Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Нымӕцтӕ 3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Аароны фырттӕ

1 Мӕнӕ, Дунедарӕг Синайы хохыл Моисеимӕ куы дзырдта, уӕд Аарон ӕмӕ Моисейӕн цы байзӕддӕгтӕ уыдис, уыдон.

2 Аароны фырттӕ: йӕ хистӕр зӕнӕг — Надав, уый фӕстӕ Авигу, Елеазар ӕмӕ Итамар —

3 Аароны фырттӕ, сауджынлӕггадӕн сӕрст чи ӕрцыди, уыдон.

4 Надав ӕмӕ Авигу ӕрбамардысты, Дунедарӕджы размӕ Синайы ӕдзӕрӕг быдыры нӕфӕтчиаг арт куы бахастой, уӕд; цот сын нӕ баззад. Елеазар ӕмӕ Итамар та сӕ фыд Аароны къухдариуӕгӕй сауджынлӕггад кодтой.


Сауджынтӕ ӕмӕ левиттӕ

5 Дунедарӕг Моисейӕн загъта:

6 «Фӕсид Левийы мыггагмӕ ӕмӕ сӕ сауджын Аароны дӕлбар бакӕн, уадз ӕмӕ йын лӕггад кӕной.

7 Аароны бӕсты дӕр ӕмӕ ӕппӕт дзыллӕйы бӕсты дӕр уыдон хъуамӕ лӕггад кӕной Фембӕлды Цатыры: Уаз Цӕрӕны алы куыст дӕр уыдонмӕ хауы.

8 Уыдон ӕппӕт израилӕгты бӕсты лӕггад кӕнынц Уаз Цӕрӕны ӕмӕ сӕ бӕрны уӕнт Фембӕлды Цатыры мигӕнӕнтӕ.

9 Бакӕн левитты Аарон ӕмӕ йӕ фыртты дӕлбар; израилӕгты ’хсӕн уыдон Ааронӕн лӕвӕрд сты.

10 Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕн бахӕс кӕн сауджынлӕггад кӕнын; ӕндӕр исчи хӕстӕг ӕрбацыди, зӕгъгӕ, уӕд уый та амарын хъӕуы».

11 Дунедарӕг Моисейӕн загъта:

12 «Израилӕгты ӕхсӕн Ӕз равзӕрстон левитты. Мӕхицӕн сӕ исын израилӕгты хистӕр зӕнӕджы ныхмӕ — мады гуыбыны фыццаг гуырдзы ныхмӕ. Левиттӕ уыдзысты Мӕн.

13 Уымӕн ӕмӕ Мӕн у алы фыццаг зӕнӕг дӕр. Мысыры алы фыццаг цӕуӕты куы ныццагътон, уӕд Мӕхицӕн рахицӕн кодтон Израилы алы фыццаг цӕуӕты дӕр — адӕймагӕй фосы онг. Мӕн сты уыдон. Ӕз — Дунедарӕг».


Левитты нымӕц

14 Дунедарӕг Моисейӕн Синайы ӕдзӕрӕг быдыры загъта:

15 «Банымай Левийы байзӕддӕгты хӕдзаргай, мыгаггай; нӕлгоймагӕй дзы чидӕриддӕр ис, иумӕйдзыд ӕмӕ уымӕй хистӕртӕ, уыдоны се ’ппӕты дӕр банымай».

16 Ӕмӕ сӕ банымадта Моисей, Дунедарӕг куыд загъта, афтӕ.

17 Мӕнӕ Левийы фырттӕ номхуындӕй: Гершон, Кехат ӕмӕ Мерари.

18 Мӕнӕ номхуындӕй Гершоны фырттӕ: Ливни ӕмӕ Шими, сӕ мыггӕгтимӕ;

19 Кехаты фырттӕ: Амрам, Ицхар, Хеврон ӕмӕ Уззиел, сӕ мыггӕгтимӕ;

20 Мерарийы фырттӕ: Махли ӕмӕ Муши, сӕ мыггӕгтимӕ. Уый — Левийы байзӕддӕгты мыггӕгтӕ сӕ фыдӕлтимӕ.

21 Гершонӕй — Ливнийы мыггаг ӕмӕ Шимийы мыггаг. Уый — Гершоны байзӕддӕгтӕ.

22 Хыгъд сӕ чи ӕрцыд, уыцы иумӕйдзыд ӕмӕ уымӕй хистӕр нӕлгоймӕгтӕ — авд мин фондзсӕдӕ.

23 Гершоны мыггӕгтӕн Цатыры чъылдыммӕ лӕугӕ у, Цатырӕй ныгуылӕнӕрдӕм.

24 Гершоны байзӕддӕгты фӕтӕг — Елйасаф, Лаелы фырт.

25 Уаз Цӕрӕны Гершоны байзӕддӕгтӕн сӕ бӕрны сты: Цатыр, Цатыры царӕмбӕрзӕн ӕмӕ Цатыры дуарӕмбӕрзӕн,

26 Цатыр ӕмӕ кӕрты ӕмбонд нывондхӕссӕны алыварс, кӕрты дуарӕмбӕрзӕн ӕмӕ бӕндӕнтӕ. Семӕ баст алы куыст дӕр уыдонмӕ хауы.

27 Кехатӕй — Амрамы мыггаг, Ицхары мыггаг, Хевроны мыггаг, Уззиелы мыггаг. Уый — Кехаты байзӕддӕгтӕ.

28 Хыгъд сӕ чи ӕрцыди, уыцы иумӕйдзыд ӕмӕ уымӕй хистӕр нӕлгоймӕгтӕ — аст мин ӕхсӕзсӕдӕ, уыдон та Уаз Цӕрӕнмӕ сӕ цӕст дардзысты.

29 Кехаты байзӕддӕгтӕн Цатырӕй хуссарӕрдӕм лӕугӕ у.

30 Кехаты байзӕддӕгты фӕтӕг — Елцафан, Уззиелы фырт.

31 Уыдоны бӕрны сты: Чырын, фынг, цырагъдарӕн, нывондхӕссӕнтӕ, хуыцаулӕггады уаз мигӕнӕнтӕ ӕмӕ ӕмбӕрзӕн. Семӕ баст алы куыст дӕр уыдонмӕ хауы.

32 Левитты фӕтӕгты сӕргъы — Елеазар, сауджын Аароны фырт; уый йӕ цӕст дары, уаз дзауматӕ кӕй бӕрны сты, уыдонмӕ.

33 Мерарийӕ — Махлийы мыггаг, Мушийы мыггаг. Уый — Мерарийы байзӕддӕгтӕ.

34 Хыгъд сӕ чи ӕрцыд, уыцы иумӕйдзыд ӕмӕ уымӕй хистӕр нӕлгоймӕгтӕ — ӕхсӕз мин дыууӕсӕдӕ.

35 Мерарийы байзӕддӕгты фӕтӕг — Цуриел, Авихаилы фырт; Цатырӕй цӕгатӕрдӕм лӕугӕ у уыдонӕн.

36 Мерарийы байзӕддӕгты бӕрны сты: Цатыры хъайвантӕ, ӕвдузӕнтӕ, цӕджындзтӕ, бындуртӕ ӕмӕ ӕппӕт гӕрзтӕ. Семӕ баст алы куыст дӕр уыдонмӕ хауы.

37 Кӕрты алыварс цы цӕджындзтӕ ис, уыдонӕн сӕ бындуртӕ, цурчытӕ, бӕндӕнтӕ дӕр уыдоны бӕрны сты.

38 Цатыры раззаг фарс та, Цатырӕй скӕсӕнӕрдӕм, Моисей ӕмӕ Ааронӕн йӕ фырттимӕ лӕугӕ у. Израилӕгтӕн се ’ппӕты бӕсты Уаз Цӕрӕны уыдон лӕггад кӕнынц. Уаз Цӕрӕнмӕ ӕндӕр исчи куы ӕрбаввахс уа, уӕд уый та амарын хъӕуы.

39 Дунедарӕджы бардзырдмӕ гӕсгӕ Моисей ӕмӕ Аарон мыггаггай кӕй банымадтой, уыцы левиттӕ, иумӕйдзыд ӕмӕ уымӕй хистӕр нӕлгоймӕгтӕ, ӕдӕппӕтӕй дыууын дыууӕ мины.

40 Дунедарӕг Моисейӕн загъта: «Банымай, иу мӕйӕ уӕлӕмӕ кӕуыл цӕуы, Израилы уыцы нӕлгоймӕгтӕй фыццаг зӕнӕг чи у, уыдоны се ’ппӕты дӕр номхуындӕй ӕмӕ сын сӕ нымӕц сбӕрӕг кӕн.

41 Ӕз — Дунедарӕг! Рахицӕн кӕн левитты Мӕнӕн израилӕгты фыццаг зӕнӕджы ныхмӕ, левитты фос та — израилӕгты фосы фыццаг цӕуӕты ныхмӕ».

42 Банымадта Моисей, Дунедарӕг ын куыд загъта, афтӕ, Израилы нӕлгоймӕгтӕй фыццаг зӕнӕг чидӕриддӕр уыди, уыдоны се ’ппӕты дӕр.

43 Иу мӕйӕ уӕлӕмӕ сӕ кӕуыл цӕуы, уыцы фыццаггуырд нӕлгоймӕгтӕ уыдысты дыууын дыууӕ мин дыууӕсӕдӕ ӕвдай ӕртӕ.

44 Дунедарӕг Моисейӕн загъта:

45 «Райс левитты Израилы фыццаг зӕнӕджы ныхмӕ, левитты фос та — уыдоны фосы ныхмӕ. Левиттӕ уыдзысты Мӕн: Ӕз — Дунедарӕг.

46 Израилы фыццаг зӕнӕг левиттӕй цы дыууӕ сӕдӕ ӕвдай ӕртӕ адӕймаджы фылдӕр у,

47 уыдонӕй алкӕй ныхмӕ та райс фӕйнӕ фондз шекелы, кувӕндоны шекелтӕй, алы шекелы дӕр — ссӕдз герайы.

48 Ратт уыцы ӕвзист Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕн, левиттӕй ивд чи не ’рцыд, уыдоны балхӕныны охыл».

49 Моисей, левиттӕй ивд чи не ’рцыд, уыдоны ныхмӕ райста ӕвзист:

50 иу мин ӕмӕ ӕртӕсӕдӕ ӕхсай фондз шекелы, кувӕндоны шекелтӕй.

51 Моисей радта уыцы ӕвзист Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕн, Дунедарӕг ын куыд загъта, афтӕ.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan