Нымӕцтӕ 33 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Мӕнӕ Моисей ӕмӕ Аароны разамындӕй Мысырӕй чи рацыд, уыцы израилӕгты балцвӕндӕгтӕ сӕ хӕстон къордтӕм гӕсгӕ. 2 Моисей ӕрфыста, Дунедарӕджы ныхасӕй-иу рӕсӕнуатӕй кӕм фенкъуыстысты ӕмӕ-иу сӕ фӕндагыл дарддӕр цы рӕттӕй ацыдысты, уыдон. 3 Рамсесӕй рараст сты фыццаг мӕйы фынддӕсӕм бон; Куадзӕны нывонд куы ӕрхастой, уымӕн йӕ дыккаг бон рацыдысты израилӕгтӕ бӕрзонд къухдариуӕджы бын ӕппӕт мысырӕгты цӕсты раз, 4 мысырӕгтӕ, Дунедарӕг кӕй ӕрцавта, сӕ уыцы хистӕр фыртты мӕрдтӕ куы ныгӕдтой, Дунедарӕг сын сӕ хуыцаугӕндты куы ныффалгӕрон кодта, уӕд. 5 Рараст сты израилӕгтӕ Рамсесӕй ӕмӕ рӕсӕнуат скодтой Суккоты. 6 Рараст сты Суккотӕй ӕмӕ рӕсӕнуат скодтой Етамы, ӕдзӕрӕг быдыры кӕрон. 7 Етамӕй рараст сты ӕмӕ, Баал-Цефоны раз чи ис, уыцы Пи-Хахиротмӕ баздӕхтысты ӕмӕ Мигдолы раз скодтой рӕсӕнуат. 8 Пи-Хахиротӕй рацыдысты ӕмӕ денджызы астӕуты ӕдзӕрӕг быдырмӕ ахызтысты; ӕртӕ бонцауы фӕцыдысты Етамы ӕдзӕрӕг быдыры ӕмӕ рӕсӕнуат скодтой Марайы. 9 Марайӕ рараст сты ӕмӕ Елиммӕ ӕрбацыдысты, Елимы та уыди дыууадӕс суадоны ӕмӕ дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз финик бӕласы, ӕмӕ уым рӕсӕнуат скодтой. 10 Елимӕй рараст сты ӕмӕ Сырх денджызы был рӕсӕнуат скодтой. 11 Сырх денджызӕй рараст сты ӕмӕ Сины ӕдзӕрӕг быдыры рӕсӕнуат скодтой. 12 Сины ӕдзӕрӕг быдырӕй рараст сты ӕмӕ рӕсӕнуат скодтой Дофкайы. 13 Дофкайӕ рараст сты ӕмӕ рӕсӕнуат скодтой Алушы. 14 Алушӕй рараст сты ӕмӕ рӕсӕнуат скодтой Рефидимы, ӕмӕ уым адӕмӕн дон нӕ уыди бануазынмӕ. 15 Рараст сты Рефидимӕй ӕмӕ Синайы ӕдзӕрӕг быдыры рӕсӕнуат скодтой. 16 Синайы ӕдзӕрӕг быдырӕй рараст сты ӕмӕ рӕсӕнуат скодтой Киврот-Хаттавайы. 17 Рараст сты Киврот-Хаттавайӕ ӕмӕ рӕсӕнуат скодтой Хацероты. 18 Хацеротӕй рараст сты ӕмӕ рӕсӕнуат скодтой Ритмайы. 19 Рараст сты Ритмайӕ ӕмӕ рӕсӕнуат скодтой Риммон-Перецы. 20 Риммон-Перецӕй рараст сты ӕмӕ рӕсӕнуат скодтой Ливнӕйы. 21 Рараст сты Ливнӕйӕ ӕмӕ рӕсӕнуат скодтой Рисайы. 22 Рисайӕ рараст сты ӕмӕ рӕсӕнуат скодтой Кегелатайы. 23 Рараст сты Кегелатайӕ ӕмӕ рӕсӕнуат скодтой Шеферы хохы рӕбын. 24 Шеферы хохӕй рараст сты ӕмӕ рӕсӕнуат скодтой Харадайы. 25 Рараст сты Харадайӕ ӕмӕ рӕсӕнуат ӕркодтой Макхелоты. 26 Макхелотӕй рараст сты ӕмӕ рӕсӕнуат скодтой Тахаты. 27 Рараст сты Тахатӕй ӕмӕ рӕсӕнуат скодтой Тарахы. 28 Тарахӕй рараст сты ӕмӕ рӕсӕнуат скодтой Миткайы. 29 Рараст сты Миткайӕ ӕмӕ рӕсӕнуат скодтой Хашмоны. 30 Хашмонӕй рараст сты ӕмӕ рӕсӕнуат скодтой Мосероты. 31 Рараст сты Мосеротӕй ӕмӕ рӕсӕнуат скодтой Бен-Йаканы. 32 Бен-Йаканӕй рараст сты ӕмӕ рӕсӕнуат скодтой Хор-Агидгады. 33 Рараст сты Хор-Агидгадӕй ӕмӕ рӕсӕнуат скодтой Иотватайы. 34 Иотватайӕ рараст сты ӕмӕ рӕсӕнуат скодтой Авронайы. 35 Рараст сты Авронайӕ ӕмӕ рӕсӕнуат скодтой Ецион-Геверы. 36 Ецион-Геверӕй рараст сты ӕмӕ рӕсӕнуат скодтой Цины ӕдзӕрӕг быдыры, йӕ иннӕ ном — Кадеш. 37 Рараст сты Кадешӕй ӕмӕ рӕсӕнуат скодтой Оры хохы, Едомы бӕстӕйы арӕнмӕ ӕввахс. 38 Ӕмӕ сауджын Аарон Дунедарӕджы ныхасӕй ссыди Оры хохмӕ ӕмӕ уым амарди — израилӕгтӕ Мысыры бӕстӕй куы рацыдысты, уымӕн йӕ цыппорӕм азы фӕндзӕм мӕйы фыццаг бон. 39 Аарон Оры хохы сӕр куы амарди, уӕд ыл цыди сӕдӕ дыууын ӕртӕ азы. 40 Ӕмӕ фехъуыста Ханааны паддзах Арад, Ханааны бӕстӕн йӕ хуссары цӕрӕг, израилӕгтӕ ӕрбацӕуынц, уый. 41 Рараст сты уыдон Оры хохӕй ӕмӕ рӕсӕнуат скодтой Цалмонайы. 42 Цалмонайӕ рараст сты ӕмӕ рӕсӕнуат скодтой Фуноны. 43 Рараст сты Фунонӕй ӕмӕ рӕсӕнуат скодтой Овоты. 44 Овотӕй рараст сты ӕмӕ рӕсӕнуат скодтой Ийе-Хаваримы, Моавы арӕныл. 45 Рараст сты Ийимӕй ӕмӕ рӕсӕнуат скодтой Дивон-Гады. 46 Дивон-Гадӕй рараст сты ӕмӕ рӕсӕнуат скодтой Алмон-Дивлатаимы. 47 Рараст сты Алмон-Дивлатаимӕй ӕмӕ рӕсӕнуат скодтой Аваримы хӕхты, Невойы раз. 48 Аваримы хӕхтӕй рараст сты ӕмӕ рӕсӕнуат скодтой Моавы быдырты, Иорданы цур, Йерихоны бакомкоммӕ. 49 Рӕсӕнуат скодтой Иорданы цур, Бет-Йешимотӕй Авел-Шиттимы онг, Моавы быдырты. 50 Ӕмӕ загъта Дунедарӕг Моисейӕн Моавы быдырты, Иорданы цур, Йерихоны бакомкоммӕ: 51 «Фӕдзур израилӕгтӕм ӕмӕ сын зӕгъ: Иорданы сӕрты Ханааны бӕстӕм куы ахизат, 52 уӕд ын йӕ цӕрджыты се ’ппӕты дӕр фӕсурут уырдыгӕй, ныффалгӕрон сын кӕнут сӕ хуыцаугӕндты нывтӕ ӕмӕ джиппыуагъд сурӕттӕ, сӕ кувӕн къуыбыртӕ сын иууылдӕр сӕмлӕгъз кӕнут. 53 Байсут уыцы зӕхх ӕмӕ дзы ӕрбынат кӕнут, уымӕн ӕмӕ Ӕз уыцы бӕстӕ сымахӕн дӕттын. 54 Хӕлттӕм гӕсгӕ байуарут бӕстӕ уӕ хӕдзарвӕндӕгтыл. Стырдӕр мыггӕгтӕн скӕнут стырдӕр хӕйттӕ, сӕ нымӕц бирӕ кӕмӕн нӕу, уыдонӕн та — къаддӕр хӕйттӕ. Халмӕ гӕсгӕ кӕмӕ цы хай ӕрхауа, уым уыдзӕн йӕ бынат. Уӕ фыдӕлты хӕдзарвӕндӕгты ’хсӕн адих кӕнут зӕхх. 55 Ацы бӕстӕйы цӕрджыты куынӕ фӕсурат уӕ цурӕй, уӕд та, кӕй дзы ныууадзат, уыдон уӕ цӕстытӕн какон сындзытау уыдзысты, уӕ фӕрстӕ уын судзинтау рӕхойдзысты, цы бӕстӕйы ӕрцардыстут, уым уӕ тыхсын кӕндзысты. 56 Ӕмӕ уӕд, уыдонӕн цы хъавыдтӕн, уый Ӕз сымахӕн бакӕндзынӕн». |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia