Нымӕцтӕ 35 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстЛевитты аст ӕмӕ дыууиссӕдз сахары 1 Ӕмӕ загъта Дунедарӕг Моисейӕн Моавы быдырты, Иорданы раз, Йерихоны бакомкоммӕ: 2 «Зӕгъ израилӕгтӕн, цӕмӕй сӕ исбоны хӕйттӕй левиттӕн сахартӕ раттой цӕрынӕн, ӕмӕ сын уыцы сахарты алфамбылай быдыртӕ дӕр раттут. 3 Сахартӕ сын цӕрынӕн уыдзысты, быдыртӕ та — сӕ фосӕн ӕмӕ сӕ царды алы хабӕрттӕн. 4 Левиттӕн сахарты алыварс цы быдыртӕ дӕттут, уыдон сахары сисы ӕдде алырдӕм дӕр хъуамӕ уой мингай ӕлмӕринтӕ. 5 Рабарут фӕссахар дыууӕ мин ӕлмӕрины скӕсӕнӕрдӕм, хуссарӕрдӕм дӕр — дыууӕ ӕлмӕрины, ныгуылӕнӕрдӕм дӕр — дыууӕ ӕлмӕрины, цӕгатӕрдӕм дӕр — дыууӕ ӕлмӕрины, сахар та — астӕуӕй. Уыдон уыдзысты хизӕн быдыртӕ сӕ сахарты алыварс. 6 Левиттӕн кӕй раттат, уыцы сахартӕй ӕхсӕз ӕмбӕхсӕндонӕн рахицӕн кӕндзыстут, цӕмӕй-иу лӕгмар уырдӕм алидза; уыдоны ӕдде ма сын раттут ноджы дыууӕ ӕмӕ дыууиссӕдз сахары. 7 Левиттӕн ӕд быдыртӕ кӕй ратдзыстут, уыцы сахартӕ ӕдӕппӕтӕй — аст ӕмӕ дыууиссӕдз. 8 Израилӕгты исбонӕй куы дӕттат левиттӕн сахартӕ, уӕд, фылдӕр кӕмӕ ис, уымӕй фылдӕр исут, къаддӕр кӕмӕ ис, уымӕй — къаддӕр. Алчи йӕ хаймӕ гӕсгӕ хъуамӕ ратта йӕ сахартӕй левиттӕн». 9 Ӕмӕ Дунедарӕг загъта Моисейӕн: 10 «Фӕдзур израилӕгтӕм ӕмӕ сын зӕгъ: Иорданыл куы ахизат Ханааны бӕстӕм, 11 уӕд уӕхицӕн ӕмбӕхсӕн сахартӕ снысан кӕнут, ӕмӕ-иу ӕнӕбары чи фӕтуджджын ис, уый йӕ сӕр уым бафснайдзӕн. 12 Ӕмӕ уын уыдзысты уыцы сахартӕ, йӕ туг чи агуры, уымӕй хи ӕмбӕхсынӕн, цӕмӕй туджджын ма фӕмард уа дзыллӕйы тӕрхоны размӕ. 13 Цы сахартӕ раттат, уыдонӕй ӕхсӕз хъуамӕ уой ӕмбӕхсӕндӕттӕ. 14 Ӕртӕ сахары раттут Иорданӕн йӕ ацы фарс, ӕртӕ сахары та — Ханааны зӕххыл: ӕмбӕхсӕндонӕн уын уыдзысты уыцы сахартӕ. 15 Израилӕгтӕн дӕр ӕмӕ се ’хсӕн цӕрӕг ӕрцӕуӕггӕгтӕн дӕр уыцы ӕхсӕз сахары ӕмбӕхсӕндон уыдзысты, цӕмӕй уырдӕм алидзын йӕ бон уа, ӕнӕбары искӕй чи амардта, уыдонӕй алкӕмӕн дӕр. 16 Исчи ӕфсӕйнагӕй искӕй ныццавта, зӕгъгӕ, ӕмӕ йӕ амардта, уӕд ныццӕвӕг у марӕг; марӕгӕн ӕнӕ амаргӕ нӕй. 17 Амарӕн кӕмӕй ис, ахӕм дурӕй искӕй чи ныццӕва ӕмӕ амара, уый марӕг у; марӕгӕн ӕнӕ амаргӕ нӕй. 18 Амарӕн кӕмӕй ис, ахӕм хъӕдын дзаумайӕ искӕй чи ныццӕва ӕмӕ амара, уый марӕг у; марӕгӕн ӕнӕ амаргӕ нӕй. 19 Кӕмфӕнды йыл куы бамбӕла, уӕддӕр тугисӕгӕн йӕ бон у марӕджы амарын. 20 Фыддӕрагӕн искӕй чи асхойа кӕнӕ йыл барӕй исты чи фӕкӕна ӕмӕ амара; 21 йӕ фыдзӕрдӕйӕ искӕй чи ныццӕва ӕмӕ амара, уымӕн ӕнӕ амаргӕ нӕй — марӕг у; тугисӕгӕн йӕ бон у, кӕм ыл бамбӕла, марӕджы уым амарын. 22 Фӕлӕ ӕнӕбары, ӕвзӕр зӕрдӕ йӕм нӕ дардта, афтӕмӕй искӕй чи асхойа, ӕнӕбары йыл исты дзаума куы фехса 23 кӕнӕ, амарӕн кӕмӕй ис, ахӕм дур ыл ӕнӕбары куы ӕрӕппара ӕмӕ амара, йе знаг нӕ уыд ӕмӕ йӕ уымӕн фыд ракӕнын нӕ фӕндыд, афтӕмӕй, 24 уӕд дзыллӕ мӕнӕ ацы ӕгъдӕуттӕм гӕсгӕ хъуамӕ равзарой марӕг ӕмӕ тугисӕджы хъуыддаг. 25 Дзыллӕ хъуамӕ марӕджы фервӕзын кӕной тугисӕджы къухӕй ӕмӕ йӕ, кӕдӕм алыгъди, йӕ уыцы ӕмбӕхсӕн сахарыл фӕстӕмӕ сӕмбӕлын кӕной. Цӕрӕд уым уаз сойӕ сӕрст хистӕр сауджыны амӕлӕтмӕ. 26 Марӕг, кӕдӕм алыгъди, йӕ уыцы ӕмбӕхсӕн сахарӕй куы рацӕуа 27 ӕмӕ йыл сахары ӕдде йӕ туджджын куы бамбӕла ӕмӕ йӕ куы амара, уӕд йӕ тугныккалды аххосджын нӕ уыдзӕн. 28 Уымӕн ӕмӕ хистӕр сауджыны амӕлӕтмӕ уый хъуамӕ йе ’мбӕхсӕн сахары лӕууыдаид, стыр сауджыны амӕлӕты фӕстӕ та йӕ уӕзӕгмӕ ӕрбаздӕхтаид. 29 Уый уын, кӕмдӕриддӕр цӕрат, ӕгъдауӕн ныффидар уыдзӕн фӕлтӕрӕй фӕлтӕрмӕ. 30 Лӕг чидӕриддӕр амара — ӕвдисӕнты ныхасмӕ гӕсгӕ маргӕ у ахӕм марӕг, фӕлӕ иунӕг ӕвдисӕны ныхасӕй адӕймагӕн мӕлӕты тӕрхон рахӕссӕн нӕй. 31 Марӕджы балхӕныны ныхмӕ ахӕстаргъ ма исут. Уый ӕнӕмӕнг амарын хъӕуы. 32 Ӕмбӕхсӕн сахары чи бамбӕхсти, уый ныхмӕ дӕр ахӕстаргъ ма исут, цӕмӕй хистӕр сауджыны амӕлӕтӕй раздӕр йӕ уӕзӕгмӕ ма ӕрбаздӕха. 33 Цы зӕххыл ӕрбынат кодтат, уый ма фӕчъизи кӕнут, уымӕн ӕмӕ зӕхх тугӕй фӕчъизи вӕййы, ӕмӕ йын, искӕй туг чи ныккалдта, ӕрмӕстдӕр уымӕн йӕхи тугӕй ис ссыгъдӕг кӕнӕн. 34 Нӕй фӕчъизи кӕнӕн, кӕм цӕрут ӕмӕ Ӕз кӕм ӕрбынат кодтон, уыцы бӕстӕн, уымӕн ӕмӕ Ӕз, Дунедарӕг, израилӕгты ’хсӕн цӕрын». |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia