Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Нымӕцтӕ 28 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Дунедарӕг Моисейӕн загъта:

2 «Израилӕгтӕн бафӕдзӕхс, цӕмӕй Мын Мӕ хуын, Мӕ хуымилиаг, Мӕ иууылсудзинаг нывонд ӕхцон хӕрздӕфӕн йӕ афоныл хӕссой.

3 Зӕгъ сын: Дунедарӕгӕн арты нывондӕн ӕрвылбон хъуамӕ кусарт кӕнат дыууӕ ӕнӕсахъат фыргуисты.

4 Иу уӕрыкк-иу райсомӕй акусарт кӕн, иннӕ — дыууӕизӕрастӕу.

5 Хуымилиагӕн та — ӕвзаргӕ мӕнӕуы ссады ефӕйы иу дӕсӕймаг хай оливӕйы сойы гины цыппӕрӕм хаимӕ змӕстӕй.

6 Уый — ӕппӕты фыццаг Синайы хохыл хаст чи ӕрцыди, ӕрвылбоны уыцы арты нывонд, Дунедарӕгӕн ӕхцон хӕрздӕф.

7 Йемӕ — сӕн: алы уӕрыккӕн дӕр — гины цыппӕрӕм хай; уаз бынаты-иу акал сӕн Дунедарӕгӕн.

8 Иннӕ уӕрыччы та, сӕумӕрайсом цы хуымилиаг ӕмӕ сӕны хуын ӕрбахӕссат, ахӕмимӕ дыууӕизӕрастӕу акусарт кӕн арты нывонд, Дунедарӕгӕн ӕхцон хӕрздӕфӕн.

9 Сабаты та — дыууӕ ӕнӕсахъат уӕрыччы, семӕ — хуымилиаг: сойхӕццӕ ӕвзаргӕ мӕнӕуы ссадӕй ефӕйы дыууӕ дӕсӕймаг хайы сӕнимӕ.

10 Уый — сабаты иууылсудзинаг, ӕрвылбоны иууылсудзинаг нывонд ӕмӕ сӕнӕй уӕлдай.

11 Уӕ мӕйноджы бӕрӕгбӕтты та-иу Дунедарӕгӕн иууылсудзинаг нывондӕн акусарт кӕнут дыууӕ ӕнӕсахъат уӕныджы, иу фыр ӕмӕ авд фыргуисты.

12 Алы уӕныгимӕ — йӕ хуымилиаг: сойхӕццӕ ӕвзаргӕ мӕнӕуы ссадӕй ефӕйы ӕртӕ дӕсӕймаджы; алы фыры хуымилиаг: сойхӕццӕ ӕвзаргӕ мӕнӕуы ссадӕй ефӕйы дыууӕ дӕсӕймаджы.

13 Алы уӕрыккимӕ — сойхӕццӕ ӕвзаргӕ мӕнӕуы ссады ефӕйы дӕсӕймаг хай. Уый у иууылсудзинаг нывонд, Дунедарӕгӕн ӕхцон хӕрздӕфӕн.

14 Семӕ та хъуамӕ уа сӕн: гины ӕрдӕг — уӕныгимӕ, гины ӕртыккаг хай — фыримӕ, гины цыппӕрӕм хай — уӕрыккимӕ. Уый — иууылсудзинаг нывонд афӕдзы алы мӕйноджы дӕр.

15 Ӕрвылбоны иууылсудзинагӕй уӕлдай ма Дунедарӕгӕн тӕригъӕды нывондӕн ӕрхӕссын хъӕуы цӕу, йемӕ та — сӕн.

16 Фыццаг мӕйы цыппӕрдӕсӕм бон — Дунедарӕджы Куадзӕн.

17 Уыцы мӕйы фынддӕсӕм бон дӕр — бӕрӕгбон. Авд боны дӕргъы донгонд гуылтӕ хӕрын ӕмбӕлы.

18 Фыццаг бон — уазӕмбырд; мацы-иу бакусут.

19 Дунедарӕгӕн ӕрхӕссут арты нывонд, иууылсудзинаг: дыууӕ уӕныджы, иу фыр ӕмӕ авд фыргуисты, ӕнӕсахъат куыд уой, афтӕ.

20 Семӕ — сойхӕццӕ ӕвзаргӕ мӕнӕуы ссадӕй хуымилиаг: ефӕйы ӕртӕ цыппӕрӕймаджы — алы уӕныгимӕ, дыууӕ дӕсӕймаджы — фыримӕ,

21 иу дӕсӕймаг — алы уӕрыккимӕ.

22 Ӕмӕ ма иу цӕу та — тӕригъӕды нывондӕн, уӕ тӕригъӕдтӕ ссыгъдӕг кӕныны охыл.

23 Ӕрвылбон кӕй хӕссут, сӕумӕрайсомы уыцы иууылсудзинаг нывондӕй уӕлдай ма-иу уыдон дӕр кӕнут.

24 Афтӕ авд боны дӕргъы, алы бон дӕр, цӕттӕ кӕнут хойраг арты нывондӕн, Дунедарӕгӕн ӕхцон хӕрздӕфӕн; ӕрвылбоны иууылсудзинаг нывондӕй уӕлдай ма ӕмбӕлы ӕрбахӕссын сӕн.

25 Ӕвдӕм бон та — уазӕмбырд; мацы-иу бакусут.

26 Хоры сӕрты бӕрӕгбоны, Дунедарӕгӕн ног хуымилиаг куы хӕссат Къуыриты бӕрӕгбоны, уӕд дӕр-иу уазӕмбырд скӕнут; мацы-иу бакусут.

27 Ӕмӕ-иу ӕрхӕссут иууылсудзинаг нывонд, Дунедарӕгӕн ӕхцон хӕрздӕфӕн: дыууӕ уӕныджы, иу фыр ӕмӕ авд нӕлгуисты.

28 Семӕ — сойхӕццӕ ӕвзаргӕ мӕнӕуы ссадӕй хуымилиаг: ефӕйы ӕртӕ дӕсӕймаджы — алы уӕныгӕн, дыууӕ дӕсӕймаджы — фырӕн,

29 иу дӕсӕймаг — авд уӕрыккӕй алкӕцыйӕн дӕр.

30 Иу цӕу та ма — тӕригъӕды нывондӕн, уӕ тӕригъӕдтӕ ссыгъдӕг кӕныны тыххӕй.

31 Ӕрвылбоны иууылсудзинаг нывонд ӕмӕ хуымилиагӕй уӕлдай ма хӕссын хъӕуы ацы нывӕндтӕ сӕнимӕ.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan