Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Нымӕцтӕ 34 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Дунедарӕг Моисейӕн загъта:

2 «Израилӕгтӕн бафӕдзӕхс: Ханааны бӕстӕм куы бацӕуат, уӕд, уӕ хай цы зӕхх бауыдзӕн, уымӕн уыдзӕнис ахӕм арӕнтӕ:

3 уӕ бӕстӕйы хуссайраг хай райдайдзӕн Цины ӕдзӕрӕг быдыры, Едомы арӕнӕй. Скӕсӕны уӕ хуссайраг арӕн йӕхи айтындздзӕни Мард денджызы былгӕронӕй,

4 базилдзӕни Маале-Акрабиммӕ, Цины уылты ацӕудзӕн, Кадеш-Барнеайы хуссаргӕрӕтты ӕрзилдзӕн, Хацар-Адурмӕ рахиздзӕн ӕмӕ Ацмонмӕ бахӕццӕ уыдзӕн.

5 Уырдыгӕй азилдзӕн Мысыры лӕнкмӕ ӕмӕ денджызмӕ бахӕццӕ уыдзӕн,

6 ныгуылӕйнаг арӕн та уын Стыр денджыз уыдзӕн, уый уыдзӕн уӕ ныгуылӕйнаг арӕн.

7 Уӕ цӕгатаг арӕн: Стыр денджызӕй йӕ Оры хохмӕ фӕнысан кӕнут.

8 Оры хохӕй Хаматмӕ йӕхи айтындздзӕн ӕмӕ Цедады балӕудзӕн.

9 Ахӕццӕ уыдзӕни Зифронмӕ ӕмӕ уырдыгӕй аххӕсдзӕни Хацар-Энанмӕ. Уый уыдзӕн уӕ цӕгатаг арӕн.

10 Скӕсӕйнаг арӕн: Хацар-Энанӕй — Шефаммӕ.

11 Шефамӕй ацӕудзӕни Аины скӕсӕнварс Ривламӕ, Киннереты денджызы былмӕ бахӕццӕ уыдзӕн.

12 Ӕрхиздзӕн арӕн Иорданмӕ ӕмӕ йӕхи айтындздзӕни Мард денджызы былгӕрӕтты. Уый уын уӕ бӕстӕ ӕнӕхъӕнӕй, йӕ арӕнтимӕ».

13 Ӕмӕ бафӕдзӕхста Моисей израилӕгтӕн: «Мӕнӕ ацы бӕстӕ сымах хӕлттӕм гӕсгӕ схӕйттӕ кӕндзыстут фараст ӕмӕ ӕрдӕг хӕдзарвӕндаджы ’хсӕн, Дунедарӕг куыд загъта, афтӕ.

14 Уымӕн ӕмӕ Рувимы байзӕддӕгтӕ, сӕ фыдӕлты хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ, стӕй Гады байзӕддӕгтӕ, сӕ фыдӕлты хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ, ӕмӕ Менассиайы хӕдзарвӕндагӕн йе ’мбис сӕ хай райстой.

15 Дыууӕ хӕдзарвӕндаджы ӕмӕ хӕдзарвӕндаджы ӕрдӕг сӕ хай райстой Иорданы иннӕ фарс, скӕсӕны, Йерихоны бакомкоммӕ».

16 Ӕмӕ загъта Дунедарӕг Моисейӕн:

17 «Мӕнӕ, бӕстӕ уын чи хӕйттӕ кӕндзӕн, уыцы лӕгты нӕмттӕ: сауджын Елеазар ӕмӕ Йешуа, Нуны фырт.

18 Ӕмӕ ма ноджы фӕйнӕ иу фӕтӕджы снысан кӕнут алы хӕдзарвӕндагӕй дӕр зӕхх адих кӕнынмӕ.

19 Мӕнӕ уыцы лӕгты нӕмттӕ: Иудӕйы хӕдзарвӕндагӕй — Калев, Иефоннейы фырт.

20 Симеоны хӕдзарвӕндагӕй — Самуел, Аммиуды фырт.

21 Бениамины хӕдзарвӕндагӕй — Елидад, Кислоны фырт.

22 Даны хӕдзарвӕндагӕй — фӕтӕг Букки, Иаглийы фырт.

23 Йосефы байзӕддӕгтӕй, Менассиайы хӕдзарвӕндагӕй, — фӕтӕг Ханниел, Ефоды фырт.

24 Ефремы хӕдзарвӕндагӕй — фӕтӕг Кемуел, Шифтаны фырт.

25 Зевулоны хӕдзарвӕндагӕй — фӕтӕг Елицафан, Парнахы фырт.

26 Иссахары хӕдзарвӕндагӕй — фӕтӕг Палтиел, Аззаны фырт.

27 Асиры хӕдзарвӕндагӕй — фӕтӕг Ахиуд, Шеломийы фырт.

28 Неффалимы хӕдзарвӕндагӕй — фӕтӕг Педаел, Аммиуды фырт».

29 Уыдон — Дунедарӕг Ханааны зӕхх израилӕгты ’хсӕн байуарын кӕмӕн бафӕдзӕхста, уыцы адӕймӕгтӕ.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan