Нымӕцтӕ 31 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Дунедарӕг загъта Моисейӕн: 2 «Израилӕгты маст райс мидианӕгтӕй ӕмӕ уый фӕстӕ ацы дунейӕ ахицӕн уыдзынӕ». 3 Ӕмӕ загъта Моисей адӕмӕн: «Уӕ адӕмӕй гӕрзифтонг ӕфсад скӕнут, цӕмӕй мидианӕгты ныхмӕ ралӕууой ӕмӕ сӕ Дунедарӕджы маст райсой. 4 Алы хӕдзарвӕндагӕй дӕр — мин, израилаг хӕдзарвӕндӕгтӕ се ’ппӕт дӕр хъуамӕ уой ӕфсады». 5 Ӕмӕ дыууадӕс мин гӕрзифтонг израиладжы, алы хӕдзарвӕндагӕй дӕр мин, ӕфсадмӕ бацыдысты. 6 Моисей сӕ хӕстмӕ арвыста, алы хӕдзарвӕндагӕй дӕр мин, сӕ разамонӕг — Пинхас, сауджын Елеазары фырт, йӕ къухы — уаз мигӕнӕнтӕ ӕмӕ фӕдисы сыкъауадындзтӕ, афтӕмӕй. 7 Схӕцыдысты мидианӕгтимӕ, Дунедарӕг Моисейӕн куыд загъта, афтӕ ӕмӕ дзы нӕлгоймагӕй чидӕриддӕр уыди, уыдоны се ’ппӕты дӕр ныццагътой. 8 Мӕрдты ӕхсӕн — мидианӕгты фондз паддзахы: Еви, Рекем, Цур, Хур ӕмӕ Рева; Беоры фырт Балаам дӕр кардылӕфтыд фӕци. 9 Мидианӕгты сылгоймӕгтӕ ӕмӕ сабиты та израилӕгтӕ уацары акодтой, сӕ фос, сӕ рӕгъӕуттӕ, сӕ мулк сын иууылдӕр ратӕлӕт кодтой. 10 Кӕм цардысты, уыцы сахартӕ ӕмӕ сын сӕ фидӕрттӕ арты хай бакодтой. 11 Се ’фтиаг ӕмӕ сӕ амӕттӕгтыл — адӕймагӕй, фосӕй — рахӕцыдысты 12 ӕмӕ сӕ — уацайрӕгты дӕр ӕмӕ, цы фӕфос кодтой, уыцы фӕллой ӕнӕхъӕнӕй, — Моисей, сауджын Елеазар ӕмӕ израилӕгты ӕппӕт дзыллӕйы раз балӕууын кодтой рӕсӕнуаты, моаваг быдырты, Иорданы был, Йерихоны бакомкоммӕ. 13 Ӕмӕ Моисей, сауджын Елеазар ӕмӕ дзыллӕйы хицӕуттӕ рӕсӕнуатӕй сӕ размӕ рацыдысты. 14 Ӕмӕ смӕсты ис Моисей, хӕстӕй чи ӕрбацыди, уыцы ӕфсӕддон хицӕуттӕм, мины хицӕуттӕ ӕмӕ сӕдӕйы хицӕуттӕм. 15 Ӕмӕ сын загъта Моисей: «Сылгоймӕгты се ’ппӕты дӕр удӕгасӕй ныууагътат? 16 Афтӕмӕй та, Балаамы уынаффӕмӕ гӕсгӕ, уыдон израилӕгты бацардыдтой Дунедарӕджы ныхмӕ, цӕмӕй Йыл сӕхи атигъ кӕной ӕмӕ Пеоры ’рдӕм фӕуой; ӕмӕ Дунедарӕджы дзыллӕйыл рын сыстад. 17 Уӕдӕмӕ амарут, нӕлгоймаджы мыггагӕй дзы цыдӕриддӕр сабитӕ ис, уыдоны ӕмӕ, нӕлгоймагимӕ ӕмуат чи ӕрцыд, уыцы сылгоймӕгтӕй алкӕй дӕр амарут. 18 Нӕлгоймагимӕ ӕмуат чи нӕма ӕрцыд, уыцы ӕнахъом сылыстӕджы та удӕгасӕй ныууадзут уӕхицӕн. 19 Ӕмӕ рӕсӕнуаты ӕдде авд боны фӕут; адӕймаг чи амардта ӕмӕ мардыл чи андзӕвыди, уыдонӕй алчидӕр йӕхи ссыгъдӕг кӕнӕд ӕртыккаг ӕмӕ ӕвдӕм бон, уӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ уӕ уацайрӕгтӕ дӕр. 20 Цӕрмын ӕмӕ сӕгъы хъуынӕй уӕлӕдарӕс иууылдӕр, стӕй ӕппӕт хъӕдын мигӕнӕнтӕ ӕмбӕлы ссыгъдӕг кӕнын». 21 Ӕмӕ загъта сауджын Елеазар, хӕсты чи уыди, уыцы ӕфсӕддонтӕн: «Мӕнӕ уын, Дунедарӕг Моисейӕн цы ӕгъдау бафӕдзӕхста, уый: 22 сыгъзӕрин, ӕвзист, ӕрхуы, ӕфсӕйнаг, къала ӕмӕ зды — 23 арты цы нӕ судзы, уыдон иууылдӕр арты ссыгъдӕг кӕнут ӕмӕ сӕ сыгъдӕггӕнӕн донӕй ӕрӕхсут; арты цы судзы, ӕппӕт уыдон та донӕй ссыгъдӕг кӕнын хъӕуы. 24 Уӕ уӕлӕдарӕс дӕр цӕхсут ӕвдӕм бон, ӕмӕ ссыгъдӕг уыдзыстут; уый фӕстӕ уын рӕсӕнуатмӕ бацӕуыны бар ис». 25 Дунедарӕг загъта Моисейӕн: 26 «Сӕрӕй-сӕрмӕ банымай ӕфтиаг — адӕмӕй, фосӕй цы ратӕлӕт кодтам, уый — сауджын Елеазар ӕмӕ дзыллӕйы хӕдзарвӕндӕгты хистӕртимӕ. 27 Хӕсты чи уыди, уыцы ӕфсӕддонтӕ ӕмӕ йӕ ӕппӕт дзыллӕйы ’хсӕн дыууӕ дихы акӕн. 28 Хӕсты чи уыди, уыцы ӕфсӕддонтӕй Дунедарӕгӕн хъалон райс, алы фондзсӕдӕйӕ дӕр — фӕйнӕ иуы: адӕмӕй дӕр, стурвосӕй дӕр, хӕрджытӕй дӕр, лыстӕг фосӕй дӕр. 29 Уыдон, цы хай сӕм хауы, уымӕй рахицӕн кӕн ӕмӕ сӕ, Дунедарӕгӕн скувынӕн, сауджын Елеазарӕн ратт. 30 Израилӕгтӕм цы хауы, уымӕн та йӕ алы дӕс ӕмӕ дыууиссӕдзӕм хайӕ дӕр — адӕмӕй, стуртӕй, хӕрджытӕй, лыстӕг фосӕй, ӕппӕт хӕдзарон фосӕй — иу сӕр рахицӕн кӕн ӕмӕ йӕ Дунедарӕджы цатыры лӕггадгӕнӕг левиттӕн ратт». 31 Ӕмӕ бакодтой Моисей ӕмӕ сауджын Елеазар, Дунедарӕг Моисейӕн куыд бафӕдзӕхста, афтӕ. 32 Ӕмӕ ӕфтиаг исбон, хӕсты чи уыди, уыцы ӕфсӕддонтӕ кӕй айстой, уый нӕ нымайгӕйӕ, уыдис: ӕхсӕзсӕдӕ ӕвдай фондз мин сӕры — лыстӕг фос, 33 стурвос — ӕвдай дыууӕ мины, 34 хӕрджытӕ — ӕхсай иу мин, 35 адӕймӕгтӕ, нӕлгоймагимӕ ӕмуат чи нӕма ӕрцыд, ахӕм сылыстӕг, ӕдӕппӕтӕй — ӕртын дыууӕ мины. 36 Хӕсты чи уыди, уыдоны хайы, куы сӕ банымадтой, уӕд разынди: ӕртӕсӕдӕ ӕртын авд мин фондзсӕдӕ — лыстӕг фос, 37 уыдонӕй Дунедарӕджы хъалон — ӕхсӕзсӕдӕ ӕвдай фондз; 38 стурвос — ӕртын ӕхсӕз мины, уыдонӕй ӕвдай дыууӕ — Дунедарӕджы хъалон; 39 хӕрджытӕ — ӕртын мин фондзсӕдӕ, уыдонӕй ӕхсай иу — Дунедарӕджы хъалон; 40 уацайрӕгтӕ — ӕхсӕрдӕс мины, уыдонӕй ӕртын дыууӕ — Дунедарӕджы хъалон. 41 Ӕмӕ радта Моисей сауджын Елеазарӕн Дунедарӕджы хъалон, Йӕ мысайнаг, Дунедарӕг ын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ. 42 Израилӕгтӕн цы хай райста Моисей, хӕцгӕ чи кодта, уыдоны тӕлӕтӕй, 43 уый та дзыллӕйы уыди: ӕртӕсӕдӕ ӕртын авд мин фондзсӕдӕ — лыстӕг фос; 44 стурвос — ӕртын ӕхсӕз мины; 45 хӕрджытӕ — ӕртын мин фондзсӕдӕ; 46 уацайрӕгтӕ — ӕхсӕрдӕс мины. 47 Израилӕгтӕм цы хауд, уымӕн Моисей йӕ алы дӕс ӕмӕ дыууисӕдзӕй дӕр иу рахицӕн кодта — уацайрӕгтӕй дӕр ӕмӕ фосӕй дӕр — ӕмӕ йӕ Дунедарӕджы цатыры лӕггадгӕнӕг левиттӕн, Дунедарӕг ын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ радта. 48 Ӕрбалӕууыдысты Моисеймӕ ӕфсады хицӕуттӕ, минтӕ ӕмӕ сӕдӕты сӕргълӕуджытӕ. 49 Загътой Моисейӕн: «Мах, дӕ цагъартӕ, нӕ бӕрны чи уыди, уыцы ӕфсӕддонты банымадтам, ӕмӕ дзы иу дӕр нӕ фӕхъуыд. 50 Ӕмӕ мах, цӕмӕй Дунедарӕджы раз сыгъдӕг уӕм, уый тыххӕй Дунедарӕгӕн мысайнагӕн ӕрбахастам, йӕ къухы нӕ кӕмӕн цы бафтыд, уый: сыгъзӕрин мигӕнӕнтӕ, цонгдарӕнтӕ, ӕргъӕвджытӕ, къухдарӕнтӕ, хъусцӕджытӕ ӕмӕ хъуырылдаргӕ фӕлындӕнтӕ». 51 Ӕмӕ сын райстой Моисей ӕмӕ сауджын Елеазар сӕ сыгъзӕринтӕ, алыхуызон фӕлындӕнтӕ. 52 Ӕмӕ Дунедарӕгӕн мысайнагӕн цы сыгъзӕрин ӕрбацыд мины хицӕуттӕ ӕмӕ сӕдӕйы хицӕуттӕй, уый ӕдӕппӕтӕй уыди ӕхсӕрдӕс мин авдсӕдӕ фӕндзай шекелы. 53 Ӕфсӕддонтӕй алчи тыхтона кодта йӕхи пайдайӕн. 54 Ӕмӕ сыгъзӕрин райстой Моисей ӕмӕ сауджын Елеазар мины хицӕуттӕ ӕмӕ сӕдӕйы хицӕуттӕй ӕмӕ йӕ, израилӕгтӕ Дунедарӕджы сӕ зӕрдыл кӕй дарынц, уый нысанӕн Фембӕлды Цатырмӕ бахастой. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia