:

12 «Фехъусын кӕн израилӕгтӕн: мӕнӕ сын цы гӕнгӕ у, искӕуыл дзы йӕ ус гадзрахатӕй куы рацӕуа — куы йӕ фӕсайа —

13 ӕмӕ искӕй лӕг йемӕ ӕмуат куы ’рцӕуа ӕмӕ йыл йӕ мыг куы фӕкала, фӕлӕ йӕ мой уый йӕхӕдӕг куынӕ фена, сылгоймаг сусӕгӕй йӕхи куы фӕчъизи кӕна ӕмӕ йӕ базылын кӕнынӕн йӕ ныхмӕ ӕвдисӕн куынӕ уа,

14 фӕлӕ йӕм уӕддӕр лӕджы зӕрдӕ куы ’хсайа ӕмӕ йыл ӕнӕууӕнк куы кӕна, уӕд. Кӕнӕ, сылгоймаг йӕхи нӕ фӕчъизи кодта, афтӕмӕй йыл йӕ мой ӕнӕхъуаджы ӕнӕууӕнк кӕны, зӕгъгӕ,

15 уӕд ӕрбакӕнӕд уыцы лӕг йӕ усы сауджыны размӕ. Йӕ усы тыххӕй сауджынӕн бахӕссӕд хъӕбӕрхоры ссады ефӕйы дӕсӕймаг хай, ӕрмӕст ыл оливӕйы сой ма ӕркалӕд ӕмӕ йыл буд ма сӕвӕрӕд — уыцы хойраджы хуын ӕнӕууӕнчы, багӕды кӕныны фӕдыл кӕй у, уымӕ гӕсгӕ.

16 Дунедарӕджы раз ӕрлӕууын кӕнӕд сауджын сылгоймаджы.

17 Ӕркӕнӕд аргъуыд дон дурын мигӕнӕны, Уаз Цӕрӕны астӕрдӕй сыджыт фелвасӕд ӕмӕ йӕ уыцы доны ныппарӕд.

18 Ӕрлӕууын кӕнӕд сылгоймаджы Дунедарӕджы раз, йӕ сӕрыхъуынтӕ йын йе уӕхсчытыл ӕркалӕд ӕмӕ йын йӕ къухтӕм раттӕд уыцы хойраджы хуын — багӕды кӕныны хуын, ӕнӕууӕнчы хуын. Сауджыны къухты — маст дон, ӕлгъыст дон,

19 афтӕмӕй хъуамӕ ныффӕдзӕхса сылгоймагӕн ӕмӕ йын зӕгъа: „Кӕд ӕмӕ ӕндӕр нӕлгоймаг демӕ ӕмуат не ’рцыди, кӕд ӕмӕ дӕ лӕгыл гадзрахатӕй нӕ рацыдтӕ ӕмӕ нӕ фӕчъизи дӕ, уӕд дӕ ацы маст дон, адӕймагыл ӕлгъыст чи ӕфтауы, уый, мацы бахъыгдарӕд!

20 Фӕлӕ кӕд дӕ лӕгыл гадзрахатӕй рацыдтӕ ӕмӕ ӕндӕр нӕлгоймаг демӕ ӕмуат ӕрцыди…“

21 Ӕмӕ ацы ран карз ӕлгъыстӕй хъуамӕ фелгъита сауджын сылгоймаджы: „Ӕлгъыстаг дӕ фӕкӕнӕд Дунедарӕг, адӕмы ’хсӕн ӕмбисондӕн куыд баззайай, ӕддӕсывӕр, гуыбындымст куыд фӕуай!

22 Ацӕуӕд дӕ хуылфы ацы ӕлгъыст дон ӕмӕ дын дӕ гуыбын ныддымсын кӕнӕд, дӕ сывӕр дын федде кӕнӕд“. Ӕмӕ хъуамӕ зӕгъа сылгоймаг: „Аммен! Аммен!“

23 Уыцы ӕлгъыстытӕ хъуамӕ сауджын ныффысса тухгӕ чиныджы, фыстытӕ маст донмӕ ӕрӕхса

24 ӕмӕ бадара сылгоймагӕн уыцы ӕлгъыст маст дон, цӕмӕй уыцы ӕлгъыст дон йӕ хуылфы ацӕуа ӕмӕ йыл низ бафтауа.

25 Райсӕд сауджын сылгоймаджы къухӕй хойраджы хуын, ӕнӕууӕнчы хуын, Дунедарӕджы раз ӕй хӕрдмӕ сисӕд ӕмӕ йӕ нывондхӕссӕны размӕ бахӕссӕд.

26 Сисӕд уыцы хуынӕй йӕ армыдзаг, хуын иууылдӕр Дунедарӕджы кӕй у, уый нысанӕн, ӕмӕ йӕ нывондхӕссӕныл басудзӕд. Уый фӕстӕ сылгоймагӕн дон бадарӕд.

27 Уыцы дон ын куы бадара, уӕд, кӕд ӕмӕ сылгоймаг йӕхи ӕцӕгӕй фӕчъизи кодта ӕмӕ йӕ лӕгыл гадзрахатӕй рацыд, уӕд уыцы ӕлгъыст дон йӕ хуылфы низӕй ацӕудзӕн — йӕ гуыбын ныддымсдзӕн, йӕ сывӕр федде уыдзӕн, ӕмӕ ӕлгъыстаг фӕуыдзӕн сылгоймаг адӕмы ’хсӕн.

28 Кӕд ӕмӕ сылгоймаг йӕхи нӕ фӕчъизи кодта ӕмӕ сыгъдӕг у, уӕд ӕй дон ницы бахъыгдардзӕн, ӕмӕ ӕнӕзӕнӕг нӕ фӕуыдзӕн.

29 Уый — ӕнӕууӕнчы ӕгъдау, сылгоймаг йӕ лӕгыл гадзрахатӕй куы рацӕуа ӕмӕ йӕхи куы фӕчъизи кӕна,

30 кӕнӕ та лӕг дызӕрдыджы куы ныххауа ӕмӕ йӕ усыл ӕнӕууӕнк куы кӕна, уӕд. Дунедарӕджы раз ӕрлӕууын кӕнӕнт сылгоймаджы, ӕмӕ йӕ сауджын ацы ӕгъдаумӕ гӕсгӕ бавзарӕд.

31 Ӕмӕ сыгъдӕг уыдзӕни лӕг тӕригъӕдӕй, ус та йӕ тӕригъӕды тыххӕй дзуапп ратдзӕн».

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan