Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Нымӕцтӕ 36 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Бынтӕ ныууадзыны фӕтк

1 Йосефы байзӕддӕгтӕ, Галаады, Менассиайы фырт Махиры фырты, хӕдзарвӕндӕгты хистӕртӕ ӕрбацыдысты. Моисей ӕмӕ фӕтӕгтӕн, израилаг хӕдзарвӕндӕгты хистӕртӕн

2 загътой: «Дунедарӕг бафӕдзӕхста нӕ хицауӕн, цӕмӕй хӕлттӕм гӕсгӕ байуара зӕхх израилӕгтӕн; нӕ хицауӕн Дунедарӕгӕй фӕдзӕхст у уый дӕр, цӕмӕй не ’фсымӕр Цалфахады хай уымӕн йӕ чызджытӕн ратта.

3 Фӕлӕ уыдон ӕндӕр израилаг хӕдзарвӕндагмӕ куы смой кӕной, уӕд сӕ хай нӕ фыдӕлты хӕдзарвӕндаджы нал уыдзӕн; цы хӕдзарвӕндагмӕ смой кӕной, уыцы хӕдзарвӕндаджы хайыл бафтдзӕн, мах фыдӕлты хӕдзарвӕндаджы хай та фӕкъахыр уыдзӕн.

4 Израилӕгты ӕрдӕгсӕдӕйон аз куы ралӕууа, уӕд дӕр уыдоны хай, цы хӕдзарвӕндагмӕ смой кодтой, уымӕн баззайдзӕн, мах фыдӕлты хӕдзарвӕндаджы хай та фӕкъахыр уыдзӕн».

5 Ӕмӕ загъта Моисей израилӕгтӕн Дунедарӕджы амындӕй: «Рӕстытӕ дзурынц Йосефы байзӕддӕгтӕ.

6 Дунедарӕг Цалфахады чызджыты тыххӕй афтӕ бафӕдзӕхста, зӕгъгӕ, кӕй зӕрдӕмӕ фӕцӕуой, уыдонмӕ сӕ бон у смой кӕнын, фӕлӕ сын моймӕ цӕуӕн ис ӕрмӕст сӕхи фыды хӕдзарвӕндагмӕ.

7 Цӕмӕй хай иу израилаг хӕдзарвӕндагӕй иннӕмӕ ма цӕуа, уымӕн ӕмӕ алы израилаг дӕр хъуамӕ йӕ фыдӕлты хӕдзарвӕндаджы хайыл фидар хӕца.

8 Хай кӕмӕн баззади, уыцы быны чызг та мой хъуамӕ скӕна йӕхи фыды хӕдзарвӕндагмӕ, цӕмӕй израилӕгтӕй алкӕмӕн дӕр йӕ фыдӕлты хай йӕхицӕн баззайа,

9 цӕмӕй хай иу хӕдзарвӕндагӕй иннӕмӕ ма цӕуа, уымӕн ӕмӕ алы израилаг дӕр хъуамӕ йӕ фыдӕлты хӕдзарвӕндаджы хайыл баст уа».

10 Дунедарӕг Моисейӕн куыд загъта, афтӕ бакодтой Цалфахады чызджытӕ.

11 Махла, Тирца, Хогла, Милка ӕмӕ Ноа смой кодтой сӕ фыды ’фсымӕрты лӕппутӕм.

12 Йосефы фырт Менассиайы хӕдзарвӕндаджы чындзытӕ баисты, ӕмӕ сӕ хай сӕхи фыды хӕдзарвӕндагӕн баззади.

13 Ахӕм фӕтк ӕмӕ ӕгъдӕуттӕ ныффӕдзӕхста Дунедарӕг израилӕгтӕн, ӕмӕ сын сӕ Моисей фехъусын кодта Моавы быдырты, Иорданы цур, Йерихоны бакомкоммӕ.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan