Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Нымӕцтӕ 32 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Рувим ӕмӕ Гады байзӕддӕгтӕм рӕгъӕуттӕ тынг бирӕ уыди. Йазер ӕмӕ Галаады бӕстӕтӕ куы федтой, уӕд сӕм стурвос хизынӕн хорз фӕкастысты.

2 Бацыдысты Гад ӕмӕ Рувимы байзӕддӕгтӕ Моисеймӕ, сауджын Елеазар ӕмӕ дзыллӕйы фӕтӕгтӕм ӕмӕ загътой:

3 «Атарот, Дивон, Йазер, Нимра, Хешбон, Елале, Свам, Нево ӕмӕ Беон —

4 Дунедарӕг израилӕгты цӕстыты раз кӕй ӕрцавта, уыцы зӕхх стурвосы зӕхх у, ӕмӕ дӕ цагъартӕм та ис рӕгъӕуттӕ».

5 Загътой: «Кӕд нӕ дӕ хорзӕхы аккаг кӕныс, уӕд уыцы зӕхх ратт махӕн, Иорданы сӕрты нӕ ма ахизын кӕн».

6 Ӕмӕ загъта Моисей Гад ӕмӕ Рувимы байзӕддӕгтӕн: «Уе ’фсымӕртӕ хӕстмӕ ацӕудзысты, сымах та ам баддзыстут?

7 Цӕмӕн ардаут израилӕгты, цӕмӕй ма ацӕуой, Дунедарӕг сын цы бӕстӕ радта, уырдӕм?

8 Уӕ фыдӕлтӕ дӕр афтӕ бакодтой, Кадеш-Барнеайӕ сӕ, уыцы бӕстӕм ӕркӕсут, зӕгъгӕ, куы арвыстон, уӕд.

9 Ешколы дӕлвӕзмӕ бахӕццӕ сты, бӕстӕ федтой ӕмӕ израилӕгты сардыдтой, цӕмӕй, Дунедарӕг сын цы бӕстӕ радта, уырдӕм ма ацӕуой.

10 Ӕмӕ рафыхт уыцы бон Дунедарӕджы маст, ӕмӕ басомы кодта:

11 „Нӕ фендзысты, Мысырӕй чи рацыд, уыцы адӕм, ссӕдз азы ӕмӕ уымӕй уӕлӕмӕ кӕуыл цӕуы, уыдон, Ӕз Авраам, Исаак ӕмӕ Йаковӕн зӕрдӕ цы бӕстӕй бавӕрдтон, уый, уымӕн ӕмӕ Мӕ коммӕ нӕ бакастысты.

12 Ӕрмӕстдӕр кенизаг Иефоннейы фырт Калев ӕмӕ Нуны фырт Йешуа сӕххӕст кодтой Дунедарӕджы фӕндон“.

13 Ӕмӕ рафыхти Дунедарӕджы маст израилӕгтӕм, ӕмӕ сӕ дыууиссӕдз азы ӕдзӕрӕг быдыры фӕракӕн-бакӕн кодта, цалынмӕ, Дунедарӕджы цӕсты фыдгӕнӕг чи уыди, уыдоны мыггаг сыскъуыди, уӕдмӕ.

14 Ӕмӕ мӕнӕ ныр уӕ фыдӕлты бынаты ралӕууыдыстут сымах, тӕригъӕдджынты бардз, цӕмӕй та Дунедарӕджы маст израилӕгтӕм рафыца.

15 Уӕ чъылдым Ӕм куы раздахат, уӕд ма израилӕгты ноджыдӕр фӕдардзӕн ӕдзӕрӕг быдыры, ӕмӕ сӕ бынтондӕр бацарӕфтыд кӕндзыстут».

16 Уӕд ӕм бацыдысты ӕмӕ йын загътой: «Нӕ фосы дзугтӕн ам уӕтӕртӕ сараздзыстӕм, нӕ сабитӕн — сахартӕ.

17 Нӕхӕдӕг та гӕрзифтонгӕй ацӕудзыстӕм израилӕгты разӕй, цалынмӕ сӕ нӕ бахӕццӕ кӕнӕм сӕ бынатмӕ, уӕдмӕ; не ’нахъом сабитӕ та, ацы бӕстӕйы цӕрджытӕй сын тас кӕм нӕ уа, ахӕм фидаргонд сахарты баззайӕнт.

18 Не ’рбаздӕхдзыстӕм нӕ хӕдзӕрттӕм, цалынмӕ израилӕгтӕй алчидӕр йӕ хай нӕ райса, уӕдмӕ.

19 Мах уыдонимӕ хай нӕ райсдзыстӕм Иорданы фаллаг фарс, уымӕн ӕмӕ Иорданӕн йӕ ацы, скӕсӕнварс, исӕм хай».

20 Моисей сын загъта: «Кӕд афтӕ бакӕнат ӕмӕ Дунедарӕджы раз гӕрзифтонгӕй хӕстмӕ ацӕуат,

21 Дунедарӕджы раз Иорданы сӕрты ахизат ӕмӕ, цалынмӕ Уый Йе знӕгты зӕхх нӕ байса

22 ӕмӕ бӕстӕ нӕ басӕтта, уӕдмӕ тох кӕнат, уӕд, фӕстӕмӕ ӕрбаздӕхгӕйӕ, ӕназым уыдзыстут Дунедарӕг ӕмӕ Израилы раз, ӕмӕ ацы бӕстӕ сымахӕн баззайдзӕн.

23 Афтӕ куынӕ бакӕнат, уӕд та тӕригъӕдджын уыдзыстут Дунедарӕджы раз, ӕмӕ уӕ уыцы тӕригъӕды азар кӕй баййафдзӕн, уый зонут.

24 Аразут сахартӕ уе ’нахъом сабитӕн ӕмӕ уӕтӕртӕ уӕ лыстӕг фосӕн, уӕ дзырдӕн хицау ут».

25 Ӕмӕ загътой Моисейӕн Гад ӕмӕ Рувимы байзӕддӕгтӕ: «Дӕ цагъартӕ, нӕ хицау цы зӕгъа, уый бакӕндзысты.

26 Не ’нахъом сабитӕ, нӕ бинойнӕгтӕ, нӕ рӕгъӕуттӕ, не ’ппӕт фос баззайдзысты уым, Галаады сахарты.

27 Дӕ цагъартӕ та, нӕ бардар куыд зӕгъы, афтӕ гӕрзифтонгӕй Дунедарӕджы раз хӕстмӕ ацӕудзысты».

28 Ӕмӕ сӕ бафӕдзӕхста Моисей сауджын Елеазар, Нуны фырт Йешуа ӕмӕ израилаг хӕдзарвӕндӕгты фӕтӕгтӕн.

29 Загъта Моисей: «Гад ӕмӕ Рувимы байзӕддӕгтӕ кӕд иууылдӕр Дунедарӕджы раз гӕрзифтонгӕй Иорданы сӕрты уемӕ ахизой ӕмӕ бӕстӕ саст ӕрцӕуа, уӕд-иу Галаады зӕхх уыдонӕн раттут.

30 Кӕд ӕмӕ гӕрзифтонгӕй уемӕ нӕ ацӕуой, уӕд та уе ’хсӕн райсдзысты хай Ханааны».

31 Гад ӕмӕ Рувимы байзӕддӕгтӕ загътой: «Дунедарӕг дӕ цагъартӕн куыддӕриддӕр загъта, афтӕ бакӕндзыстӕм.

32 Мах гӕрзифтонгӕй Дунедарӕджы раз ацӕудзыстӕм Ханааны бӕстӕм, ӕмӕ нын Иорданӕн йӕ ацы фарс хай уӕд».

33 Ӕмӕ радта Моисей Гад ӕмӕ Рувимы байзӕддӕгтӕн, стӕй Йосефы фырт Менассиайы байзӕддӕгты ӕрдӕгӕн аморӕгты паддзах Сигоны ӕмӕ Башаны паддзах Огы бӕстӕтӕ сӕ сахартӕ ӕмӕ алфамбылай зӕххытимӕ.

34 Ӕмӕ сарӕзтой Гады байзӕддӕгтӕ Дивон, Атарот ӕмӕ Ароер,

35 Атарот-Шофан, Йазер ӕмӕ Йагбеха,

36 Бет-Нимра ӕмӕ Бет-Харан — бырутӕй ӕхгӕд сахартӕ, фосдарӕнтӕ.

37 Рувимы байзӕддӕгтӕ ногӕй сарӕзтой Хешбон, Елале ӕмӕ Кирйатаим,

38 Нево ӕмӕ Баал-Меон (ацы сахартӕн сӕ нӕмттӕ аивтой), стӕй Сивма. Ногӕй цы сахартӕ сарӕзтой, уыдонӕн ног нӕмттӕ радтой.

39 Аморӕгтӕ Галаады цардысты. Бацыдысты уырдӕм Менассиайы фырт Махиры фырттӕ ӕмӕ йӕ сӕхи бакодтой, аморӕгты фӕтардтой.

40 Моисей радта Галаад Махиры, Менассиайы фырты, байзӕддӕгтӕн, ӕмӕ уым ӕрбынат кодтой.

41 Менассиайы фырт Иаир цалдӕр хъӕуы бацахста ӕмӕ сӕ Иаиры хъӕутӕ схуыдта.

42 Новах дӕр Кенаты сахар ӕмӕ йӕ алфамбылӕйттӕ йӕхи бакодта ӕмӕ йӕ Новах, зӕгъгӕ, йӕхи номӕй рахуыдта.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan